Хъæубæсты фарн сафын ма бауадзут

0
512

 

 Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар КУЧИТЫ Руслан, йæ хæдивæг ЕНАЛДЫТЫ Хъазыбег, мыггæгты комитеты сæргълæууæг ÆГКАЦАТЫ Юри, æгъдæутты комитеты сæргълæууæг МОРГУАТЫ Эдислав Ныхасы иннæ уæнгтимæ бабæрæг кодтой, Ногхъæу (Пысылмонхъæу). Уым Культурæйы хæдзары фембæлдысты бынæттон цæрджытимæ æмæ æрныхас кодтой, хъæуы цы ахсджиаг фарстатæ ис, уыдоныл. Раст зæгъгæйæ, ныхас рауад карз æмæ æнкъарæнджын. Уымæн æмæ Цæлыччы-фырты номыл поселок æмæ Ногхъæуы цæрджытæ (сæ администраци иу у) разы не сты сæ царды уавæртæ æмæ абоны царды уагæй дæр. Мæстджын дзураг у, фæзæгъынц, æмæ куыд нæ уа, кæд æмæ лыггæнинаг фарстатæ — бирæ, хи хъарутæй та сыл не ‘ххæссынц.

Культурæйы хæдзармæ фыццаг бакъахдзæфæй дæр уазджытæн бæлвырд уыдысты сæ уавæртæ. Бæстыхайы — дыдзы рухс, уымæл тæф, къулты сæрстыты кæлдтытæм кæсгæйæ, адæймаджы зæрдæ бамæгуыр. Куырттаты комæй 1867 азы ардæм хуыздæр цард агурæг куы ралыгъдысты, уæд 19 хæдзары йеддæмæ нæ уыд хъæубæсты, абон та дзы ис 232 хæдзары, цæры дзы 1360 адæймаджы. Уыдон æмбырдмæ кæй не ‘рбацыдысты, уый хъуыдыйаг у.

— Адæмы фарстатæм нæ бæрнон адæм уæлæнгай цæстæй кæй кæсынц, ныфсытæ æвæрынæй дарддæр сын сæ зæрдæ кæй ницæмæй рухс кæнынц, уый тыххæй сæ зæрдæ сæхицæй дарддæр никæуыл уал дарынц, бафæлладысты æмæ абоны æмбырдмæ дæр бирæтæ уый тыххæй не ‘рбацыдысты, — загъта бынæттон цæрджытæй иу Гуырцъыты Альберт.

Хъæуы хицау Демыраты Хъазыбег куыд радзырдта, афтæмæй, иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд Хъæдгæронæй Ногхъæумæ фæндаг саразын, доны хæтæлтæ раивын, культурæйы хæдзары арæзтадон кустыты фарстатæ лыгкæныны фæдыл, дзуапп сын чи дæтты, уыцы министрадты разамонджытæм, районы сæргълæууæгмæ, фæлæ кæд ныфсытæ бавæрынц, уæддæр абоны онг хъуыддагæй арæзт ницы æрцыд.

Богъаты Будзи сагъæс кодта, нуазыны донæн адæймаг мæй 190 сомы кæй фиды, ууыл. — Æмæ йæ хæдзары æхсæз сывæллоны кæмæн ис, уый та цы фæуа? — загъта Будзи. — Мах хъæумæ дон Куырттаты комæй цæуы æнæ донцъирæнтæй. Донæй фылдæр Ирыстоны ницы ис, æмæ дзы адæмæн се ‘рдæг сæрдыгон фылдæр рæстæг æййафынц цух! Иннæ ахæм, нæ республикæйы Парламенты депутаттæ тырыса разæй ахастой, пенсион реформæйыл сразы уæвгæйæ! Бæрнон бынæттæ бацахстой æмæ Мæскуыйы раз хъусæй лæууынц! Кæуыл ма баууæндой адæм, кæй фæдыл ацæуой? Депутаттæй ма иу æрцæуæд, æмæ фенæд нæ уавæртæ, иу куыстуат нын равдисæнт, нæ кæстæртæ кæм кусой. Хицауад нæ нæ хъусынц æмæ ма æрмæстдæр нæ дзуæрттæм кувæм, æндæр ныфс нæ нал ис. Нæ хъæу кæддæр Ирыстоны хъæутæн сæ раззагдæрты номхыгъды уыд, абон та нæм зæрватыкк дæр нал тæхы.

«Тедеты Павел нæ хъæубæсты сæргъы лæугæйæ цы бынтæ фæкодта, уыдон донау хиды бынты аивгъуыдтой. Цæргæбонты фыдæйфыртмæ колхозы быдырты чи фæкуыста, уыдонæн уыцы зæххытæй абон хай райсыны бар нæй», — дзырдтой иннæтæ. Хынцæгты Хазби радзырдта сæ хъæубæстæн, «Стыр Ныхас» цы хорздзинæдтæ фæцис, уый тыххæй. Æрæмысыд, дзæнæтыбадинаг Гиоты Михалы рухс ном æмæ йæ бирæ фыдæбæттæ.

— Михалы руаджы арæзт æрцыдысты, Хетæджы кувæндоны цы бæстыхæттæ ис, уыдон. Банывыл æй кодта. Уæдæ нын фæстагмæ нæ Культурæйы хæдзар дæр «Стыр Ныхас» сцалцæг кодта. Æппынæдзух хъæуы разæнгардæй куыста Ныхасы хайад æмæ нæм уыд æгъдау æмæ фæтк. Демографион уавæрыл иууылдæр тыхсæм, фæлæ абон нæ фæсивæдæн хъуыддаг бакæнын сæ бон куы нæ у, уæд цот кæцæй скæной? — загъта ма Хазби. Алагиры районы «Стыр Ныхас»-ы хайады сæргълæууæг Годжиаты Хъазыбег æмбырды архайджытæн бакаст, æрæджы Алагиры районы хистæртæ национ генафонд бахъахъхъæныны тыххæй цы сидт сфидар кодтой, уый. Куыд рабæрæг, афтæмæй дзы кæцыдæртæ ацы хъæубæсты цæрджытæ рагæй æххæст кæнынц, сæхимидæг сыл æрдзургæйæ. Зæгъæм, нæ кæнынц зианæн мæрдæхсæвæр, Ирыстоны къуымтæм хæйтты дзæкъултæ не ‘рвитынц æмæ афтæ дарддæр.

Букылты Валерийы хъуыдымæ гæсгæ, республикæйы демографион уавæрæн йæ аххосаг сты адæмы царды ныллæг социалон уавæртæ. Кучиты Руслан куыд бафиппайдта, афтæмæй та дунейыл цæст ахæсгæйæ æппæты къаддæр сывæллæттæ гуыры, сæ социалонэкономикон уавæртæ хуыздæр цы паддзахæдты сты, уыдоны. Мæгуырдæр кæм цæрынц, уым та гуыры фылдæр сывæллæттæ. Бдайциаты Хасаны фæндон — фыдæлты скъолатæ сног кæнын, зæрдæмæдзæугæ хъуыддаг у. Ууыл ныридæгæн кусынц «Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ æмæ йæ рæхджы царды рауадздзысты.

Абоны хистæртæй стæмтæй фæстæмæ иууылдæр кæддæр уырдыглæууæг уыдысты æмæ йыл никуы ничи фæфæсмон кодта. Хæлдтæ дæр ма-иу æппæрстой, абон та чи лæууы, зæгъгæ. Ныр сабыргай уыцы æгъдау дæр рохуатмæ цæуы. Иннæмæй, абоны кæстæртæн сæ цæст ноджы уынагдæр у æмæ бирæ хистæртæ фынджы æгъдау халын куы райдайынц цалдæр сидты фæстæ, æнæуаг ныхæстæм рахизгæйæ, уæд кæцы кæстæры бафæнддзæн дыккаг хатт ахæм хистæрæн балæггад кæнын. Чындзы йæ цæгатæй рахонгæйæ йæ хурæргом хæдзары разæй ресторанмæ кæй бахонынц æмæ хызы бын цы фарн рахæссы, уый хыз сисгæйæ бинонтæн æцæгæлон бынаты кæй æрæнцайы, уый ныхмæ карзæй раныхас кодта Дзугкойты Хасанбег. Иннæ ахæм, тынг æнаив æмæ æнæраст хъуыддагыл нымайы зианджынтæн хъæбыстæ кæнын. Суанг ма иуæй-иу нæлгоймæгтæ дæр рахызтысты уыцы хъуыддагмæ æмæ йын уый та бынтон æнцой нал дæтты.

— Алцы дæр уæхицæй аразгæ у. Хъæуы хъуамæ уа фидар æгъдау æмæ раздæха йæ кæддæры æмвæзадмæ. Уый тыххæй бахъæудзæн фæстæмæ хъæубæсты «Ныхас» сног кæнын, цæмæй уæм цы рæсугъд кæстæртæ ис, уыдон адарддæр кæной хистæрты фарн. Сафын æй ма бауадзут, — загъта Кучиты Руслан. Алы хъæуы дæр ис лыггæнинаг фарстатæ, уыдонæй бирæтæ сты цæрджытæн сæхицæй аразгæ: хъæубæсты сыгъдæгдзинад, хъæубæсты æгъдау, фарн æмæ кад, суанг ма доны фарстатæ дæр. Уымæн æмæ иуæй-иутæ сæ цæхæрадæттæ æхсæвæй, бонæй донæй куы фефсадынц, уæд хъæуы иннæ кæрон чи цæры, уыдонмæ уый аххосæй дон кæй нæ хæццæ кæны, ууыл куы хъуыды кæнид, уæд доны фарста цæхгæр нæ лæууид. Уыцы уавæры, сæрдыгон рæстæг сты, зæгъæн ис, Ирыстоны хъæутæ се ‘ппæт дæр. Хъæуы сæргълæууæг цæрджытæм цæмæн хъуамæ дзура, рацæут æмæ ма уæлмæрдтæ бафснайут, зæгъгæ, кæд æмæ алы бинонтæн дæр сæ хæс у — сæ хиуæтты ингæнтæ сыгъдæгæй дарын.

Мыггæгты комитеты сæргълæууæг Æгкацаты Юри фæсидти хистæртæм, цæмæй сæ алчидæр бакуса йæ мыггаджы кæстæртимæ, сæвæрой бæрзонд мыггаджы кад æмæ йæ фарнимæ хæссой хорз хъуыддæгтæ аразгæйæ. Еналдыты Хъазыбег арфæ ракодта хъæубæсты цæрджытæн, æрæмысыд сын сæ кадджын хистæрты нæмттæ, се ‘гъдаудзинад.

Хъæубæсты кадджын мадзал куы фæаразынц, гъе, сæм уазджытæ ахсджиаг ныхасы фæдыл куы æрбацæуынц, уæд сæ фæхонынц хъæубæсты артдзæст — Культурæйы хæдзармæ æмæ, фыццæгты-фыццаг, хъуамæ аивгонд æрцæуа ацы бæстыхай.

«Стыр Ныхас»-ы размæ цы фарстатæ рахастой, уыдон Кучиты Руслан йæхимæ фæнысан кодта, æмæ сыл цæудзæн куыст. ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here