Разамынддæттæг компаниты уавæр Æнæнхъæлæджы капиталистон

0
613

арæзтимæ паддзахады куыд скуыси стæм, уый нæм дзæбæх нæма хъары. Раздæрау, советон дуджы цы бындуртæм гæсгæ цардыстæм, уыдæттæй баргæйæ, æвæрæм фарстатæ, домæнтæ, курдиæттæ. Мæнæ, дам, диссаг, нæ хæдзары сæр, дам, тæдзы, цымæ, дам, хицауад кæдæм кæсынц. Паддзахад куы бамбæрста, цæрæнуæтты фонды уавæр фыдæдзæллаг у, уæд йæ фæдарын, зилыны хæс баппæрста цæрджыты æккой. Скæнут, дам, цæрæнуæтты хицæутты æмбаладтæ, кæнæ равзарут разамынддæттæг компани æмæ уе ‘ппæт цартæ, хæтæлтæ, рацæуæнтæ æмæ бацæуæнтæм уæхæдæг зилут.

Æнæ дзыллæтæй, æнæ адæмæй паддзахадæн уæвæн куы уаид, уæд махæй дæр æхсызгонæй фервæзид нæ паддзахад. Цæрæнуæтты фондмæ ног хуызы, ног институтты фæрцы зилын, йæ фæдарыны нырма тынг бирæ къуылымпытæ ис, цæрджытæй иутæ уавæр æмбаргæйæ, бындурон цалцæгæн фидынц, иннæтæ уыимæ разы не сты. Уæдæ хæдзæрттæм чи хъуамæ зила, уыцы компанитæй дæр алчидæр ацы базарадмæ алы нысантимæ æрбацæуы. Абон уа æви — райсом, уæддæр дзы фæтк фидар кæнын хъæуы.

Нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав сæвæрдта хæс, цæмæй Цæгат Ирыстоны разамынддæттæг компаниты уавæр, куыстхъомдзинад иртæст æрцæуа, уый адыл конд æрцыд кусæг къорд, йæ сæргъы цæрæнуæттыкоммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæг Хасцъæты Мæирбег, афтæмæй. Къорды уæнгтæ сты, ацы къабазы уавæр чи зоны, чи йæ æмбары, ахæм бæрнон службæты минæвæрттæ. Ныридæгæн уал ис æрхæссæн, разамынддæттæг компаниты архайд æвдисæг бæрæггæнæнтæ. Уыдæттыл Хицауады æмбырды бæстон æрдзырдта Хасцъæты Мæирбег.

Куыд бамбарын кодта, афтæмæй уал сæ курдиатмæ гæсгæ муниципалон скондтæ фехъусын кодтой, цал разамынддæттæг компанийы сæм ис, чи дзы кусы, сæ авналæнтæ цавæр сты, ахæм хабæрттæ. Хъыгагæн, æппæт компанитæ сæхи нæ бацамыдтой, фæлæ, æнæмæнг, «ВДУ-5», «Лидер», «Владсервис», «Новый взгляд», «Восток», «Спецмонтаж»-ы тыххæй дæр æппæт информаци сæмбырд кæндзысты. «Рагагъоммæйы хатдзæгтæ та ахæм сты, æмæ фылдæр компанитæ конд сты 3-4 адæймагæй, ома — директор, нымайæг æмæ юристæй. Уыдон та бирæуæладзыгон хæдзæрттæн техникон лæггæдтæ нæ кæндзысты. Кæмдæрты ма ис кусæг «персонал», уыдон дæр 1-3 адæймаджы. Куы сæ бафарстам, хæдзæрттæм зилыны фарстатæ куыд æххæст кæнут, зæгъгæ, уæд бацамыдтой, фæрсæрдыгæй организацитæ кæй баххуырсынц, уый. Документтæм гæсгæ дзы уыцы архайд бæрæг нæу», — дзырдта кусæг къорды разамонæг.

Йæ ныхасмæ гæсгæ ис, хъуыддаг раст æвæрд кæм у, ахæм компанитæ. Зæгъæм — «Эталон», «ЖСК-2», «Коммунресурс» (Горæтгæрон район), «Ремстройсервис» (Мæздæджы район) æмæ æндæртæ. Сæ кусджыты нымæц дзуапп дæтты, компанитæ цы лæггæдты бæрц хъуамæ кæной, уымæн. Афтæмæй сæ лæггæдтæм аипп æрхæссæн нæй. Уæдæ сæм ис сæрмагонд техникæ, æрмадзтæ, æфснайæн бæстыхæйттæ. Фарстытæ æмбæлы раттын разамынддæттæг компанитæ æвзарæг къамисмæ. Кæд сæм æмбæлгæ материалон-техникон базæ нæй, æмæ афтæмæй ерысты архайынц, уæд сын сæ бæрны бирæуæладзыгон хæдзæрттæ куыд кæнут? Кусæг къорды разамонæджы хатдзæгмæ гæсгæ, цæмæй цæрæнуæтты-коммуналон къабазы вазыгджын фарстатæ банывыл уой, уый тыххæй хъуамæ хицаудзинад æмæ адæмы ‘хсæн уа фидар æмархайд. Уыцы ран хъуамæ разамынддæттæг компанитæ сæхи равдисой, се ‘хсæн бацæуой æмæ рацаразой ахастдзинæдтæ. Хасцъæйы-фырт куыд загъта, афтæмæй бирæуæладзыгон хæдзæртты хицæуттимæ æмбырдтæ кæныны охыл сæм фæзынд график. Ныры онг дæр Дзæуджыхъæуы скодтой 10 ахæм æмбырды. Ныхас дзы цыдис бындурон цалцæджы фонд фидар кæныныл, разамынддæттæг компанитимæ ахастдзинæдтæ куыд аразгæ сты æмæ æндæндæр ахсджиаг фæзилæнтыл.

Национ телеуынад «Осетия-Ирыстон»-ы цæуы программæ «Коммуналка», уый фæрцы дзы æвзарынц, абон бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæн ахсджиаг цы фарстатæ сты, уыдон. Разамынддæттæг компанитæ цы муниципалон къамистæ февзарынц, уыдоны архайд цæмæй æргомдæр æмæ æмбæрстгонддæр уа, уый охыл уырдæм бахуыдтой Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады, хицаудзинады оргæнты æмæ Цæрæнуæттæм паддзахадон цæстдарды службæйы минæвæртты. Конкурсы размæ хъуамæ муниципалон скондтæ равзарой бирæуæладзыгон хæдзæртты иумæйаг исбоны уавæр, уыдоны бындурыл та-иу скæндзысты техникон акттæ.

Ахсджиагыл банымайгæ у, Цæрæнуæттæм паддзахадон цæстдарды службæ 2019 азмæ разамынддæттæг компаниты архайд бæрæг кæныны пълан кæй цæттæ кæны, уый. 2018 азы дыккаг кварталы уал ацы службæ компаниты куыст сбæрæг кодта 51 хатты, рафыстой 24 амынддзинады, административон æрмæджытæ скодтой 13. Иварты бæрц рауад 208 мин сомы, нырма тæрхондæтты æвзарынц 9 æрмæджы. Лицензион къамис баурæдта «Жилкомсервис»-ы архайд, «Сæрмæт»-ы разамындæй райстой 66 бирæуæладзыгон хæдзары, «УправдомМКД»-йæ — 7, «ВДУ-2» æмæ «ВДУ-5» — фæйнæ 5 хæдзары, «Коммунресурс»- æй та 33 хæдзары. Кусæг къорд куыд бацамыдта, афтæмæй материалон æххуыс хъæуы бакæнын, бирæуæладзыгон хæдзæрттæ рæстæгмæ кæмæ дæттынц, уыцы компанитæн. Зындгонд куыд у, афтæмæй æнæ кастæй баззадысты ведомствоты бæрны уæвæг хæдзæрттæ æмæ æмдзæрæнтæ. Се сцалцæг кæнынæн, базилынæн хъæуы тынг бирæ æхца, хъару æмæ сæ йæхимæ ничи фæисы. Уымæ гæсгæ, компаниты исты амалæй разæнгард кæнын хъæуы, цæмæй сæ сæ бæрны бакæной.

Разамынддæттæг компанитæ хъуамæ сæ архайды тыххæй æппæт хабæрттæ равæрой

Цæрæнуæттыкоммуналон хæдзарады паддзахадон информацион хызæджы. Ома, сæ бæрныуæвæг хæдзæртты иумæйаг æмæ цæрæнуæтты фæзуат, фатертæ, нымайæнтæ, фидинæгтæ, фиддонтæ æмæ æндæр бæрæггæнæнтæ. Нырмæ дæр бирæтæ уыцы куыст бакодтой, суанг ма дзы фæзынд, цæрджытæн цы лæггæдтæ скодтой, уыдонæн фиддонты бæрцытæ дæр. Хъуамæ компанитæ дæр æмæ муниципалон скондты разамонджытæ уыцы фæткмæ фылдæр æргом аздахой. Иннæ регионтимæ абаргæйæ, ацы хъуыддаджы нырмæ нæ бæрæггæнæнтæ лæмæгъ сты.

Цæрæнуæтты лæггæдтæн æргътæ нæ республикæйы алыхуызон сты, уыцы зындзинад æййафынц иннæ регионтæ дæр. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы Арæзтады министрад бацæттæ кодта методикон амынддзинæдтæ, уыдоны бындурыл хъуамæ муниципалон хицаудзинады оргæнтæ бацæттæ кæной, сæхицæн компани чи нæма равзæрста, ахæм бирæуæладзыгон хæдзæрттæн разамынддæттыны, сæ фæдарыны тыххæй тарифтæ. Ахсджиаг у, цæрæнуæттыкоммуналон хæдзарады къабазæн специалисттæ цæттæ кæныны фарста. Æвæрд æрцыд Ахуырад æмæ наукæйы министрады размæ.

Ныронг бирæфатерон хæдзæрттæн техникон лæггæдты тыххæй фаг нæ фидынц, афтæмæй та компанитæ уыцы хъуыддæгтæ æххæст кæнынц. Фиддонтæ фидыны тыххæй æппæт компанитæм дæр хъуамæ уа контролон-кассæты техникæ, уый фæрцы æппæт фиддонты змæлд уыдзæн æргом. Муниципалон хицаудзинады оргæнтæ ма хъуамæ территориты арæнтæ сфидар кæной æмæ уымæй сбæрæг уыдзæн, компанитæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады администрацитæй дзуапп чи цæмæн дæтты, уый. Уыцы куыст бакæнын хъæуы 2020 азмæ.

Арæх хæдзæртты æрцæуы алыхуызон æнæнхъæлæджы цаутæ, кæм коммуникацитæ фехæлынц, атонынц, æмæ кæд компанитæм сæрмагонд цалцæггæнæн бригæдтæ нæй, уæд сæ хъæуы Иугонд диспетчерон службæимæ бадзырдтæ скæнын. Разамынддæттæг компаниты уавæр æвзарæг кусæг къорды разамонæг Хасцъæты Мæирбег ма æрхаста æндæр ахсджиаг хатдзæгтæ дæр. БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here