Кафты бæрзæндæй

0
452

Гуырдзыстоны Боржомы районы Гудзареты цардысты Плиты Артъем æмæ Пъело. Фæллойгæнæг, уазæгуарзон бинонтæ дардтой фос, зылдысты дыргъбæлæстæм. Сæхицæй бонзонгæдæр, уарзондæр бинонтæ нæ уыд ацы хъæуы. Ирон хъæу рæсугъд уæлвонг нæзыджын ран дардыл айтыгъта йæ къабæзтæ. Алæмæты æрдзы сконд, нæзы бæлæстæ арвмæ стæхынæввонг лæууынц рæхснæг æмæ рæсугъдæй. Лæг сæм кæсынæй не ‘фсæды. Цал æмæ цал хатты æппæрста æвзонг сабиты уыдонимæ Артъемы фырт Нодары дæр, аргъæутты уацары ацы диссаджы æрдз!

Ахæм дзæнæты бæстæйы байрæзтысты æртæ æфсымæрæй дæр. Каст фесты астæуккаг скъола. Фырыхъулы хуызæн кæстæртæ — æнæзивæг, хистæруарзон. Уыцы æвæрццæг æууæлтæ уыдысты фидар бындур сæ фидæны цардæн. Дæс къласы фæстæ Нодары бафæндыд тæхæг суæвын:

— Хъуамæ уæлдæфон тыгъдады хæдтæхæгыл ног фæндæгтæ айгæрдон æндæр бæстæтæм, — дзырдта-иу йе ‘мкъласонтæн. Мады зæрдæ нæ разы кодта уыцы фæндоныл, нæ йæ фæндыд, йæ лæппу тæхæг суыдид, уый. Ракодта йæ Чъребамæ (ныр Цхинвал), цæмæй сахуыр кæна ахуыргæнæджы дæсныйадыл. Æнæнхъæлæджы сæмбæлд Пъело йе ‘рвад Гаглойты Хазбиимæ. Хазби уыцы рæстæг уыд ансамбль «Симд»-ы аивадон разамонæг. Суинаг лæппуйыл æрæвæрдта йæ цæст:

— Уæд та йæ ансамблмæ райсин, йæ бакаст мын цыдæр ныфс дæтты… Хъуамæ дзы исты рауайа…

Мад Хазбийы фæндоныл дыууæ нал загъта. Симды къордимæ райдыдта кафын. Цыбыр рæстæгмæ ирдæй разынд Нодары æрдзон курдиат. Æрвылбоны фæллой æмæ йын йæ æвæджиауы курдиат скодтой бæрзонд аивадмæ фæндаг. Ацы горæтæй райдыдтой йæ фыццаг къахдзæфтæ аивады олимпмæ.

Бонтæ цыдысты, Нодары бафæндыдис кафынмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон ансамбль «Алан»-мæ бацæуын. Фæлæ цард алкæмæн фæндонæй нæ вæййы, зæрдæ та йæхион домдта. Фæндыдис æй кафын, æрмæстдæр кафын. Уыцы рухс бæллиц æй хаста размæ бæрзонддæр къæсæртæм.

Плийы-фырт сфæнд кодта кусынмæ КæсæгБалхъары кафджыты ансамбль «Кабардинка»-мæ бацæуын. Йæ хъул сах абадт. Сæ зæрдæмæ фæцыд йæ арæхстдзинад, йæ тасаг уæнгты ахаст, йе стыр тырнындзинад кусынмæ. Балымæн уайтагъддæр ансамблы уæнгтимæ. Æнтыстджынæй фæкуыста семæ цалдæр азы. Фæлæ йын иу бон дæр йе стыр бæллиц — Ирыстоны ансамбль «Алан»-ы кафын æнцойдзинад нæ лæвæрдта… Уырныдта йæ, кæй сæххæст уыдзæн йе стыр бæллиц рæхджы.

Уалынмæ æрхæццæ æфсадмæ цæуыны афон. Æмæ балæууыд денджызон флоты горæт Североморскы. Ам доныбынты ленкгæнæг науыл фæцис æртæ азы. Сыздæхт саджы фисынтыл амад, цæхæрцæст денджызонæй. Ныййарджыты, хиуæтты цинæн кæрон нал уыд. Сæ зæрдæ рухс кодта сæ кæстæрæй. Амондджын уыд Нодар, базыртыгъд цæргæс хæхты сæрмæ сыгъдæг цъæх арвы бын йæхи куыд айтынг кæна, афтæ уæгъдибарæй æнкъардта йæхи йæ уарзон зæххыл.

Адæймаджы, дам, цы бафæнда æмæ цы нæ сараздзæн. «Сæххæст æвзонг зæрдæйы рагбæллиц. Райстой йæ «Алан»- мæ! Сæрыстырæй, разæнгард æмæ уæнгрогæй куыста, се ‘мрæнхъ кæмæн балæууыд, уыцы сагсуртимæ. Йæ разæнгардгæнджытæ уыдысты ансамблы уæды разагъды уæнгтæ: Хаситы Алик, Тотойты Хъазыбег, Булацаты Таймураз, Байаты Альбинæ æмæ иннæтæ. Уарзтой йæ, аргъ ын кодтой йæ курдиатæн. «Алан»-ы кафгæйæ йæ уæнгты хъару кодта æвидигæ, йæ арæхстдзинад — нывылдæр. Афтæмæй дзы фæкуыста 1985 азмæ. Стæй йæ фæхуыдтой Гуырдзыстоны Сухишвилийы нæргæ ансамблмæ. Уым кафгæйæ цыппар азмæ, зæгъæн ис, æрзылд Зæххы къорийыл. Федта бирæ фæсарæйнаг бæстæтæ, базонгæ ис сæ бирæвæрсыг аивадимæ.

Фæстæдæр Мæскуыйы, ансамблты конкурсы, Уæрæсейы адæмон артист Игорь Моисеев бафиппайдта Плийы-фырты стыр курдиат æмæ йæ хуыдта йæхи кафджыты къордмæ. Фæлæ Нодар не сразы, никуыдæм уал ацыд Ирыстонæй. Райдыдта кусын бæхты театр «Нарт»-ы. Уыцы-иу рæстæг уыд ансабль «Арт»-ы солист. Йæ профессионалон дæсныйадыл ахуыр кодта къорды уæнгты, не ‘вгъау кодта кафты сусæгдзинæдтæ йемæ чи уыд, уыцы фæсивдæн. Уымæй уæлдай ма йын Горæтгæрон районы хъæуты уыдис цалдæр ахуыргæнинаджы. Ирыстоны дзыллæйæн хорз зонгæ у Плиты Нодары ном. Уайтагъддæр фæзгъынц: «Махмæ уый хуызæн кафаг лæппу нæй!»

Сценæйæ куы райхъуысы йæ ном, уæд зал æмгуыппæй базмæлы концертдзауты къухæмдзæгъдæй. Адæм хорз зонынц артисты æвæджиауы курдиат. Йе змæлд — артау, удрæбын рухсгæнæг цырагъау. Кафты базыртыл ахæм гуырвидауц, саджы фисынтыл амад лæппутæ фæтæхынц. Кафæг йæ «куыстмæ» æгæрон уарзт февдисы йæ цæстæнгас, уæнгты змæлд, йæ алы фæзылд, алы фæтаст æмæ фæкастæй дæр. Уæлтæмæнады зынг куы сæрттивы, уæд ссудзы цырæгътæ зæрдæты. Уый вæййы аивады пиллон Арт!

Фæтæнуæхск, æндонриу, гуырвидауц, фæлтæрдджын кафæг йæ къахфындзтыл ирон «Хонгæ» кафт кæнгæйæ, цыма йе змæлдæй афтæ фæзæгъы:

Цард къахдзæфгай у æмæ алы къахдзæф дæр хъуамæ рæстæгыл уа, бынаты, сыгъдæг, бæрæг нысанмæ! Адæм, айсут мын мæ зæрдæ, лæвар уын æй кæнын! Æрмæст мын рæсугъд ут, бæрзонд аивадау, кæрæдзиуарзон!

Йæ бонæй уа, бæрзонд аивад, ахæм Уари кæй къæсæрæй бакаст! Фыдæлтæ дзæгъæлы нæ загътой: “Цæргæс тæхгæйæ фидауы.» Ирон дзыллæ буц æмæ сæрыстыр сты ахæм хæдæфсарм, куыстуарзаг хъæбулæй. Сæрыстыр æмæ дзы буц сты хиуæттæ — мыггаджы кад æмæ ном хъахъхъæнæг, ирон аивад æмæ культурæ бæрзондгæнæг. Плийы-фырт æрзылд цæргæсау Уæрæсейыл, афтыд дард Латинаг Америкæмæ, Норвегимæ, Португалимæ, Сиримæ, Францмæ, Туркмæ, Иракмæ… æмæ сæ нымад чи фæуыдзæн! Цыд алы бæстæтæм æмæ фæрдгытау æмбырд кодта аивады хæзнатæ, æфтыдта сæ йæ уды халыл æмæ сæ рауад аивады æрттивгæ стъалы.

Бирæ хæстæ ис йæ размæ хæдзардарæг Нодарæн, уæлдайдæр та ныртæккæйы царды. Фæлæ дзы йе сфæлдыстадон куыст иу уысм дæр рох нæу.

— Цалынмæ мæ дадзинты туг цæуа, уæдмæ мын æрулæфт нæй, кафдзынæн. Мæ уæнгтæ æнцойад нæ уарзынц…

— Æмæ уæд фынæй та кæд фæкæныс?! Æви фыны дæр кафгæ фæкæныс?

— Фынæй? Æмæ фынæй та чи кæны?! — бахудт мидбылты «хæрзизæр» зæгъгæйæ.

Уый цыд размæ фидар къахдзæфтæй, йæ кафæн дзаумæттæй дзаг хызын йе ‘ккой акæнгæйæ, уымæн æмæ кафты аивад у йæ бæллиц, йæ цин, йæ мæт, йæ царды хæзна!

Ахæм у, æцæг аивадон кусæджы хуымæтæг фæлгонц, 70-аздзыд, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист Плиты Артъемы фырт Нодары сфæлдыстадон сурæт, æрæджы йын РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, аккаг аргъ скæнгæйæ, кадджын уавæры радта иууатон фатерæй дæгъæлтæ.

Нодар, амондджынæй дзы фæцæр æнусмæ дæ бинонтимæ!

БЫЗЫККАТЫ Земфирæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here