Раст лæгыл дыууæ нады ‘мбæлы. Рæстдзинадыл дзурæджы йæ бинонтæ дæр нæ уарзынц. Мæ уац ацы ‘мбисæндтæй дзæгъæлы нæ райдыдтон. Кæй чиныгыл æрдзурынмæ хъавын, уый сæ æрыгонæй дæр хорз зыдта, фæлæ раст ныхас зæгъынæй никуы тарсти æмæ йæ хъуыдытæ кæйдæртау къуымты æмæ аууæтты рамбæхс-бамбæхсгæнгæйæ, сусæгæй нæ дзырдта, фæлæ ‘ргомæй. Бирæ поэттæ æмæ фысджытæн бæстæйы стыр æмæ гыццыл хицæутты «егъау æнтыстытæй», рæсугъд былдауæн ныхæстæгæнгæйæ, куы ‘ппæлыдысты, самандурты йас чингуытæ кæрæдзи фæдыл куы скъæрдтой æмæ стыр хорзæхтæ, кадджын нæмттæ, премитæ æмæ дзыппыдзаг гонорартæ куы истой, уæд уый та»æдылы барæг — дон сгарæг» басгуыхти, йæ фыссæн сисæй цардхалджыты æмæ адæмы знæгты ныхмæ тох кодта æмæ йæ редактортæй карз æфхæрд æййæфта.
Йæ тæппуд «зондамонджытæн» фисынмæ здахын кæй нæ бакуымдта æмæ йæ равзæрст фæндагыл уæндонæй кæй ацыди, уый тыххæй йын мах абон æхсызгонæй кæсæм йæ цардхъом уацмыстæ: йæ роман «Зынгхуыст бæллицтæ», йæ уацаутæ: «Æрæджиауы хорзæх», «Æрдуйæ хид», «Нымæтын ехс», «Хур йæхи найы», «Кæлæддзаг хæдзар», «Цъæхдзаст донычызг» æмæ йæ радзырдтæ. Уыдон се ‘ппæты дæр цæджджинагау фыцы нæ ивгъуыд заман æмæ нæ абоны цард сæ бирæ ныхмæлæуддзинæдтимæ, се сгуыхтытæ æмæ сæ аиппытимæ.
Цомартаты Изæтбег нын йæ чиныг «Хурмæзилæджы» нæ размæ рахаста цыппæрдæс æмæ ссæдз радзырды. Зонгæ нæ кæны бирæ алыхуызон адæймæгтимæ сæ æвæрццæг æмæ æппæрццæг миниуджытимæ, сæ сагъæстæ æмæ сæ бæллицтимæ. Рæсугъд ирон аив, алдымбыд æвзагæй нын æвдисы йæ радзырдты сæйраг æмæ фæрссаг хъайтарты миддуне.
Изæтбег уæлдай разæнгарддæрæй ныв кæны, бахъуаджы сахат йæ бон лæгдзинад равдисын кæмæн у, ахæм хъæбатырты фæлгонцтæ.Радзырд «Намыс»-ы сæйраг хъайтар Асæхмæт у,цыфæнды зын уавæрты дæр йе ‘фсармыл къæм абадын чи нæ бауадздзæн, адæмы ‘хсæн æгадæй цæрыны бæсты йæхицæн мæлæт чи равзардзæн, ахæм æнæрцæф лæппулæг. Хъæды йыл абырджытæ куы ‘ртыхстысты æмæ дзы ахъазынвæнд куы скодтой, уæд сыл тас бафтыдта йæ цæрдæг февнæлд, йæ тых æмæ йæ ныфсæй. Фыссæг Асæхмæтæй гуымиры мастисæг нæ сарæзта, фæлæ уæздан адæймаг,ирон лæджы намыс хъахъхъæнæг,хъуыдыгæнæг æмæ адæмты ‘хсæн хæлардзинадмæ сидæг.
«Диссаг у цард. Зæххæн кæрон нæй, алкæй фаг дæр у, афтæмæй йыл — сырдæй, цæрæгойæ, хилæгæй, маргъæй, кæсагæй, адæймагæй — бафидауын нæ фæразынц. Чи куыд тыхджындæр у, афтæ йæхицæй лæмæгъдæрты хæры. Ныр ацы æнамонд лæппуты æз цы бахъыгдардтон? Мæ сæр мын куы ралыг кодтаиккой, уæд сыл хорзæй цы ‘рцыдаид? Сæ хæтæнхуаг цард цас фæбæллиццагдæр уыдаид? Æз сæ цæгъдын, æмæ мыл цы ‘фты? Мæ уд мæгуырæй-мæгуырдæр цы кæны, æндæр ницы. Уæдæ нæ хъаугъа цæуыл у? Ницæуыл. Цы уаринаг нын и? Ницы. Уæд та сæ ныхъхъуытты уадзин æмæ мæ хæдзармæ афардæг уаин? Афтидармæй? Æмæ мæ хъæубæстæм цы цæсгом равдисдзынæн? Цæргæбонты мæ тæппудæй фæтондзысты, стæй адон дæр зæгъдзысты: «Фæтарсти æмæ алыгъди». Нæ, фæлтау — мæлæт! Йæ намыс бахъахъхъæныны ныфс кæмæ нæй, уый лæджы ном хæссыны аккаг нæу, æмæ цас нæ цæра, уыйас — хуыздæр», — дзуры йæ миднымæр.
Карз тохы бацæугæйæ ма фынддæс абырæгæй иу уæззау цæфæй аирвæзти. Асæхмæт æй бæхы рагъмæ сæргъæвта æмæ уайдзæфгæнæгау афтæ бакодта:
— Ацы тæмæссаг æрдзы хъæбысы хъуамæ ‘фсымæртау дзæнæтон цард аразиккам, мах та дзы фыдызнæгтау кæрæдзи цæгъдæм. Æнæуынондзинад зæрдæ ихсийын цы кæны, æндæр ын хорзæй ницы дæтты…
«Дуры гуыбынæй гуырд»-ы нын Изæтбег æвдисы, чиныгкæсæг кæмæ бахæлæг кæндзæн æмæ йæхицæн хорз миниуджытæ кæмæй райсдзæн, ахæм цардбæллон фæзминаг адæймæгты. Сæрæн, куыстуарзаг комбайнер Батрадз, хортæ ‘фснайгæйæ, пайда кæны куыстæн бæзгæ алы минутæй дæр, фæлæ йæ фыдбæллæхы азар басудзы. Мæнæугæрдæны кæрдты чысыл æфсæйнаг фæсагъди, æмæ йæ сæфтауынмæ хъавыди. Кусгæ йæ кæй ныууагъта, уый дзы ‘рбайрох и,æнæнхъæлæджы йæ къах кæрдты ‘хсæнмæ бахауд, æмæ йын æй дохтыртæ алыг кодтой. Лæппуйæн йæ ныфс асасти.
— Æз цардæй мæ хъуырмæ дæн, æмæ мæ нал хъæуы! Сидзæрæй, тыхтухæнтæгæнгæ, схъомыл у, дæ къæхтыл куы слæууай, уæд та дын дзы иу лыг кæнын бахъæуæд! Æмæ, дам, хъысмæт нæй! Уæдæ уый циу?! Мæ фыды мын хæсты цæхæры басыгъта, мæ мады мын сахъатджынæй мæрдтæм батардта, мæхи мын æнæ къахæй ныууагъта! Дарддæр та мын цы йæ зæрды и, цымæ?! Мæ хуры рухс айсын?! Нæ, цыфæнды куы фæуа, уæддæр æй мæхиуыл гадзрахатæй цæуын нал бауадздзынæн! Ацы хатт та йæ хъуамæ мæхæдæг фæсайон! — рынчындоны мæстæлгъæдæй дзуры, бирæ кæй уарзы æмæ йæ сусæг æнкъарæнтæ кæмæй æмбæхсы, уыцы чызг, агроном Иринæйæн. Зæрдæхæлар чызг йæ зыны сахат йæ фарсмæ балæууыди, нæ йæ бауагъта фæцудын, йæ къух йæхимæ сисын. Нæ фæтарст зындзинæдтæй. Разынд ын стыр ныфсы хос…
«Цард Иринæ æмæ Батрадзы хуызæн сыгъдæгзæрдæ адæмæй фидауы, уыдон æй кæнынц рæсугъд æмæ фæрнæйдзаг», — автор ахæм хъуыдыйыл æфтауы йæ чиныгкæсæджы.
«Хæхтыл мæйы тынтæ уарыд…». Æрмæст ацы рæсугъд сæргонд дæр адæймаджы йæ уацары райсы æмæ йæ зæронд Болаты зын, фæлæ арфæйаг цардвæндагыл ахоны. Йæ сæрыл куыройы фыдтæ нæ разылд, æндæр йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ цынæ хъизæмæрттæ бавзæрста, ахæм ын нал баззад, фæлæ сын сæттын нæ бакуымдта, йæхи снывонд кодта рынчын адæмæн æмæ сæ кæрдæджытæй дзæбæх кæны. Йæ сыхаг ус Афассæйæн хæхты агуры, йæ низæн ын æвдадзы хос чи разындзæн, ахæм кæрдæджы уидаг. Кæд бастади æмæ йæ бон цæуын нал у, уæддæр йæхиуыл нæ ауæрды æмæ ауæдзы галау размæ лæгæрды. Хъуамæ йæ фæндон сæххæст кæна, хъуамæ ссара уыцы зайæгойы уидаг æмæ йæ ‘рхæсса рынчынæн. Автор нын нæ размæ æвæры, царды тынг ахсджиаг чи у, ахæм фарст: «Болат æрмæст уымæ тырны, цымæ?» Нæ, йæ нысан уымæй стырдæр у æмæ бæрзонддæр ран и. Цыфæнды зынæй дæр хъуамæ, цы дунемæ рантысти, уымæ хохы цъуппæй акæса æмæ, æнæбасæттон кæй у, ууыл кæронмæ баууæнда. Ардыгæй куы аздæха, уæд йæ амæлæты бонмæ йæ лæмæгъдзинд йæхицæн нæ ныббардзæн
Цæугæ-цæуын къардиуы был фæкомкоммæ и зылын тулдз бæласмæ.
Кæддæр уым йæ мæлæт ссардта, æппæтæй йын зынаргъдæр æмæ уарзондæр чи уыди, уыцы чызг Уынатæ. Уымæн йæ фыды бафæндыд йæ иунæг хъæбулы мæгуыр Болатæн нæ, фæлæ йе ‘мсæр хъæздыг лæджы фыртæн раттын. Уыцы фæндыл не сразы Уынатæ. Йæ сыгъдæг уды æнкъарæнтыл къæм абадын нæ бауагъта, нæ сæ баивта хъæздыгдзинадыл. Йæхи аппæрста къардиуæй æмæ Болаты зæрдæйы баззади суадон æмæ фæдзæхст бынатау сыгъдæгæй. Кæд уацмысы сæйраг хъайтар Болат у, уæддæр йæ фарсмæ цæхæркалгæ стъалыйау æрттивы Уынатæйы рухс сурæт æмæ нын нæ зæрдæты гуырын кæны рæсугъд æнкъарæнтæ, æууæндын нæ кæны уарзондзинады æгæрон тыхыл.
Радзырд у символикон. Фыссæг дзы цард æвдисы хохы хуызы æмæ нын аивадон ахорæнты фæрцы дзуры йæ хъуыды:»Адæймаджы ном чи хæссы, уый хъуамæ æрдæгфæндагыл ма ныллæууа, фæлæ йыл æдæрсгæйæ ацæуа кæронмæ». Болат у, зындзинæдты чи бахсысти, ахæм адæймаг. Кæд базæронд и, æмæ йæ уæнгтæ йæ коммæ нал кæсынц, уæддæр ма йæм хохы цъупмæ схизыны ныфс разынди æмæ йæхи бары, мæйы рухсмæ сыкъайæ чи хæцы, уыцы домбай дзæбидыртыл. Се ‘мсæр кæй у, уый йæ уырны, æмæ йын уыцы æууæнк дæтты ног хъарутæ…
Адæмы чи ‘фхæры æмæ сын сæ бартæ чи исы, уыдоны ныхмæ карзæй дзуры Цомарты-фырт, критикон цæстæй кæсы æхсæнады æмæ адæмы хъæндзинæдтæм. Йæ радзырдты ‘мбырдгонд дæр «Хурмæзилæг» æнæнхъæлæджы нæ рахуыдта. Уыцы зайæгой йæ цæсгом æдзухдæр хурмæ дары æмæ йын йæ царддæттæг тынтæй йæхи ‘фсады. Ахæм у радзырды сæйраг архайæг Алмасхан дæр.
Йæ ныййарджытæн буцхаст сывæллон хæрз æрыгонæй иттæг хорз бамбæрста иу хъуыддаг: «Цард тыхджынты фарс у æмæ лæмæгътæм хæстæг цæуын нæ хъæуы». Йæ сæйраг нысан у хи хъуыддагхуызæй æвдисын, йæ къух уазал доны нæ тулгæйæ, бæрзонд къæлæтджынтæ ахсын, сыгъдæгзæрдæ фæллойгæнджыты фосы бынатмæ тæрын æмæ сын сæ сæртыл цæуын. Æмæ йын уый æнтысгæ дæр кæны. Скъолайы æмæ историон факультеты ахуыр кæнгæйæ,фæныхсти фæскомцæдисы. Фæстæдæр сси Коммунистон партийы уæнг. Фехæлдта йæ уарзоны цард æмæ ракуырдта, йæхицæй бирæ хистæр хæлд чызджы. Нæ йæ уарзта, фæлæ йæ фыд ректор уыди, æмæ йæм бирæ цæмæдæрты ‘нхъæлмæ касти. Рæсугъд ныхæстæгæнгæйæ æмæ хъæугæ адæймæгты зæвæттæ сдæргæйæ, æрцахста министры бынат, стæй схызти уымæй бирæ бæрзонддæр. Зонгæты æмæ æлхæд адæймæгты фæрцы бахъахъхъæдта докторон диссертаци, сси профессор, стæй йæ адæмы æмæ йæ мадæлон æвзаджы цыфыддæр знаг. Фæндагыл машинæйы цæугæйæ, амардта лæг. Йæ хъарм бынат бахъахъхъæныны охыл йæ шофырæн аххос райсын кодта йæхимæ. Зæрдæ йын бавæрдта баххуыс кæнынæй æмæ йæ фæсайдта. Уæлдай йын нæу, цавæр бæстæйы æмæ цавæр адæмы ‘хсæн цæра æмæ дзы цавæр цардарæзт уа, уый, æрмæст æбарвæнд дзыллæтæн разамынд дæттæд æмæ царв æмæ мыды ленк кæнæд.
Ницæйаг, гæбæр уды хицау у «Æнусон фæндаджы» адæмы иумæйаг фæллæйттæй йæхицæн бынтæ чи скодта, йæ пайдайаг бынат бахъахъхъæныны тыххæй йе ‘нæуынон хицауы къæхты бын атулынмæ цæттæ чи у, цæрæнбонты йæ бирæ æхцатæ балæтты чи фембырд кодта, æмæ сæ уырытæ кæмæн бахордтой, уыцы зыд æмæ кæрæф Даппи. «Фæйнæхуызон зæрдæйы» æппæрццæг сурæттæм хауы Бесæ дæр. Йæ мады ныгæнæн бон йæ сæйрагдæр сагъæс у, горæтæй йын мæрддзыгойимæ цы директор æрцыд, уый йын цæмæй æнæрæвдыдæй ма аирвæза æмæ йын йæ мады хæрнæгæй йæ зæрдæ балхæна, уый. Рагацау ын сыхæгты хæрзæфснайд уаты ‘рцæттæ кодта алцыдæр, суанг ма зынаргъ коньяк æмæ йæ уарзон еугæф дæр.
Лæууы йæ мады зианы Бесæ æмæ йæхинымæр нымайы, цас æхца йæм æрцæудзæн, уый. Æппындæр æм нæ хъары, йæ мад Адзиккайыл сæ куыдз Шариччы зæрдæ куыд риссы, уый. Тызмæгæй йыл схъæр кæны æмæ йæ иуварс атæры. Куыдз та йæхицæн бынат нæ ары, æрхæндæгæй згъоры Адзиккайы чырыны фæстæ уæлмæрдтæм. Бесæ, горæтмæ цæугæйæ, йæ мады ингæнмæ кæй баздæхдзæн, уый йæ уырны, йæ машинæйы уынæр ын хъусы æмæ йæм йæ къæдзил тилы, фæлæ диссаг не ‘рцыди. Бесæ уæлмæрдты цурты горæтмæ афардæг и, куыдз та, ингæныл дæлгоммæ хуысгæйæ, баззади. Нæ йын рох кæны йæ рæвдыд, йæ фæлмæн дзыхы ныхас, йæ къухты бандзæвд æмæ, йæ уд исгæйæ,æнхъæлмæ кæсы, дун-дунетыл ын æппæтæй зынаргъдæр чи у, уыцы адæймагмæ…
Чиныгкæсæгмæ æнæуынондзинад æвзæрын кæны «Чи цы кæны, уый — йæхицæн»-ы сæйраг архайæг Хизир дæр. Дохтыр уæвгæйæ исы гæртæмттæ, йæхицæн кусы æхцатæ, рынчынты рис æм æппындæр нæ хъары. Йæ машинæйæ æрыгон лæппуйы чи скъуырдта æмæ йæ рынчындонмæ чи баласта, уыцы лæгæй цалынмæ дзæвгар æхцатæ райста, уæдмæ фыдбылызы бахауæгæн операци кæнын нæ бакуымдта. Æхцатæ йæ дзыппы куы нывæрдта, уæд сразы и, фæлæ байрæджы и. Лæппу разынди йæ фырт æмæ операцигæнæн палатæйы амарди…
Фæсарæйнаг æмæ уырыссаг классиктæ сæ уацмысты худтысты, цагъайраджы миддуне кæмæн уыди, ахæм ницæйæгтыл. Ирон царды бындурыл æнцайгæйæ, цагъайрæгты æгад митæ хурмæ хæссы Изæтбег дæр. «Æвæрд хæзна»-йы сæйраг хъайтар Дыттыл мæгуыр цæрæг адæймаг у æмæ йæ фæнды, дзыхъхъынног «джип»-тæ æмæ «мерседес»-тæ зæронд дзабыртау чи раивбаив кæны, йе ‘хцатæн сæ нымæц дæр чи нæ зоны, уыцы хъал Гæгудийы фарсмæ уæвын. Æмæ йын ахæм фадат фæци. Гæгудийæн амарди йæ мадыфсымæр Темыр.
«Куыд нæ рахъыг кæндзæн ахæм хæрæфырт йæ арфæйаг хæрзгæнæджы судзаггаг мардыл?» — хъуыды кæны Дыттыл æмæ йе ‘рдхорды зæрдæ балхæныны тыххæй цæуы, йæ цæсты кæронæй дæр кæй никуы федта, хъæугæ дæр æй чи нæ кæны, уыцы лæджы зианмæ. Арв æмæ зæхх кæрæдзи кæй хойынц, горæты уынгты донæй азмæлæн кæй нæ ис, уый дæр æй нæ уромы. Йæ зæрдæйы тугтæ кæлгæйæ такси баххуырста, Гæгуди йын номхыгъды йæ мыггаг куы нæ фена,куы йæм фæхæрам уа æмæ йын куы ницæмæй баххуыс кæна, уый тæссæй ма мæрдджынтæн сабæттаг дæр радта. Адæмы ‘хсæн йæ хæлары агуры, фæлæ йæ нæ ары.
«Гæгуди йæ хуыссæнæй сыстын нæ бафæрæзта, æндæр Темырмæ йæ цыппæртыл дæр æрбабырыдаид. Рынчынфæрсæг æм бауайын хъæуы», — йæхицæн зæрдæтæ æвæры Дыттыл æмæ йæм фæтындзы. Куыддæр стыр фæндагмæ рахызти, афтæ йæ размæ фæци урс-урсид «джип». Йæ цурмæ куы ‘рбахæццæ и, уæд дзыхълæуд фæкодта, æмæ йæ хъусты азæлыди Гæгудийы барджын хъæлæс:
— Салам мæ хорз хæлар Дыттылæн!
— Гом рудзынгæй йæм йæ фидар къух æрлæвæрдта æмæ йæ, хынджылæггæнгæйæ, фæрсы:
— Дæ хорзæхæй, афтæ кæм ныддонласт дæ?
— Абондæргъы зианы фæлæууыдтæн æмæ… —
Æз та райсомæй нырмæ рестораны удхар кæнын, — йæ ныхасы разæй фæци Гæгуди. — Мæ усы ‘мхæрæфырт йæ куывдмæ амæй ай стырдæр лæгты ‘рхуыдта, æмæ, дам, сæ хорз фенæм, хъæстагæй нæ куыд нæ ацæуой.
Ацы радзырд рахонæн ис «Цагъары цагъар», уымæн æмæ Гæгуди дæр цагъайраг у. Кæмæй спайда кæны, уый фæуадзы æмæ ‘ндæр хъæздыджы бын абыры. Ахæм цагъайраг у Алмасхан дæр. Æхсæнадон къæпхæнтыл бæрзонд схызти æмæ схъæздыг и, йæ цагъайраг удыхъæд та мæгуырдæр фæци. Хорзы никæмæн бацыди, йæ бинонты цард нæ сарæзта, иу адæймаджы дæр нæ самондджын кодта, уымæн æмæ хиуарзон у, хур ын æрмæстдæр йæхи куы тавид, уый йæ фæнды. Гæгуди дæр уымæ бæллы.
Цомартаты Изæтбег æнæ рæсугъддæргæнæн ахорæнты хъæстæйæ ‘вдисы, фæстаг азты нæ бæстæйы цы цардарæзт ныффидар и, уый дæр æмæ нæ дисы ‘фтауы йæ уæззау фæстиуджытæй. Чиныгкæсджытæн ахъуыдыйаг у базары хицау, пъæлицæ æмæ давджыты фидар бастдзинад, дины кусæджы æмæ лæгмары иудзинад, æгъдауæвæрджыты æмæ рэкетирты æмуд ахаст. Радзырд «Æнахуыр цæдис»-ы Надиффæйæн базары йе ‘хцатæ куы адавтой æмæ директор, пъæлицæ æмæ дзыпкъахджыты хъуыддæгтæм лæмбынæг куы ‘ркасти, уæд зæрдæбынæй ныккæрзыдта:
«Мæгуыр нæ бон. Цы ‘хсæнадмæ ‘рбахауæм. Кæм цы цæстфæлдахæг и, уыдон дзаджджын къæбицы æрæмбырд сты æмæ нын нæ судзгæ цæссыгтæй æхсад капеччытæ стигъынц. Дæлдæр фæуай, мæ гæныстон бæстæ, кæд ды цæрынæн нæ бæззыс! Æниу дæ цы домын? Йæ сæргъы хуызæнæн лæг сæвæрын чи нæ фæразы, уымæй цы бацагуырдæуа? Сæфт æмæ сæфт».
Царды цы ивддзинæдтæ ‘рцыди, уыдонмæ фыссæг куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы. Æфхæрд адæмимæ зæрдæбынæй хъæрзы æмæ сæ аразы сæрибардзинадмæ. Фашистты ныхмæ хæсты быдыры хъæбатырæй чи хæцыди æмæ дзы йæ зæнг чи ныууагъта, уый,зæххыл бадгæйæ, уыны мæгуыргур сывæллоны, йæ фæстаг сом ын дæтты æмæ йæм дзуры:
— Фидар лæуу, мæ хъæбул. Разæй дæм бирæ зындзинæдтæ ‘нхъæлмæ кæсы. Адæмы знæгтæ нын нæ тугвæллой байстой, фæстæмæ йæ ‘нцонæй нал ратдзысты, æмæ дæхи карз тохмæ цæттæ кæн, кæд дæ цагъайраджы къæлæт хæссын нæ фæнды, уæд.
«Йæ бон йæ бартыл тох кæнын кæмæн нæу, уый æвæрæз цагъайраг у. Адæймаг адæймаг кæй у, уый тыххæй хъуамæ сæрыстыр уа æмæ Алмасханы, Уарийы æмæ «Бæсты бикъ, комы дæгъæл»-ы сæйраг архайæг Алиханы хуызæн фæлывд, былысчъилгæнæг,æдзæсгæмттæн фосы бынатмæ тæрын ма кома», — ахæм хъуыдымæ ‘рцæуы чиныгкæсæг, Цомартаты Изæтбеджы радзырдтимæ лæмбынæг куы базонгæ вæййы, уæд. Фыссæг нын нæ лæмæгъдзинæдтæ æмæ къуыхцытæ аивадон фæрæзтæй биноныг æвдисы, цæмæй сæ фервæзæм æмæ зæрдæхæлардæр, рæстагдæр æмæ сыгъдæгдæр уæм, цæмæй æгъдау, уаг æмæ ‘фсарм æмбарæм, цæмæй нæ хæрзгæнджыты æмæ нæ фыдгæнджыты кæрæдзийæ иртасæм, цæмæй нæ вазыгджын царды бырынцъаг фæзилæнтыл бæстондæр хъуыды кæнæм æмæ дзы æнæсрастгæнгæ рæдыдтытæ ма уадзæм.
Нæ зындгонд фыссæджы ног чиныг «Хурмæзилæг» Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы аккаг кæй у, ууыл æз дызæрдыг нæ кæнын.
БУТАТЫ-ХЕСТАНТЫ Победæ, журналист