Ног фадатджын, удæнцойдзинæдтимæ фатертæм баивыны нысан

0
423

 

Ахъуыды кæн, уæд фæстаг азты адæмы тыхстагдæр фарстатæ баст сты цæрæнуæтты-коммуналон къабазимæ. Паддзахад цы мадзæлттæй нывыл кæны уавæр, уыдонæн сæ ахадгæдæрыл банымайæн ис, цæрджыты кæлæддзаг (аварион) хæдзæрттæй ног фатертæм раивыны программæ. Ныхас цæуы, 2012 азы 1 январы онг кæлæддзагыл цы цæрæнуæтты фонд банымадтой, ууыл. Йæ тыхы цы программæ бацыд, уырдæм хаст чи не ‘рцыд, уыцы бæстыхæйтты цæрджытæ хъынцъым кæнынц, фæрсынц, цы сæм æнхъæлмæ кæсы, зæгъгæ. Æцæгдæр, цавæр уыдзæн сæ фидæн, нæ республикæйы ацы хъæугæ программæйыл куыст куыд цæуы, — уыдæттыл нын ныхас рауад Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады Цæрæнуæттыкоммуналон хæдзарады реформæтæн ахъазгæнæг хайады хицау КУЧИТЫ Зауыримæ.

— Æцæгдæр, ацы аз граждæнты кæлæддзаг цæрæнуæтты фондæй раивыны программæ нæ республикæйы адарддæр кодтой. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады реформæйæн ахъазгæнæг фонд уыцы нысанæн фæбæрæг кодта 226,8 милуан сомы. Уыдонмæ ма республикон æмæ бынæттон бюджеттæй бафтдзæн 116,95 милуан сомы.

Программæйы мадзæлттæ конд цæудзысты Алагиры, Æрæфы, Рахизфарсы, Горæтгæрон районты æмæ Мæздæджы горæты. Хъуыддæгтæн хатдзæгтæ скæндзыстæм ацы азы кæрон, уæд хъуамæ нæ республикæйы 903 адæймаджы, кæнæ 314 бинонтæ æрцæрой ног фатерты. Ныр та уал адæм уыцы æхсызгон цаумæ æнхъæлмæ кæсынц, цы 37 кæлæддзаг хæдзары цæрынц, уыдон ныууадзынмæ сты рæвдз…

— Афтæмæй, Зауыр, цал ног хæдзары фæзындзæн районты, горæтты? Цæрджытæм цавæр бартæ хауы ацы хъуыддаджы?

— Пъланмæ гæсгæ сараздзысты 8 ног хæдзары. Хъуамæ адæм зоной, программæйы архайæг районтæн сæ бон у граждæнтæн цæттæ фатертæ дæр балхæнын, ома, раздæр арæзт кæнæ ног кæй сарæзтой, ахæм бирæуæладзыгон хæдзæртты, кæнæ та сын сæ кæлæддзаг цæрæнбынаты ныхмæ æхца ратт, æмæ сæхæдæг, цавæр сæ хъæуы, ахæм фатер æлхæндзысты…

 — Фæрстытæ фæзыны, цы ног цæрæнбынæттæ сын радих кæнынц, уыдоны фæзуат æмæ уавæры тыххæй дæр…

— Уæрæсейы Федерацийы Цæрæнуæтты кодекс куыддæриддæр домы, уымæ гæсгæ граждæнтæн лæвæрд цæуынц фатертæ. Ома, раздæр цы ран цардысты, уый фæзуатæй ног фатер хъуамæ къаддæр ма уа. Уый у сæйраг, æххæстгæнинаг, домæн. Иннæрдыгæй, уæрæсейаг закъонæвæрынад æвæры хæс, цæмæй фатертæ уой фадатджын æмæ аслам. Программæйы фæрцы хъуамæ граждæнтæн фæзыной æдас æмæ зæрдæйыфæндиаг удæнцой царды уавæртæ. Бинонтæ сæ ног фатертæм куы бакъахдзæф кæнынц, уæд дзы баййафынц æппæт хъæугæ техникæ, пъолтæ аив ламинатæй æмбæрзтæй, хорз дуæрттæ æмæ рудзгуытæ æвæрдæй, къултæ чъырæй цагъдæй, кæнæ ныхасгæ аив гæххæттæй фæлгонцгондæй… Ома, ног бынæттæм баивыны агъоммæ алцæуыл дæр ахъуыды кæнæм, бацархайæм…

— Зауыр, программæ кæдæй кусы, уæдæй уæм хатдзæгтæ дæр уыдзæн…

— Уæлдæр куыд бафиппайдтон, афтæмæй ацы программæ æххæстгонд цæуы Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады реформæйæн ахъазгæнæг фонды, республикон æмæ муниципалон фæрæзты фæрцы. Уыдон нымайгæйæ, бантыст 5916 адæймаджы, кæнæ 1995 бинонты ног цæрæнбынæттæм баивын. Афтæмæй суæгъд стæм 255 кæлæддзаг бирæфатерон хæдзарæй. Æдæппæт уал программæйыл хардзгонд æрцыд 2,44 миллиард сомы, уыдонæй 1,72 миллиард сомы сты Фонды æхца. Ног бирæуæладзыгон хæдзæртты нымæц та нæм у 77.

— Адæм цас фылдæр уынынц ахæм хорз цæвиттонтæ, уыйас сæ фæнды зонын программæйы сæйраг домæнтæ.

— Цæмæй хæдзар кæлæддзагыл банымайой, уый тыххæй хъуамæ хатдзæгтæ скæна ведомствоты ‘хсæн къамис. Ахæмтæ ис алы муниципалон сконды дæр, хуынд æм сты специалисттæ. Сæ бон у раиртасын, бæстыхай ма цæрынæн бæззы æви нæ, сæ архайд æнцайы Уæрæсейы Федерацийы Хицауады 2006 азы 28 январы ист 47-æм уынаффæйыл. Хæдзар цæрынмæ нал бæззы, зæгъгæ, ахæм хатдзæг рахæссынæн дзы æппæт техникон барæнтæ дæр ис. Аварионыл нымад цæуы, йæ техникон ихсыддзинад 70 æмæ фылдæр проценттæ кæмæн у, ахæм хæдзар. Рохуаты не сты санитарон домæнтæ дæр, ома, адæм кæм цæрынц, уым хъуамæ æмбæлгæ санитарон домæнтæ æххæст кæныны фадæттæ уа.

Нæ министрад программæ кæнынмæ бавналы, бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ нæм цы æрмæг, цы бæрæггæнæнтæ æрбарвитынц, уыдоны бындурыл.

— Зауыр, цы нымæцтæ æрхастай, уыдон зæрдæмæдзæугæ сты, фæлæ нырма бирæ адæм æнхъæлмæ кæсынц, сæ зæрдæ дарынц ацы программæйыл…

— Ивгъуыд аз майы Уæрæсейы Президент Владимир Путин бахæс кодта Хицауады кабинеты уæнгтæн, цæмæй аварион цæрæнуæтты фондæй адæмы раивыны хъуыддагыл æппынæдзух дæр архайой. Фарста æппæт бæстæты дæр у вазыгджын. Информацион хызæг «Реформа ЖКХ»-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2018 азы 1 июльмæ Уæрæсейы аварион, кæлæддзагыл нымад сты 47 506 бирæфатерон хæдзары, цæры сæ 826,30 мин адæймаджы. Уыдон ацы программæмæ хаст не сты, уымæн æмæ сыл хатдзæгтæ скодтой 2012 азы 1 январы фæстæ. Махмæ ахæм хæдзæртты нымæц у 50, муниципалитеттæ дарддæр дæр сæ куыст кæнынц. Ахæм кæлæддзаг хæдзæрттæй адæмы раивыны ног гæнæнтæ ссарын, уыдонæй пайда кæнын райдайын у граждæнты æдасдзинад æххæст кæныны ахсджиаг рахæцæн. Хъуамæ уыцы ног гæнæнтæ скусой 2019 азы 1 январæй. Зæрдæ дарын хъæуы, Цæрæнуæтты- коммуналон хæдзарады реформæйæн ахъазгæнæг фонд цы хорз хъуыддаг райдыдта, уый адарддæр кæндзыстæм, æмæ хæстæгдæр рæстæг сæдæгай граждæнтæ суыдзысты ног фатерты хицæуттæ.

Бузныг, Зауыр.

 Ныхас ныффыста

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here