Дзырды тых æгæрон у

0
661

 

«Нырыккон литературæ Цæгат Кавказы республикæты», «Аивадон литературæ тæлмац кæныны хицæндзинæдтæ» — ацы цымыдисаг темæтыл ныхас кæндзысты æрыгон фысджытæ. Знон Дзæуджыхъæуы йæ куыст райдыдта «Æрыгон фысджыты арæхстдзинады скъола». 27 чызджы æмæ лæппуйы, Цæгат Кавказы республикæты минæвæртты, æрбамбырд кæныны хъæппæрис равдыстой Интеллектуалон æмæ социалон-экономикон программæты фонд, РЦИ-Аланийы Мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитет æмæ литературон журнал «Дарьял».

Форум цæудзæн дыууæ боны, уыцы рæстæгмæ курдиатджын фæсивæды суазæг кодтой санатори «Осетия»-йы.

Уазджытæн зæрдиаг æгасцуай загътой РЦИАланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, нæ республикæйы Мыхуыры комитеты сæрдар Фидараты Юри, РЦИАланийы национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр Цуциты Аслан æмæ иннæтæ.

«Удрæбыны, хигъдауæй цы дзырд райгуыра, уымæн аргъ нæй, адæмы иугæнæг, дунесыгъдæггæнæн тых ис дзырдмæ. Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсе нымад уыд, бирæ чингуытæ кæм кæсынц, ахæм паддзахадыл. Нырыккон адæм се ‘ргом фылдæр аздæхтой электронон, интернеты тыгъдадмæ. Фæлæ чиныджы сыфтæ фæлдахгæйæ цы æхсызгондзинад райсай, уымæн æмбал нæй. Литературæйы ахадындзинад сног кæнын хъæуы. Уый та къухы бафтдзæн сымах хуызæн æрыгон, курдиатджын, цыргъзонд æмæ цымыдис фæсивæды фæрцы. Кавказы æнусты дæргъы хæларæй цæрынц бирæ адæмтæ. Сæ традицитæ, сæ культурæйы хæзнатæ чингуытæ фыссыны аккаг сты. Уæ архайд æнтыстджын уæд, уæ пъеро та уæд цыргъ кæддæриддæр. Уæ фыст æмдзæвгæтæ æмæ уацмыстæ зæрдæмæхъаргæ куыд уой, уыцы арфæ уæ уæд”, — загъта Тускъаты Таймураз. Национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр Цуциты Асланы бæллиц у, цæмæй æцæг национ литературон уацхъуыдтæй æцæгæлон бæстæты чиныгкæсджытæн ирдæй æвдисой Кавказы миддуне, ныхкъуырд дæттой йæ фыдгойгæнджытæн. Кадджын мадзалы сæ хъуыдытæ загътой æмæ форумы архайджытæн арфæ ракодтой Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Скъодтаты Эльбрус, журнал «Дарьял»-ы сæйраг редактор Цхуырбаты Алан æмæ иннæтæ. Æрыгон фысджыты сæ фæлтæрддзинадимæ базонгæ кæндзысты литературон-аивадон журнал «Дружба народов»-ы сæйраг редактор Сергей Надеев, Мæскуыйы Фысджыты цæдисы уæнг Ольгæ Брейнингер, «Уæрæсейы Стыр энциклопеди»- йы наукон редактор Галинæ Климова. Нæ республикæйы Мыхуыры комитеты номæй уазджытæн радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Национ-наукон библиотекæйы фонд фæхъæздыгдæр уыдзæн Цæгат Кавказы æрыгон авторты чингуытæй. Ахæм лæвар бакодтой форумы архайджытæ.

ГУГКАТЫ Жаннæ Къамтæ систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here