Æнтæф бонтæ æмæ адæймаджы æнæниздзинад

0
316

Сæрдыгон æнтæф бонты фылдæр хъæуы дон нуазын, комкоммæ хуры тынтæй хи хъахъхъæнын, сæрыл рог худ дарын, синтетикон хъуымацæй дзаума ферох кæнын, фынæй кæныны размæ уатмæ сыгъдæг уæлдæф бауадзын — ацы амынддзинæдтæ сты хуымæтæг, æмæ сæ алчидæр зоны. Фæлæ ма ис, адæм се ‘ппæт кæй нæ зонынц, афтæмæй та ахъаз чи у, ахæм сусæгдзинæдтæ дæр.

Зæгъæм, ис, æртæ минутмæ акæнын кæй æмбæлы, æнтæфы ныхмæ ахæм массаж. Хуры судзгæ тынтæ, æппæты фыццаг, бахъыгдарынц сæрымагъз æмæ нервыты вегетативон системæйы. Буары алы оргæн дæр организммæ «фæдис» кæнын райдайы, стæвд стæм æмæ ахæм уавæрты нæ бон кусын нал у, зæгъгæ. Уыцы «фæдис» организммæ бахæццæ вæййы нервытæн сæ кæрæттæй. Сæрымагъз «фæдис» фехъусы, æмæ йæ хæс у уавæртæ аивын, цæмæй буары оргæнтæн сæ бон кусын уа зын уавæрты дæр. Уымæн тынг ахъаз у, адæймагæн йæхицæн йæ бон скæнын кæй у, ахæм массаж — æдæппæт сты æртæ фæлтæрæны, алкæй дæр дзы иу минутæй фылдæр нæ хъæуы. Кæнын сæ æмбæлы боны дæргъы кæцыфæнды афон дæр. Фыццаг фæлтæрæн: стыр æмæ амонæн æнгуылдзæй тынг балхъивут хъусты æлгътæ. Дыккаг: бинаг был æмæ роцъойы ‘хсæн цы дзыхъхъ ис, уымæн йæ астæуыл тынг ныххæцут стыр æнгуылдзæй. Æртыккаг: дыууæ къухы стыр æмæ кæстæр æнгуылдзтæн сæ фæлмæнтæ кæрæдзиуыл авæрут æмæ сæ кæрæдзиуыл тынг нылхъивут.

Æнтæфы ныхмæ æххуыс кæны цъæх хуыз. Уымæ гæсгæ ахæм боны цæст арæхдæр ахæссын хъæуы, нæ алыварс цы цъæх кæрдæг æмæ зайæгойтæ ис, уыдоныл. Хуры ныхмæ кæсæнцæстытæн дæр сæ æвгтæ хъуамæ уой цъæх. Хъуыддаг ис уый мидæг, æмæ цъæх хуыз хорзæрæм ахады цæсты гагуыйæн йæ нервыты кæрæттыл. Уымæй уæлдай, сæ хуыз цъæх кæмæн у, ахæм халсартæ организмыл ахадынц, куыд уазалгæнæн, уыцы хуызы. Уымæ гæсгæ фылдæр хæрут джитъритæ, кабачок, цуккини, цъæх салаты сыфтæ. Афтæмæй ма адæймагæн йæ уæзæй ахаудзæн иу-дыууæ килограммы. Æмæ уый йæхæдæг цас хорз у!

Цъæхтæ, буртæ, мыдхуызтæ — алы хуызтæ дæр, карз сырхæй фæстæмæ, хорз ахъаз сты æнтæфæй бахъахъхъæнынæн. Адæймаджы дзаумайы фылдæр хъуамæ уа ирд-цъæххуыз, салатхуыз, бур, уардихуыз æмæ сиреньхуыз дарæс. Ахæм дарæсы буар хуыздæр улæфы.

Нæ хъахъхъæнæг — элеутероккок. Ацы зайæгой у хинæйдзаг. Хонынц ма йæ æрдзон стимулятор. Алыхуызон стресстæ, уыимæ боныхъæдимæ баст стрессты ныхмæ, уый фидар кæны организм, алыхуызон уавæртыл цæмæй ацахуыр уа, уымæй йын æххуыс кæны. Зайæгойæн йæ дон нуазын хъæуы дыууæ къуырийы дæргъы, бонмæ — 25-30 æртахы. Хуыздæр уыдзæн райсомæй дзы ануазын, æмбæлы йæ цаймæ бафтауын дæр.

Мелиссæ æмæ розмарин — ацы дыууæ зайæгойы сты бауарæн тых дæттæг æрдзон фæрæзтæ. Уыдонæй хорз у цай сфыцын (тæвд доны иу агуывзæйыл ныккæнын хъæуы иу цайцымæн уидыджы дзаг мелиссæ æмæ розмарины цалдæр сыфы). Цай куы æруазал уа, уæд ыл æмбæлы бафтауын лимоны лæмарæн æмæ иугыццыл битъына. Рауайдзæн дзы организм уазалгæнæн диссаджы лимонад. Изæрæй йæ сцæттæ кæнут, стæй дзы боны дæргъы нуазут.

Их æмæ арт æмбæлттæ сты. О, диссаг уæм ма фæкæсæд. Æнтæф бон уæхи цæмæй хуыздæр æнкъарат, уый тыххæй хорз у ихы массаж. Ихы дыууæ къæртты уæ къухмæ райсут æмæ сабыргай массаж кæнын райдайут къæбут, ных, бæрзæй (уым алы ран дæр ис туджы æлхъывдадыл дзуаппдæттæг биоактивон бынæттæ). Уый фæстæ их авæрын хъæуы рæмбыныкъæдзтыл, уæрджытыл, къæхты фæтасæнтыл.

Физикон фæлтæрæнтæ æмæ æнтæф бонтæ — иумæйагæй сын ницы ис. Æнтæф бонты физикон æгъдауæй хъæуы къаддæр архайын, адæймаг хид кæмæй кæна æмæ организм туаггуыр æмæ урсаг кæуыл хардз кæна, ахæм физикон фæлтæрæнтæ æмæ спортивон хъæзтытæ — футболæй, баскетболæй хъазын, дугъ кæнын, тренажертыл архайын — рæстæгмæ хъæуы ферох кæнын. Уый афтæ нæ амоны, æмæ бынатæй змæлын æппындæр нал хъæуы, фæлæ фæлтæрæнтæ хъæуы зынгæ фæрогдæр кæнын, зæгъæм, сабыргай тезгъо кæнын (хурмæ нæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ райсомæй раджы кæнæ та изæрæй), бассейнмæ цæуын, рог гимнастикæ кæнын. Ахæм фæлтæрæнтæ организм æфсадынц туаггуырæй, æмæ уый у хорз.

Æмæ ма иу хъуыддаг — æнтæф бонты зианхæссæг сты адджинæгтæ æмæ судзаг хæринаг. Тæвды адæймаг æнæуидæр хид кæны, уыдон та йын æй бынтондæр акалынц. Пайда сты, урсаг æмæ клетчаткæ кæм уа, ахæм хойрæгтæ, зæгъæм, æнтæф боны замманай хæринаг у карчы урс дзидза æмæ цъæх салаты сыфтæ иумæ. Нуазын хъæуы, туагад чи кæны, ахæм дæттæ. Фæлæ хуымæтæг донæй пайдадæр ницы ис. Уый адæймагæн йæ дойны куыд сæтты, афтæ — ницы. Æнтæф бонты уæхи хъахъхъæнут æмæ æнæниз ут. Медицинон профилактикæйы республикон центр

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here