Экскурси сарæзтой

0
508

Горæтгæрон районы Донгæроны æмæ Дачнæйы хъæуты скъолатæй ахуырдзаутæ сæ педагогтимæ бабæрæг кодтой номарæн комплекс «Барбашовы фæз».

Экскурсийæн фадæттæ сарæзтой Цæгат Ирыстоны Национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрад, Фæсивæды хъуыддæгты комитет, муниципалон хицаудзинад æмæ æхсæнадон организаци «Правовой центр право на защиту».

— Сывæллæттæ мидисджын экскурси сæ зæрдыл бадардзысты. Хæст кæм цыд, сывæллæтты уыцы уавæртæ сæхи цæстæй федтой. Ацы балц фæсивæды патриотон хъомыладæн фæахъаз уыдзæн, — загъта фæсивæдон комитеты сæрдар Джусойты Руслан.

Хæстон цаутæ æвдыст кæм цæуынц, скъоладзаутæ уыцы æфсæддон-историон музеймæ экскурсийæ разыйæ баззадысты. Æнахъомтæ федтой хæсты заманы хæцæнгæрзтæ æмæ уæлæдарæс, байхъуыстой Петр Барбашовы (амæлæты фæстæ йын радтой Советон Цæдисы Хъæбатыры кадджын ном) сгуыхтдзинады тыххæй хабæрттæм.

Балцæн фадæттæ саразджытæ куыд загътой, афтæмæй экскурситæ ног ахуыры аз дарддæр цæудзысты. Иннæ хатт «Барбашовы фæз»-мæ æрбаласынмæ фæнд кæнынц хистæркъласонты. ТЕМЫРАТЫ Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here