Сæйраг тæрхондоны сæрдар йæ хæстæ æххæст кæнын райдыдта

0
384

 

«Цæгат Ирыстоны мыл тынг æхсызгонæй сæмбæлдысты, стыр бузныг уын фæуæд. Куыд зонут, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир ПУТИН, 2018 азы 7 июлы, йæ уынаффæйæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæйраг тæрхондоны сæрдарæй ногæй снысан кодта МÆХÆМÆТТЫ Ахуырбеджы фырт Бекы. Уый у бæрзонд квалификацийы юрист, дыккаг квалификацион къласы тæрхонгæнæг. Ныронг Мæхæмæтты Бек йæ куысты цы зонындзинæдтæ, арæхстдзинæдтæ æмæ хъæппæрис равдыста, уый тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон хæрзиуджытæй», — знон Уæрæсейы Федерацийы Сæйраг Тæрхондоны сæрдары хæдивæг Сергей РУДАКОВ раныхас кодта кадджын æмбырды.

Æмбырд арæзт æрцыд, РЦИ-Аланийы Сæйраг тæрхондоны сæрдар Мæхæмæтты Бек йæ хæстæ æххæст кæнын кæй райдыдта, уый фæдыл. Федералон ведомствойæ æрвыст лæгæй уæлдай дзы архайдтой РЦИАланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Цæгат Кавказы тæрхонадон системæйы, тæрхондæттимæ æмгуыстад цы федералон æмæ регионалон ведомствотæн ис, уыдоны разамонджытæ, нæ республикæйы тæрхондæтты кусджытæ. Æрбацæуæг адæмы суазæг кодта Парламенты æмбырдтæаразæн зал.

Сергей Рудаков йæ раныхасы куыд бафиппайдта, афтæмæй Мæхæмæтты Бек Сæйраг тæрхондоны сæрдарæй кусын райдыдта 2012 азы 17 сентябрæй фæстæмæ. Йæхи базонын кодта куыд арæхстджын, дæсны разамонæг. «Куыст афтæ рацарæзта, æмæ тæрхондæтты фæбæрзонддæр ис бæрнондзинад, алцыдæр конд цæуы, цæмæй кæддæриддæр уæлахиз уа закъон. Уæрæсейы Президент стыр аргъ скодта Мæхæмæтыфырты архайдæн, ног æмгъуыдмæ йæ кæй снысан кодта, уый æвдисы, йæ зæрдæ йыл кæй дары, кæй йыл æууæнды, уый», — загъта ныхасгæнæг.

Куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны Сæйраг тæрхондоны архайд, æнæмæнг, хорзæрдæм зыны нæ бæстæйы раст тæрхонады хъуыддагыл. Сергей Рудаковы хатдзæгмæ гæсгæ, тæрхондæтты хуызæнæн куыстимæ баст у паддзахады демократон рæзт: «Граждæнты бартæ закъоны фæрцы хъахъхъæнгæйæ сымах æвдисут, закъонæй бæрзонддæр кæй ницы ис, уый». Æмбырды архайæг арфæ ракодта тæрхонгæнджытæн, сæ куыст бæрнонæй кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй.

Дарддæр æмбырды раныхас кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Уый æхсызгон æгасцуай загъта æппæт уазджытæн дæр, арфæ ракодта Мæхæмæтты Бекæн, бафæдзæхста йын, цæмæй дарддæр дæр, афтæ бæрнонæй йæ цæст дара республикæйы тæрхонадон хъуыддæгтæ æххæстгонд куыд цæуынц, уымæ. «Уæрæсейы Президент Владимир Путин йе ‘ууæнк равдыста, уымæй дыл æвæрд æрцыд уæлдай хæс. Махæн сæйрагдæр у нæ граждæнты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын. Уыцы нысан нæ размæ сæвæрдта бæстæйы Президент йæ æрвылазон Ныстуаны дæр. Фæстаг заманты адæм арæхæй-арæхдæр сæ фарстатæ лыг кæнынц закъоны фæрцы, сæ курдиæттæ æрвитынц тæрхондæттæм. Уымæй фылдæр æмæ ахадгæдæр кæнынц тæрхондæтты æмæ сæ кусджыты хæстæ. Мæ зæрдæ уе ‘ппæтæн дæр зæгъы æнтыстдзинæдтæ, фæрныгад. Бузныг ма мæ зæгъын фæнды Сергей Рудаковæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы Сæйраг Тæрхондоны Сæрдар Вячеслав Лебедевæн, Цæгат Ирыстонмæ се ‘ргом кæй здахынц, уый тыххæй», — загъта Битарты Вячеслав.

«Æхсæз азы размæ дæр куыд нæ тыхстаин, фæлæ ныр ноджы стырдæр бæрнондзинад æнкъарын. Бузныг зæгъын мæ фæнды Уæрæсейы Президент Владимир Путинæн, Уæрæсейы Сæйраг Тæрхондоны Сæрдар Вячеслав Лебедевæн, нæ бæстæйы Сæйраг Тæрхондоны кусджытæн се ‘ууæнчы, нæ куыстæн нын ахæм стыр аргъ кæй скодтой, уый тыххæй. Æнæмæнг, æппæт уыцы хъуыддæгты ис бирæ адæмы фыдæбон, уымæн æмæ раст тæрхонад фидар кæнынц сæдæгай æмæ сæдæгай тæрхонгæнджытæ. Сæ хæстæ зæрдиагæй кæй æххæст кæнынц, закъон цы амоны, уымæй дарддæр кæй нæ хизынц, уыдæтты фæрцы нæ къухы æфты æнтыстдзинæдтæ», — Мæхæмæтты Бек бузныджы ныхæстæ загъта кадджын æмбырды æппæт архайджытæн дæр.

Уымæй рохуаты нæ баззадысты, районты цы тæрхонгæнджытæ кусы, уыдон дæр. Ацы æмвæзады архайд у бирæвæрсыг, зын, фæлæ уæддæр кусджытæ сæ бæрнондзинад æмбарынц, æппæт мадзæлттæ дæр кæнынц, цæмæй граждæнты бартæ хъахъхъæд æрцæуой, уымæн. «Махмæ цы бартæ хауы, уыдоны фæрцы хъуамæ æппæт тыхтæй дæр архайæм, цæмæй Цæгат Ирыстоны дæр æмæ не стыр бæстæйы дæр сæрæвæрæнæн уа закъон», — фæсидтис Цæгат Ирыстоны Сæйраг тæрхондоны сæрдар Мæхæмæтты Бек йе ‘мкусджытæм.

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here