«Хъуамæ искæмæн ныфс уай»

0
940

Цыфæнды адæмыхаттæн дæр, уыдонимæ, ирон адæмæн дæр, сæ царды фидæнаразджытæ уыдысты æмæ сты рæзгæ фæлтæртæ. Хистæр кары адæмæн уыдысты удлæууæн. Ауæрстой сыл æмæ сын раст зонд амыдтой. Дзырддзæугæ хистæрты арфхъуыдыджын амындтытæй раст хатдзæгтæ чи кодта, уыцы кæстæртæ-иу рацыдысты адæмы рæнхъмæ, хуыдтой сæ нацийы цæсгом æмæ ныфс.

Уымæй уæлдай ма сæ сæ сæртæ бæрзонд хастой, цы мыггæгты минæвæрттæ уыдысты, уыдон. Хуыдтой сæ цæугæ хох, лæугæ мæсгуытæ. Ахæм цæугæ мæсгуытæ ис ирон адæмы æхсæн дæр.

Арæх сæ кой нæ райхъуысы, уымæн æмæ-иу нæ рагфыдæлтæ куыд загътой: «Хæрзгæнæг йæ хорз æнæдзургæйæ кæны!». Æмæ уый раст у, хорз адæймаг йæ адæмæн хорзы бацæуынмæ куы фæнд кæна, уæд уымæй хъуамæ йæхицæй ма ‘ппæла. Фидæны йын аргъгæнæг уыдзæн. Фæлæ хæрзтæ дæр вæййынц алыхуызон, чи уæлахиздзау свæййы йæ бæстæйы сæраппонд, чи — зарæггæнæг, чи — ахуыргонд, чи та вæййы хуымæтæг адæймаг. Фæлæ йæ хуымæтæгдзинады уыйбæрц уæздандзинад, уыйбæрц лæгдзинад, æгъдау вæййы, æмæ йæм адæймаг бахæлæг кæны.

Хуымæтæг, фæлæ ирон лæджы хуыздæр миниуджытæй æххæст чи у, ахæм ирыстойнаг лæппутæй иу у, стыр уæлладжырыкоймаг сагсур, фидæны зындгонд юрист, Ирыстоны сомбоныл катайгæнæг, æхсæнадон архайæг Елойты Азæмæт.

Адæймаг йæ фарсмæ куы æрлæууы æмæ йемæ куы фæныхас кæны, уæд йæ уæздандзинадæй зæрдæ барухс вæййы. Йемæ дзурæн ис цавæрфæнды хъуыддагыл дæр. Нæ дзы фехъусдзынæ уæлдай ныхас. Æппынæдзух вæййы хиуылхæст, цæстуарзон. Зоны хистæрæн кæстæр уæвын, кæстæрæн — хистæр, æмгарæн — æмгар. Фидарæй йæ схонæн ис абоны фæсивæды хуыздæр минæвæрттæй иу.

Æрæджы Азæмæт уыд «Нæ Иры фидæн»-ы уазæг, æмæ не ‘хсæн цы ныхас рауад, уый уын зæрдиагæй хæссын уæ размæ:

— Азæмæт, кæцыфæнды журналистæн дæр адæймаджы базоныны тыххæй йæ фыццаг фарст вæййы, чи у, зæгъгæ, йе ‘мныхасгæнæг. Табуафси…

— Де ‘мныхасгæнæг чи у, уымæй мæ куы фæрсай, уæд хуымæтæг бинонты минæвар, Мызурæй. Ам райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн. Мæ къæхтыл куы азгъордтон, уæд мæ нæ ныййарджытæ, ис ма мын кæстæр хотæ, радтой сывæллæтты бынæттон рæвдауæндонмæ. Уый фæстæ каст фæдæн амы астæуккаг иумæйагахуырадон скъола.

— Скъолайы кой ракодтай, æмæ уымæн уæвæн нæй, æмæ дын ма уыдаид уарзондæр ахуырадон предмет?

— Кæй зæгъын æй хъæуы, мæнæн дæр, куыд иннæ æмкъласонтæн, уыд зæрдæйæн адджындæр, æмбарынæн æнцондæр предметтæ математикæ æмæ ирон традицион культурæ.

Математикæ мын бынтон æнæнхъæлæджы бауарзын кодта мæ ахуыргæнæг Хуыбежты Циалæ. Уый та афтæмæй, æмæ мын ахуыры азы цыппæрæм хайы йæ предметæй æмбæлд бæрæггæнæн «æртæ», фæлæ мын уый, сразæнгард мæ кæныны тыххæй, сæвæрдта «цыппар» æмæ мын загъта, кæй мын æй æвæры æфстау. Райста мæ дзырд, иннæ ахуыры аз æз мæхиуыл хуыздæр кæй кусдзынæн. Афтæмæй мæ уды бæрц бауарзтон математикæ.

Мæ иннæ уарзон предмет та традицион культурæ уымæн уыд, æмæ мæ ноджы арфдæр, ноджы биноныгдæр фæндыд базонын, мæ баба-иу мын нæхимæ æгъдæуттæ æмæ ирон цардыуаджы тыххæй цытæ дзырдта, уыцы хабæрттæ. Афтæмæй хъазгæ-худгæйæ, æмкъласонтимæ хæларæй цæргæйæ, агæпп кодтой ме скъолайы азтæ…

— Æмæ дарддæр та?

— Скъола каст куы фæдæн, уæд мæ гæххæттытæ балæвæрдтон Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты горæты хæдзарады экономикæ æмæ райрæзты факультетмæ. Райдыдтон дзы ахуыр кæнын, куыд мæ бон уыд, афтæ. Уæвгæ, цæмæй ахуыр ма кæнон, уымæн мын фадат дæр нæ уыд, фыццаджыдæр уымæн, æмæ мæ хуыздæр куыст æндæр цы хъуамæ уыдаид, дыккаджы та мæ нæ фыд æппынæдзух кодта бæрæг, йæ цæст дардта, мæ ахуыр куыд цæуы, уымæ.

Сахуыр кодтон, райстон менеджерэкономисты дæсныйад. Мæ диплом мæхи куы фæци, уæд сфæнд кодтон мæ ахуыр адарддæр кæнын. Фæлæ ныр та Уæрæсейы адæмон хæдзарады æмæ паддзахадон службæйы академи Цæгат-Кавказаг (Пятигорскы) хайады юридикон факультеты.

— Ахуырмæ афтæ æмхиц кæй дæ, уый тынг хорз у. Фæлæ юридикон факультет цæмæн?

— Цæмæн куы зæгъай, уæд æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ абоны царды фæлгæты закъонтæ æмæ бардзырдтæ хæлуарæджы лæппынтау бирæ кæм кæнынц, уым адæймаг хъуамæ, фадат ын куы уа, уæд уа алы фарстайы мидæг дæр «хъримагау» ифтыгъд. Зона йæ бартæ æмæ хæстæ, цæмæй йæ, йæхицæй æгуыдзæгдæр чи у, уый ма «асæтта».

— Иу цасдæры размæ на газеты фæрстæй иуыл бакастæн, ды, Алагиры районы Фыдыбæстæйы хæсты ветерантæ чи ис, уыдонæн рафыстай газет «Рæстдзинад». Уый мын уыд тынг æхсызгон, фæлæ мæ бафтыдта дисы. Ды, æрыгон лæппу, æмæ газет «Рæстдзинад», цы уæ бæтты иумæ?

— Хъыгагæн мын абон мæ куысты цавæрдæр аххосæгты тыххæй газет «Рæстдзинад» арæх кæсыны фадат нæ вæййы. Куы йæ фæкæсын, уæддæр Интернеты тыгъдады. Фæлæ мæхи цы зонын, уæдæй абонмæ мæ баба æмæ нана кæсынц ацы газет, мæн дæр уыдон фæцалх кодтой йæ кæсыныл. Гыццылæй-иу мын дзы нана цавæрдæр æмдзæвгæтæ каст, уый фæстæ сæ ахуыр дæр кодтон зæрдывæрдæй.

«Рæстдзинад» ветерантæн цæмæн рафыстон куы зæгъай, уæд та уымæн, æмæ æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ адæймагæн Хуыцау фадат куы дæтта искæмæн хорз ракæнынæн, уæд дзы, æнæмæнг, пайда кæнын хъæуы. Мæнæн дæр радта ахæм фадат, æмæ ветерантæ цин цы газетыл кæнынц, уый сын рафыстон. Уæвгæ ма хæсты ветерантæй удæгас чи ис, уыдонæн сæ хæрзтæ «Рæстдзинад»-æй нæ, фæлæ Терчы донæй дæр нæ бафиддзыстæм.

— Бирæты бафæрс, дæхи искæй раз хæсджыныл нымайыс, зæгъгæ, уæд фæзæгъынц «нæ». Уайтагъд сæхи пехуымпартæ схонынц. Ды та искæй раз хæсджын дæ?

— Уый, æвæццæгæн, хæсæй зоны, уымæн æмæ хæстæ дæр алыхуызон сты. Зæгъæм, æхцайы хæсы кой куы кæнæм, уæд никæй раз дæн хæсджын. Фæлæ, хæрзтæй хæсты кой куы кæнæм, уæд та бирæтæй. Фыццаджыдæр, мæ фыдыфыд æмæ фыдымадæй. Ацы дыууæ зæдыкъалиуы сæ цард дзуарæн нывондау снывонд кодтой мæнæн æмæ сæ иннæ кæстæртæн. Сæ арф зондахаст, сæ цæстуарзон лæггæдтæ æппынæдзух сты æвдадзы хос. Нæ мад æмæ фыд, куыд ис адоны хæстæ бафидæн, кæд æмæ бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвыстой. Мæ хæлæрттæ, æнæ мæнæй къæбæр чи нæ хæры, арæх мæм чи нæ дзуры, фæлæ ме ‘нтыстытыл чи цин кæны, уыдоны раз куыд нæ хъуамæ уон хæсджын? Дзæгъæлы нæ баззад ирон æмбисонд: «Зæрдæ зæрдæ зоны».

Йæхи адæмы раз æнæхæс чи хоны, уый хуымæтæг, мæнгард адæймаг йеддæмæ ничи у. Уыимæ, алы адæймаг дæр, уæлдайдæр та лæппу, хъуамæ ма тагъд кæна искæй æмбал схонынмæ, цалынмæ йæ биноныг базона, уæдмæ.

— Зæгъæм, фадат дын ис нæ республикæйы исты баивынæн, уæд цæмæй райдаис дæ куыст?

— Æгъдауæй. Абон бирæтæ «æвзаг», «æвзаг» кæнынц, фæлæ æгъдау куы нæ уа, уæд «æвзаг» баззайдзæн хуымæтæджы гæххæттыл фыстæй. Æвзагæн та йæ гуырæн æгъдауы ис. Стæй уæд æвзаджы фидæныл чидæриддæр дзуры, уыдон, фыццаджыдæр, хъуамæ райдайой сæхицæй.

— Ды, куыд æхсæнадон архайæг, Алагиры районы минæвæртты æмбырды депутæт, афтæ арæх æмбæлыс фæсивæдимæ. Зæгъ ма, дæ хорзæхæй, æцæгдæр сæ иуæй-иу адæймæгтæ куыд «сæфт» хонынц, афтæ сты?

(Худы). — Йæ нацийы минæвары цыфæнды æвзæр куы уа, уæддæр сæфт чи хоны, уый кæнæ сæры зондæй бынтон æххæст нæу, кæнæ та у знаг. Мæ бон сын батæригъæд кæнынæй дарддæр ницы у. Нæ фæсивæд та цыфæнды уавæры дæр бирæ æндæр адæмтæн сты дæнцæгæн хæссинæгтæ! — Дæ царды æппæты стырдæр бæллиц? — Адæймаг зыд куы уа, уæд æм бæллицтæ дæр бирæ вæййы. Фæлæ Хуыцауы фæрцы ацы æппæрццæг миниуæгæй хызт дæн. Уымæ гæсгæ мæ царды стырдæр бæллиц у, цæмæй мæ бинонтæй уæлдай искæмæн дæр пайдайаг уон. Æппынфæстаг адæймаг хъуамæ тырна искæмæн ныфсы хос уæвынмæ.

— Бузныг, Азæмæт. Дæ размæ цы нысантæ æвæрд ис, уыдон дæ къухы бафтæнт. Дæ абоны лæгдзинад фидæны кады хос уæд нæ Ирæн, дæ кæстæртæн та — фæндаггаг!

 

Зæгъынц Азæмæты  тыххæй

 

ХЪУЫСАТЫ Амырхан, Æхсæнадон архайæг, РЦИ-Аланийы фæсивæдон парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг:

— Азæмæтимæ зонгæ дæн фондз азæй фылдæр. Иумæ архайдтам нæ республикæйы фæсивæдон парламенты дыккæгæм равзæрды. Уый дзуапп лæвæрдта спорты комитетæн. Æмæ нæдæр йæхиуыл, нæдæр йе ‘мкусджытыл ауæрдгæйæ, æппынæдзух арæзта алыхуызон спортивон ерыстæ. Архайдта, цæмæй фæсивæд сæ рæстæг дзæгъæлы ма хардз кæной, фæлæ пайдаимæ. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ-иу цы мадзæлттæ арæзта, уыдоны хæрдзтæ йæхимæ кæй иста.

Азæмæт куыд æмбал, афтæ та уæд дæр æмæ абон дæр у цæстуарзон, зæрдæхæлар, дзуапджын. Йæхи уарзын кæны йæ фæлмæн зæрдæ, уæздандзинад, йæ цæстуарзондзинадæй. Афтæ хъуыды кæнын, æмæ нæм Елойы-фырты хуызæн сæрæнгуырдтæ фылдæр куы уаид, уæд цыма фæрнджындæр уаиккам.

 

КЪАДЗАТЫ Мæдинæ, Мызуры поселочы астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, Азæмæты къласы разамонæг:

— Азæмæт мæм ахуыр кодта 5-æм къласæй 11-æм къласмæ. Куыд скъоладзау, афтæ уыд æвзыгъд, цæрдæг, сæрæн ахуырмæ дæр æмæ скъолайы æхсæнадон цардмæ дæр. Ахуыргæнджыты фыдæбонæн зыдта аргъ кæнын, æмæ-иу ын цы хæслæвæрд уыд, уый æххæст кодта æнæзивæгæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, куыд сæрæнгуырд лæппу, афтæ-иу хатгай фыдуæгтæ дæр акодта, фæлæ уæддæр йе ‘мбæлттæн æмæ æмкъласонтæн уыд хорзæрдæм хонæг. Хъуыстой йæм, йæхæдæг сын цы аргъ кодта, уыцы аргъ ын кодтой. Никуы йæм рахатыдаис æнæрвæссондзинад.

 

Ольгæ НИКОНОВА, Уæрæсейы адæмон хæдзарады æмæ паддзахадон службæйы академийы Цæгат-Кавказаг (Пятигорскы) хайады хистæр ахуыргæнæг:

— Елойты Азæмæт, нæ раздæры студент, нæ зæрдæ дарæм, æмæ кæй уыдзæн нæ магистрант дæр, ууыл. Абоны царды барæнтæм гæсгæ у уæздан, æрхъуыдыджын æмæ æнæхин адæймаг.

Фыццаг хатт куы æрбахызт аудиторимæ, уæд ныхас кодтам цавæрдæр ахсджиаг фарстатыл. Уый уайтагъд, мах æй æмбаргæ дæр нæ бакодтам, афтæмæй не ‘мныхасгæнæг ссис. Уыимæ дзы никуы æмæ ничи фехъуыстаид æнæууылд ныхас. Кæддæриддæр-иу фыццаг хъуыды акодта, уый фæстæ-иу загъта йæ ныхас. Зæгъæн нæй, æмæ Азæмæт искуы искæй зыны кæнæ цины хъуыддаджы цурты ацыд. Кæддæриддæр дæм байхъуыстаид, кæм-иу хъуыд, уым дын æмбæлгæ ныстуан скодтаид. Уæдæ куыд студент, афтæ та нæм, хъыгагæн, Азæмæты хуызæттæ бирæ нæй. Кæдфæндыдæр-иу ын исты куы бахæс кодтаис, фæнды наукæйы фæлгæты, фæнды хуымæтæг хъуыддаджы, уæддæр æй цалынмæ сæххæст кодтаид, уæдмæ йæхицæн бынат нæ ардта.

Никуы нæ ферох уыдзæн нæ студентты, нæ ахуыргæнджыты, Азæмæт нын Аланты зæхх — Ирыстонмæ цы балц скодта, уый. Не ‘ппæт дæр сæрыстыр стæм, Азæмæты хуызæн адæймаг кæй у нæ рауагъдон, кæй стæм йемæ зонгæ.

Хуыцау Ирыстонæн Елойты Азæмæты хуызæн хъæбултæ фылдæр раттд!!!

 

 

Æрмæг бацæттæ кодта КАСАТЫ Аламир

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here