«Ацы хатт æвзардзыстæм иунæг фарста, Паддзахадон Думæ нæм æрæрвыста «Уæрæсейы Федерацийы пенси нысан кæныны æмæ фидыны фарстаты фæдыл хицæн закъонæвæрынадон акттæм ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл» федералон закъоны проект. Æхсæнадон, социалон æгъдауæй ахсджиаг кæй у, уымæ гæсгæ сфæнд кодтам Парламенты æмбырды йыл æрдзурын», — знон РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей МАЧНЕВ ахæм разныхасæй байгом кодта æмбырд
Закъоны проекты тыххæй радзырдта социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй сын æмбæрстгонд у, пенсион системæ ног демографион уавæртæн дзуапп кæй нал дæтты, уымæ гæсгæ йæ ивын кæй хъæуы, уый. Пенсиисджытæн се ‘фтиæгтæ хъуамæ зынгæ фæфылдæр уой, ахæм хæстæ æвæры Уæрæсейы Президент, уæдæ бæстæйы пенсион системæйы финансон бындур хъуамæ уа фидар, нывылгонд. Æппæт уыдæттæ бæрæггонд æрцыдысты федералон закъоны проекты.
Реуазты Ларисæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй сæ комитет разы у закъоны проектыл, фæлæ сæм ис фæндиæгтæ, уыдон баст сты адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр æмæ фæбæрзонддæр кæнынимæ. Цы нысантæ ранымадта, уыдонимæ уыдысты хъалонтæ æвæрынады бæрзонддæр бæрц сфидар кæнын, æппынкъаддæр мызды бæрц фæфылдæр кæнын, Уæрæсейы Федерацийы Фæллойадон кодексы æппынкъаддæр фæллойадон мызд æнæ разæнгардгæнæн æмæ уæлæмхасæн æфтауæнтæй сфидар кæнын. Зындгонд куыд у, афтæмæй 1992 азæй 2000 азтæм Уæрæсейы куыста хъалонæвæрынады бæрзонддæр бæрц — 12 процентæй 35 проценты онг. Стыр æхца чи иста, уыдон хъалон дæр фыстой фылдæр. Уый фæстæ йæ сæмхуызон кодтой, 10 мин сомы мызд чи исы æмæ мæймæ йæ мызд цалдæр милуан сомы кæмæн у, уыдон дæр фидынц 13 проценты хъалон. Уый та раст нæу. Пенсимæ ацæуыны кар кæй фæфылдæр уыдзæн, уыцы уавæр æхсæнады расайдта бирæ хъуырдухæнтæ, быцæу ныхæстæ. Ирыстоны дзыллæты æвзæрст лæгтæ дæр ацы æмбырды сæ хъуыдытæ загътой закъоны проекты тыххæй. Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы парламентон фракцийы разамонæг Ортабайты Тимур куыд загъта, афтæмæй закъоны проектимæ разы сты, фæлæ сæм ис тынг бирæ фарстатæ, фиппаинæгтæ, æмæ сæ арвитдзысты Паддзахадон Думæмæ.
Уæрæсейы Федерацийы Коммунистон партийы цæгатирыстойнаг парламентон фракцийы разамонæг Еленæ Князевайы хъуыдымæ гæсгæ, закъоны проект у адæмы ныхмæ, раст цыма адæмы мæстæй марынц, ахæм у йæ бакаст. «Тынг бирæ адæм нæм къухфыстытæ хæссынц, æрмæст Мæздæджы районы къуыримæ систы 10 мин къухфысты. Уæрæсейы 36 регионы нæлгоймæгтæ 65 азы онг дæр нæ цæрынц, кæмдæрты та 60 азмæ дæр нæ фæцæрынц. Афтæ зæгъæн ис, адæмæн сæ дзулы къæбæр сæ дзыхæй исынц, бынтондæр та хъæуккаг цæрæнбынæтты, æппындæр куыст кæм нæй, уым. Курын, цæмæй ацы закъоны проектыл чи куыд схъæлæс кодта, уый мыхуыргонд æрцæуа газетты, уадз, æмæ адæм зоной сæ депутатты зондахаст», — загъта Еленæ Князева.
«Æз федералон центр, кæнæ Мæскуыйы уынаффæты ныхмæ нæ дæн, бæлвырдгонд у уый, æмæ ацы закъоны проект у адæмы ныхмæ, сæ зæрдæмæ нæ цæуы. Мах хъуамæ закъоны проектыл æрныхас кодтаиккам адæмимæ, байхъуыстаиккам сæм. Уæхæдæг æй уынут, æргътæ рæзынц алцæуыл дæр, æмæ ма сæм ацы реформæ дæр бафтыди. Ирон адæм хъуамæ ацы рæдыддзинад бацамоной Уæрæсейæн. Знон мæм телефонæй иу нæлгоймаг æрбадзырдта æмæ бафарста: «Кæд мыл æхсай азы цæуы, фæлæ мæ бон кусын нал у, уæд хъуамæ цæмæй æмæ куыд цæрон? Æмæ ахæм фæрстытæ тынг бирæ сты. Ацы реформæимæ разы нæ дæн», — ахæм уыд депутат Уататы Зелимы хатдзæг.
Хъамболты Дзамболаты хъуыдымæ гæсгæ, кæд ахæм пенсион реформæ хъæуы, уæд хъуамæ гражданты æппæт категоритæм дæр хауа. Зæгъæм, тыхы структурæты кусджытæ пенсимæ ацæуынц 40-45 азы кары. Се ‘хсæн ахæмтæ ис, æмæ нæдæр знаджы ныхмæ æрлæууы, нæдæр æм хæцæнгарз ис, кабинеты бады æмæ гæххæттытæ рафæлдах-бафæлдах кæны. Ома, уыцы ведомствойы граждайнаг архайд кæны, цæй тыххæй хъуамæ рацæуа рагацау, иумæйаг пенсион фондæй сын ахæм стыр пенситæ цæй тыххæй хъуамæ фидой. «Уæрæсейы адæмæй иутæ хаст сты фыццаг сортмæ, уыдон олигархтæ уæвгæйæ, хъалонтæ нæ фидынц, æппæт хæрзтæй та парахатæй пайда кæнынц. Цалынмæ адæммæ æмхуызон ахаст уа, уæдмæ хуызæнæн фæтк никуы сфидар уыдзæн бæстæйы», — загъта Хъамболы-фырыт.
Депутат Тохъайты Нох ацы реформæ абарста атомон бомбæимæ, æрхаста бирæ дæнцæгтæ, уыдон дзурæг уыдысты, паддзахад адæмы фæллойадон архайд фидар кæныныл кæй нæ архайы, ууыл. «Пенсийы бындуры хъуамæ æвæрд уа хуызæнæн мызд бакусын, фæллой кæнын, фæллойæн фадæттæ аразын, фæлæ уыдæтты паддзахад æппындæр нæ архайы. Ныртæккæ адæмæй пенси чи райста, уыдон кусгæ куы нæ кæниккой, уæд сыдæй амæликкой. Ацы уавæр кæмæндæр у пайда, æрмæстдæр дзы адæм хорзæй ницы фендзысты. Хъуыды-ма кæнут, Президенты æвзæрстыты рæстæг адæм куыд æхсызгонæй схъæлæс кодтой, ныр та æмхуызонæй сты ацы реформæйы ныхмæ», — загъта Тохъайы-фырт. Цыдæриддæр æм фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ уыдис, уыдон балæвæрдта Алексей Мачневмæ.
Политикон парти «Рæстаг Уæрæсе»-йы фракцийы разамонæг Кучиты Гари æргомæй йæ хъуыдытæ загъта закъоны проекты тыххæй. «Уæрæсейы Хицауад рæстытæ кæны ацы реформæ, цы хатдзæгтæ дзы кæны, уыдон аргъæуттæ схонæн ис. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, æрмæстдæр ацы реформæ сæхгæндзæн Пенсион фонды æхцайы кадавардзинад. 2018 азы, дам, уыцы кадавардзинад уыдзæн 257 миллиард сомы, уый та у, Центробанк æртæ уæрæсейаг банктæ фервæзын кæнынæн цы æхца радта (2,62 триллион сомы), уымæн йæ 9 проценты. Федералон бюджетмæ чи нæ бафты, уыцы фæрæзты æмбис у, нефть æмæ газ уæйгæнджытæн цы хъалонты льготæтæ конд æрцыд (алы аз дæр 600 миллиард сомы), уый бæрц. Уæдæ, алы аз дæр таможняйы цы фæрæзтæ давд æрцæуы (2,6 триллион сомы), уымæн йæ 9 проценты æмæ ма алы аз дæр Уæрæсейæ фæсарæнтæм цы æхца аивылы (1,7 триллион сомы), уыдонæн йæ 17 проценты. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ нывылгонд куы æрцæуиккой, уæд фæстауæрцгонд æхца сфаг уаид Пенсион фондæн ноджыдæр ма иу бюджетæн. Æгъгъæд фæуæд мæгуыр адæмы дзыппытæ къахынæн», — загъта Кучийы-фырт. Уый æрхаста æндæр хатдзæгтæ дæр, уыдонмæ гæсгæ Уæрæсейы Хицауад ацы закъоны проектæй куыд æппæлынц, уый у æргом сайд. Политикон парти «Уæрæсейы патриоттæ»- йы парламентон фракцийы разамонæг Дойаты Светланæ дæр загъта йæ хъуыдытæ, фæсидт депутаттæм, ома, абон цы уынаффæ рахæсдзысты, уымæй аразгæ уыдзæн адæмы цард. «Фракци йæ уæнгтæн бар радта, цæмæй алчидæр, йæ хъуыды куыд амоны, афтæ схъæлæс кæна. Разы дæн Еленæ Князеваимæ, хъуамæ адæм зоной, закъоны проекты тыххæй депутаттæй чи куыд схъæлæс кодта, уый», — загъта депутат.
Парламенты æмбырды сæ хъуыдытæ загътой Гогаты Аслæнбег, Битарты Зауыр, Касаты Таймураз, Хъантемыраты Барис, Токаты Людмилæ, Владимир Уваров, Цъæхилты Тимур, Хæдарцаты Руслан, Суанты Вадим. Сæ фылдæр разы уыдысты закъоны проектæй, куыд райхъуыстис, афтæмæй, дам, æй кæд федералон центр æрæрвыста, уæд, дам, мах бон цы у. Уымæй дарддæр сæ тынг фæндыдис, цæмæй æппæт ныхас дæр газетты мыхуыргонд æрцæуа, ома, адæм æй зонæнт, куыд хъуыды кæнæм, куыд сыл мæт кæнæм, уыдæттæ. Чи зоны, æмæ сæ алкæй раныхас дæр бæстонæй ныффыссын æмбæлдис, фæлæ ам сæйрагдæр у, куыд схъæлæс кодтой, уый: закъоны проекты ныхмæ схъæлæс кодтой 3 адæймаджы, нæдæр йæ фарс, нæдæр йæ ныхмæ нæ уыдысты 2 адæймаджы, йæ фарс рахæцыдысты 49 адæймаджы. Цыма ис зæгъæн?
БУТАТЫ Эльзæ














