Хъæууон хæдзарад райрæзыны нысантæ

0
448

 

Фыстæ дарыны программæ Ирыстоны райрæзыны фарс рахæцыд Райрæзты агентады проектон офис. Фарстайыл ныхас цыд, республикæйы Сæргълæууæг сæрдариуæг кæм кодта æмæ министрадтæ æмæ ведомствоты минæвæрттæ кæм архайдтой, уыцы радон æмбырды

Программæ сæххæст кæныны тыххæй куыд нысан кæнынц, афтæмæй пайдагонд æрцæудзæн Алагиры, Горæтгæрон æмæ Æрæфы районты зæххытæй. Хизæнуæтты иумæйаг фæзуат схæццæ кæндзысты 20 мин гектармæ. Уымæй уæлдай, пъланмæ гæсгæ, дихгонд æрцæудзæн зæххыты 8 мин гектары хосгæрдæнтæн. Республикæйы Хъæууон хæдзарады министрад равзæрста, программæйы чи архайдзæн, уыцы фермерты. Программæйы бюджет фондз азмæ у 308 милуан сомы. Уыдон сты федералон æмæ республикон æхцатæ, стæй ма фосдарджытæн сæхи фæрæзтæ. 2019 азмæ, пъланмæ гæсгæ, уыцы æхцатæй хардзгонд æрцæудзæн 61 милуан сомы. Куыстытæ райдайдзысты ацы аз сентябры. Æмбырды архайджытæ бауынаффæ кодтой программæйы бюджет сфидар кæнын, æрмæст æм бахъуаджы рæстæг фæстæдæр ивддзинæдтæ хæссыны бар куыд уа, афтæ. Программæ æххæстгонд куыд цæудзæн æмæ цавæр бæрæггæнæнтæ æфтдзæн къухы, уымæ цæст дарыны нысанимæ арæзт æрцæудзæн кусæг къорд. Районты сæргълæуджытæн æмбырды архайджытæ бахæс кодтой, цæмæй къуыримæ бацæттæ кæной, программæйы домæнтæм гæсгæ хъæугæ бынæттæ кæм радих кæндзысты, уый фæдыл хъусынгæнинаг.

Хъæууон хæдзарады министрады эксперттæ æрнымадтой фермерты домæнтæ нормативтæм гæсгæ. Æмбырды рæстæг ма ныхас цыд фосдарынады хæдзарæдты продукци уæй кæныны фарстайыл. Пъланон рæстæгмæ фысвосы нымæц республикæйы хъуамæ фæфылдæр уа æртæ хатты.

— Хъæуы бакусын паддзахадон æххуыс дæттыны дæсны механизмыл. Хъæугæ ифтонггæрзтæй, æндæр хъуыддæгтæй фермертæ хъуамæ мацæмæй æййафой хъуаг, — загъта Битарты Вячеслав.

Куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны цы ахсджиагдæр программæтæ æххæстгонд цæуынц, уыдоны фæрцы фæфылдæр уыдзысты хъалонты фиддонтæ республикон бюджетмæ, стæй ма куысты бынæтты нымæц дæр районты.

— Районтæн сæ сæйраг хæс у муниципалон экономикæ рæзын кæнын, анализ ын кæнын æмæ йæ фæфылдæр кæнынæн ног гæнæнтæ агурын, — загъта Битарты Вячеслав.

Æмбырды ма ныхас цыд республикæйы райрæзтæн ахъазгæнæг æндæр программæтыл дæр. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырад æмæ туризм райрæзыны къабæзты программæтыл чи кусы, уыцы министрадтæ æмæ ведомствотæн бабар кодтой, цæмæй къуырийы æмгъуыдмæ алкæмæн дæр дзы сæ программæтæ уой цæттæ. Алы программæйы дæр хъуамæ амынд уой йæ сæххæст кæныны æмгъуыдтæ, йæ сæххæстыл дзуапп чи дæтты, уыцы адæймæгтæн сæ нæмттæ, стæй, программæ цы хæрдзтæ домы, уый.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here