Уырыссаг чындз

0
3426

 

Рагæй мæ фæндыд мæ мадымад ГабитыСапрыгина Валяйы тыххæй ныффыссын, кæд æй нæ зыдтон, уæддæр. Гыццылæй мæ уд æмæ мæ дзæцц уыдис мæ мады цæгатмæ ацæуын. Хъæуы адæм мыл-иу тынг бацин кодтой, кæд мæ мадымад мард уыдис, уæддæр. Сæ цæссыгтæ калгæ-иу дзырдтой: «Мæрдты рухсаг уа Валя, раст уый æнгæсæнтæ у». Æмæ-иу мæ сæ хъæбысы акодтой.

Уыцы заман-иу мæ мад йæ цæстытæ доны разылдта, фæлæ-иу ницы сдзырдта. Æз кæд гыццыл уыдтæн, уæддæр æмбæрстон, мæ мадæн тынг зын кæй у йæ мады кой. Куыд рæзтæн, афтæ мæ уыцы хъуыды иу ран нал уагъта, цымæ мæ мад йæ мады тыххæй цæуылнæ исты фæзæгъы? Мæ мадæн рагæй дæр лагъзы цыдæр æвæрд уыд, æмæ йæм йæхицæй дарддæр никуы ничи æвнæлдта. Уæд иу бон, мæ мад куысты куы уыди, уæд мæ цымыдис фæтых мæ зондыл, кæд раст нæ бакодтон, уæддæр сусæгæй райгом кодтон лагъз æмæ систон, гыццылæй фæстæмæ цæмæ цымыдис кодтон, уыцы æвæрæн. Райхæлдтон æй, æмæ мæнæ диссаджы рæсугъд æвзонг сылгоймаджы къам. Дарддæр кæсын, æмæ дзы фыстæг. Фыстæг уыд мæ мады æфсымæрмæ фыст. Бæрæг уыд, уырыссаг адæймаджы фыст кæй у. Фыссы йæ лæппумæ, æвæццæгæн, мæ мадымад: «Салам дардæй — хæстæгмæ, мæ уарзон кæбул, Витя». Мæ мадымады фыст кæй у, уый «кæбул»- мæ гæсгæ бамбæрстон. Фыстæджы фыссы, цас уарзы йæ хъæбулы, куыд æй мысы, æхсæв-бонмæ йын куыд кувы, цæмæй дзæбæхæй æрхæццæ уа дард Пермæй йæ хæдзармæ. Тынг æй фæдзæхсы, цæмæй ма ферох кæна йæ Ирыстон, ма баззайа дард Уралы цæргæйæ. Фæдзæхсы йæ фырты, тынг æвзæр фын кæй федта, цæмæй йæхи хъахъхъæна фыдбылызæй 15 августы. Куывта Стыр Хуыцаумæ, кæд мæ хъæбулмæ исты фыдбылыз кæсы, уæд æй, зæгъгæ, мæн фæкæн.

Æз фыстæг бавæрдтон, фæлæ мæм дис каст, уагæры цавæр фын федтаид. Стæй иронау йæ хъуыдытæ куыд фыссы афтæ рæсугъд, куыд базыдта сыгъдæг иронау, бирæ дæр куы нæ фæцард, уæд.

Рацыдысты азтæ… Скъола каст фæдæн. Уæлдæр ахуырмæ куы бацыдтæн, уæд нын бахæс кодтой, цæмæй алчидæр йæ бинонты тыххæй ныффысса исты хабар — нывæцæн. Æз мæ мадмæ мæхи байстон æмæ, афтæ рагæй цы зонынмæ бæллыдтæн, уымæй йæ æрфарстон. Радзырдтон мæ мадæн, сусæгæй йын йæ мады фыстæг дæр кæй федтон, æмæ мæ рæдыдыл дæр басастæн, раст кæй нæ бакодтон, уый тыххæй. Загътон ын, кæй мæ фæнды ныффыссын мæ мадымады тыххæй, уый. Мæ мад фæлмæн бахудт æмæ мын афтæ зæгъы:

— Уый æмбæхст хабар нæу, æрмæст мæ нæ фæндыд, уыцы фыдæбонджын æмæ мæгуыр адæймаджы тыххæй мæ сонт бинонтæ дæр бамæт кæной. Тынг зын мын у йæ кой кæнын, йæ фыдæбæттæ, йæ мæгуыр цард мысын. Иуыл диссаг йæ мæлæт уыдис, æнусмæ дæр мæ никуы ферох уыдзæн.

Æз мæ мадыл мæхи бауагътон, бамбæрстон, йæ риссаг бынатмæ йын кæй бавнæлдтон æмæ йын загътон:

— Уадз æй, мамæ, кæд дын зын у, уæд. Æз æндæр искæй тыххæй ныффысдзынæн.

— Нæ, — загъта мæ мад, — тынг хорз уаид, уадз æмæ йæ базоной Ирыстоны, уырыссаг чызг ирон лæппуйы тыххæй йæ адæмæй йæхи куыд атыдта. Уырыссаг уæвгæйæ ирон æгъдауыл мард кæй уыд, йæ туджы кæй бахсыста ирондзинад, ирон адæммæ уарзондзинадæй йæхиуыл царды куыд никуы ницæмæй бацауæрста, куыд кадджын «уырыссаг чындз» уыд æмæ йæ куыд уарзтой нæ комбæстæ. Мæ мад та иудзæвгар æдзынæг алæууыд, йæ цæстытæ та доны разылдта æмæ мын райдыдта дзурын:

— Зоныс, мæ хъæбул Сильва, цавæр «бабу» дын уыд? Уый, сымах, йæ иунæг чызджы хъæбулты куы федтаид, уæд фыр цинæй зæххыл нæ лæууыдаид. Уымæн ахæм стыр уарзæгой зæрдæ уыд, æмæ дзы алы хъæбул æмæ хъæбулы хъæбулæн дæр уыдаид хъарм бынат, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа?

Украинæйы горæт Каменец-Подольскæй рацыд æрмæстдæр ирон лæппу, мæ фыд Давиды тыххæй. Афтæ-иу дзырдта, Давидæн, дам, йæ сæры хилмæ кæсынæй никуы бафсæстæн. Ныууагъта дард Украинæйы йæ мад, йæ цыппар хойы æмæ сæ йæ амæлæты бонмæ дæр никæйуал федта. Йæ диссаджы мæгуыр цæрдтытæй никуы сфæлмæцыд. Хонгæ дæр æй кодтой фæстæмæ йæ бинонтæ, фæлæ йæ удыхайы никуы рауæлдай кодта, загъта-иу, æнæ Давид цæрын нæ базондзынæн, зæгъгæ, уый кæм уа, æз дæр уым, æххормагæй дæр иумæ, æфсæстæй дæр иумæ. Бирæ ирон лæппутæ-иу бахæлæг кодтой, Давидæн ахæм уарзæгой цардæмбал кæй уыд, уый тыххæй. Мæ фыд Давиды æвзонджы къамтæ куы фенай, уæд бамбардзынæ, мæ мад зын цæрдтытæ кæй тыххæй кодта, уый. Уымæй хæрзконддæр лæппу нæ уыд æнæхъæн комы.

Ленингоры районы Абреуы хъæуы цардысты. Иу бон куы уыди, уæд адæм æнкъардæй тыгуыртæ кæнынц, дзурынц кæрæдзийæн: «Хæст! Хæст! Æрбабырстой нæм немыц!»

Цалдæр боны фæстæ Давид йæ дæларм иу хус кæрдзыны къæбæр авæрдта æмæ фæраст ис хæстмæ.

Сæ полчъы хицау дæлбулкъон Ефим Сапрыгин Давиды сæрæндзинадыл йæ цæст æрæвæрдта, кастис ын йæ тых, йæ æнæхин митæм. Иу райсом йæ бинонтæн суджы лыггæгтæ хъуамæ баластаид æмæ Давидмæ фæдзырдта, цæмæй йæм фæкæса. Давид куыддæр Ефимы цыппæрæм чызджы ауыдта, афтæ дзы йæ уд баззад. Чызг Валя дæр æм йæ мидбылты бахудт, йæ сырх уадултæ куадзæны айчы хуызæн сырх фестадысты, æмæ йæхи амбæхста. Уыцы бонæй йæ цæстытыл уадысты Валяйы худгæ цæстытæ, æмæ та-иу йæхимид загъта: «Мæлæн дын нæй, Давид!

Уыцы рæсугъд Валяйы æз хæсты фæстæ хъуамæ Ирыстоны смидæг кæнон». Хæсты фæуынмæ хæцыд, цæфтæ дæр уыд цалдæр хатты, фæлæ адæймагæн йæ ныхыл цы фыст уа, уый уыдзæнис. Хæст куы фæцис, уæд алчи йæ хæдзармæ тагъд кодта, Давид та Украинæмæ, Каменец-Подольскмæ ацыд, йæ уарзон чызджы агурæг. Ссардта Валяйы æмæ йæ райдыдта цæттæ кæнын, цæмæй йемæ рацæуа йæ райгуырæн хъæумæ. Валяйы бинонтæ цардысты тынг хорз, уыдис сын хорз хæдзар, цæхæрадон, стæй иумæйагæй цард уым бирæ хъæздыгдæр уыдис. Давид ын цы ныфс бавæрдтаид, уый нæ зыдта, цы сæм æнхъæлмæ каст хъæуы, уый дæр нæ зыдта. Æмæ йын-иу загъта: «Махмæ зайы королектæ, апельсинтæ, мандаринтæ. Рудзынгæй авнал, æртон æмæ хæрыс æмæ нал!» Чызджы дæр куыннæ уырныдтой уыцы фыны ныхæстæ.

Иуцасдæры фæстæ Абреуы хъæумæ куы æрхæццæ уаиккой, сæ фырт хуры тыны хуызæн сæ хъæбысы, афтæмæй. Хæдзары раз куы æрлæууыдысты, уæд Валяйы дзых хæлиуæй баззад. Æдзæрæг хъæу, мæгуыр, æххормаг, кæлæддзаг хæдзæрттæ. Изæры сын зæххыл гобаны зæронд куы æрæппæрстой, уæд тарстхуызæй фæрсы Давиды: «Кæм хуысдзыстæм? Кæм сты уæ королектæ? Стæй хæргæ та? Сывæллонæн æхсыр та?»

Афтæ райдыдтой йæ мæгуыры бонтæ уырыссаг чындзæн. Цалдæр мæймæ йæ сырх уадултæ фæлурсæй аззадысты.

Хъæуккæгтæ Давиды фыццæгты иу ран нал уагътой, цæмæн дæ хъуыд уырыссаг, зæгъгæ, атæр æй, нæхи ирон ракур. Фæлæ-иу сын Давид загъта: «Арвы кæронæй мæ фæдыл рацыд, йæ хорз цардæй равзæрста мæн, æмæ йæ нæ ныууадздзынæн. Стæй мæ фырт та? Иннæ дæр тагъд уыдзæн». Райгуырд сын дыккаг фырт Валодя. Æртыккаг фырт Петя куы райгуырд, уæд хъызт рæстæг уыд, уазал. Сывæллон райгуырд хæдзары уавæрты æмæ æххуысы фыдæй амард.

Сæ сыхæгты зæронд ус Къудухты Сонкъа иу бон бауайдзæф кодта сыхæгтæн: «Цæмæн хъыгдарут ацы æрыгон чындзы? 17 азы йеддæмæ йыл нæма цæуы, æмæ цы хъуамæ зона, æцæгæлон адæмы ‘хсæн уæлдайдæр. Хæдзары йын хистæр ничи ис æмæ йын амонын хъæуы». Йæхæдæг æррæвдыдта чындзы, райдыдта йын амонын. Сахуыр æй кодта дзул фыцын, чъиритæ кæнын, арахъхъ уадзын, бæгæны кæнын, хуыйын, урссагимæ архайын. Скæнын ын кодта кæлмæрзæн, загъта йын, кæлмæрзæн нæлгоймаджы кадæн кæй хъæуы дарын. Гыццыл фæстæдæр-иу Сонкъа худгæйæ дзырдта: «Ахуыргæнæгæй ахуырдзау фæрæвдздæр ис».

Дыууæ азмæ Валяйы армæй конд хойраг, йæ нозт, йæ сау бæгæны æнæхъæн комыл диссагæн айхъуыст. Уæдмæ цыппæрæм фырт, Зауыры, балæвар кодта Давидæн. Уырыссаг чындз æййæфта æххормаг, йæ урс-урсид буар алы рæттæй æрттывта йæ къабайы скъуыдтæй. Авдæны фæстæ æмбæхста йæхи, исчи сæм-иу куы бауад, уæд. Фæлæ уæддæр хъаст никуы кодта, алцæуылдæр уыд разы йæ бинонты цинæй.

Уалынмæ райдыдта ирон кафæн дзаумæттæ, цухъхъатæ æмæ разкъæрттытæ хуыйын, чындздзон къабатæ. Æнæхъæн район уымæ цыдысты, хастой йæм хуыинæгтæ. Скъолайы директор Хозиты Гигуцайы хуындмæ гæсгæ Валя скъолайы райдыдта кусын нывгæнæгæй. Бинонтæ райдыдтой хæдзар аразын. Цалдæр азы фæстæ Давиды хуыдтой æппæты хъæздыгдæр хъæуы мидæг.

Фæндзæм сывæллон сын чызг куы райгуырд, уæд Валя бахудт æмæ афтæ зæгъы: «Чызг мæ тынг хъуыдис, æмæ йыл æвæрын мæхи Сонкъайы чызджы ном, Мери».

Валя бон æмæ æхсæв кæрæдзийæ нæ хицæн кодта, бон — хæдзары куыстытæ, æхсæв та — хуыйгæ.

Уалынмæ Абреуы хъæуы бакодтой радиостанцæ æмæ агуырдтой, æвзаг чи зоны, ахæм адæймаг, цæмæй мæйон курсыты фæстæ райдайа кусын радиотехникæй. Валяйы разæй кæй хъуамæ райстаиккой. Уыдис раззагдæр кусæгыл нымад. Йæ къам æдзухдæр ауыгъд уыдис Кады фæйнæгыл, Ленингоры районы раззагдæр кусджыты ‘хсæн. Радиостанцæйы фæкуыста суанг йæ амæлæты бонмæ. Фыста иронау сидтытæ, плакаттæ, къулы газеттæ колхозтæн, совхозтæн. Цалынмæ компьютертæ нæ фæзынд, уæдмæ Валяйы къухфыстытæ уыдысты ауыгъд скъолаты, къанторты, клубты.

Хъæуы мидæг алы хабары дæр уыд æфсин. Иу бон Хъодалаты Тамарæйы чындзæхсæвы хъæуы устытæ бадзырдтой, цæмæй Валяйы кæлмæрзæн аскъæфой æмæ йын йæ дзыкку феной. Куыддæр ын йæ кæлмæрзæн фæстæты фелвæстой, афтæ фæлæбурдта йæ раздарæнмæ, йæ сæр дзы атыхта æмæ, лидзгæ хæдзармæ.

Сылгоймæгтæ хорзау нал фесты, уыдон фæндыд, цæмæй сиса йæ кæлмæрзæн, кæдмæ йæ хъуамæ дара. Йæ фæдыл ацыдысты дыууæйæ, уæдмæ уый æндæр кæлмæрзæн скодта. Тынг хатыртæ дзы фæкуырдтой æмæ йæ фæстæмæ бахуыдтой. Уый сын загъта, уый мæ лæджы кадæн дарын æмæ мæ мæхи бар уадзут. Уыцы кæлмæрзæн Валя йæ амæлæты бонмæ нал систа йæ сæрæй. Йæ амæлæты размæ йæ дзыкку æрцыд æлвыд, æмæ та-иу мæн афæдзæхста: «Æз тыхст дæн, кæд исчи æрбахиза мидæмæ, уæд мын-иу дзæбæх амбæрз мæ сæр, мачи мæ фенæд цыбыр æлвыдæй».

Валяйы æбуалгъы хабар æнæхъæн районыл уайтагъд айхъуыст. Уыцы бон гуырдзиаг торнейы — дзулфыцæны йæ бинонтæн скодта дзултæ. Цæмæй газ бирæ ма бахардз кæна, уый тыххæй аджы мидæг торнейы зынгтыл хъуамæ нывæрдтаид хъæдур, хæрзаддæр, дам, вæййы зынгыл фыхæй. Куыддæр агимæ торнемæ фæгуыбыр кодта, афтæ йæ дыууæ къахы дæр фæбырыдысты æмæ цæхæры мидæг тымбылтæй сæмбæлд. Аджы уазал дон зынгтыл æркалд æмæ дæ фыдгул афтæ. Сых фæфæдис сты, фæлæ йæм æввахс ничи уæнды. Йæ къухтæ хæрдмæ дары, раздæр уыдон афыхтысты, æмæ сæм никæй бон уыд æвналын. Уæлынмæ сыхы иу къаннæг ус Габеты Тамарæ (гыццыл Тамарæ йæ хуыдтой) торнейыл хæлиу алæууыд, схæцыд Валяйыл, фæлæ йæ къухты цæрмттæ Тамарайы къухтыл аззадысты. Фæлæ уæддæр ногæй рацахста Валяйы цæнгтæ æмæ йæ сласта, судзгæ зынгтæ йе уæнгтыл, афтæмæй. Уыцы диссаджы ныв Тамарайы йæ амæлæты бонмæ никуы ферох. Цалдæр мæйы йæ бон хæрын дæр нал уыдис. Адæм хъæр, фæдис, фæлæ Валя уæддæр йæ хъæбултæн тарст. Хъæр кодта: «Ма сæ æрбауадзут мæ размæ! Ма мæ фенæнт!»

Уыцы стыр диссаджы хабæрттæ мæ мадæн сты тынг зын дзуринаг, уæд йæ хъуыр æрбахгæны, йæ цæстысыгтæ æргæр-гæр кæнынц. Мæ мады ныхæстæм гæсгæ ма Валя иу мæй фæтухæн кодта Тбилисы рынчындоны. Иу уысм дæр никуы бафынæй, уыцы мæйы дæргъы. Йæ диссаджы фыдæбæттæ йын йæ уд æмæ мæ мадæй фылдæр ничи зоны, куыд агуырдта æххуыс, куыд мæт кодта, æрдæгфыст писмо кæмæ баззад, уыцы фыртыл, цæмæй раирвæза йæ адæммæ, йæ ирон бæстæм. Уæд рабæрæг йæ фын дæр, 15 августы йæ фыртæн кæмæй тарст, уыцы фыдбылыз йæхимæ кæй каст. Куы бамбæрста, 15 августы йыл æрцыд ацы хабар, уæд-иу загъта, æз та мæ лæппуйæн тарстæн мæ фынтæм гæсгæ, зæгъгæ. «Мæ хъæбултæ дзæбæх уæнт, æз цыфæнды дæр кæнон”, — уыд йæ ныхас. Йæ адзал куы æрцæйхæццæ кодта, уæд йæ чызг Мерийы тыххæй тынг тыхсын райдыдта. Куырдта æххуыс йæ хъæуккæгтæй: «Фидыд у Сохъуырты мыггагимæ æмæ мын æй æнæ чындзæхсæв ма ныууадзут». Йæ файнустытæм хъæр кодта йæ сæнтты: «Таси! Бабале! Сидо! Тагъд рацæут, мæнæ чындзæхсæвы бæгæнытæ скæлынц! Мæнæн нæ уынут мæ къухтæ!» Ахæм сæнттимæ иста йæ уд мæгуыр фыдæбонджын адæймаг. Цæргæ та ракодта æрмæстдæр 48 азы.

Мæ мад йæ цæссыгтæ æркалдта æмæ загъта: «Ахæм æрыгонæй амард, уый æрмæст уыцы кармæ куы бахæццæ дæн мæхæдæг, уæд æй бамбæрстон». Йæ мæлæт æнæхъæн Ленингоры районæн уыд стыр маст. Чидæриддæр зыдта Валяйы, уыдон цыдысты æмæ цыдысты йæ зианмæ. Мæрддзыгой адæмæн кæрон нæ уыд. Цæгатæй кæд цæссыг нæ федта, уæддæр æнæхъæн район æмæ комбæстæ сæ цæссыгæй фæластой Валяйы дзæнæтмæ.

Фæлæ иуыл зын та уый каст мæ мадмæ, 17 сентябры йæ чындзæхсæв хъуамæ уыдаид, уый та уыцы бон йæ уарзон мады зæххы хай бакодта…

 

СОХЪУЫРТЫ Сильвæ, Дзæуджыхъæу

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here