0
6

Бастдзинады уавæр
фæхуыздæр

Цалдæр азы размæ дæр ма дызæрдыггаг уыд, регионалон оператортæн хи бастдзинады центр хъæуы, æви нæ, уыцы фарста. Нæ рæстæджы, кибератакæтæ куы сарæх сты, уæд цард равдыста, йæ сарæзт æнæмæнг хъæугæ æмæ ахсджиаг кæй у, уый. Ныр дызæрдыггаг нал у, «Глобал Алания»-йы фыццаг «Бæрæггæнæнтæ бæстон кæныны центр «Кавказ» республикæйы арæзт кæй æрцыд æмæ кæй рапарахат, уый.

Хи сарæзт фæзуат операторæн фадат дæтты контент-провайдерты  æндæр оператортимæ комкоммæ иу кæнынæн. Базарады архайджытæ йæ куысты ахадындзинадæн стыр аргъ кæнынц, уыцы схемæ зынгæ фæхуыздæр кодта бастдзинады хæрзхъæддзинад. Бæрæггæнæнтæ бæстон кæныны проект фæзынд 2018 азы, республикæйы æнтыстджынæй кусы йæ пилотон зонæ, Ирыстоны йын ис цалдæр фæзуаты. Нæ уацхæссæг уыд, æцæгæлон адæймагæн кæдæм нæ фæтчы бацæуын, уыцы зонæйы. Центры техникон рæзт æмæ инновациты фæдыл директор Максим Артамонов æй базонгæ кодта сæ куысты иуæй-иу фæзилæнтимæ:

– Центр æхгæд зонæ у, хъахъхъæд цæуы сарæзт æдасдзинады тæлмы, цæмæй, интернетмæ бахизгæйæ, ныхилджытæн фадат ма уа уырдыгæй бæрæггæнæнтæ исын. Центры сæйраг хæс у, проекттæн бынæттæ Цæгат Ирыстоны, стæй Цæгат Кавказы фæзуаты кæнын, уыдон физикон, стæй ай-ти æгъдауæй, кæнæ та кибератакæтæй хъахъхъæнын. Ныридæгæн дзы клиенттæ уæрæх пайда кæнынц. Хæстæгдæр центртæ, мах бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сты Мæскуы æмæ Самарæйы. Нæ регионы стæм иунæг, стæй фыццаг. Уæрæсейы кæмфæнды ма цæрæд адæймаг, йæ бон у нæ центрмæ йæ бæрæггæнæнтæ бахæссын. Куысты æмвæзад æмæ хæрзхъæддзинадмæ гæсгæ архайд цæуы афтæ, цыма, цы горæты цæры, уым ис æппæт информаци дæр. Ныридæгæн нæм ис, æмархайд кæуыл цæуы, ахæм программæтæ æмæ проекттæ.

Сарæзт «Бæрæггæнæнтæ бæстон кæныны центр» ивы провайдеры бизнес – модель дæр. Кæд ыл раздæр æрмæст интернетмæ бацæуыны хæс æвæрд уыд, уæд ныр та фадат дæтты тæрхæджыты, серверты равæрд, фæстауæрц къопитæ ‘мæ хъахъхъæд бастдзинады каналтæ арендæйы дæттын. Уый куысты æмвæзад систа уæлдæр къæпхæнмæ. Дзæуджыхъæуы фыццаг Бæрæггæнæнтæ бæстон кæныны центры хъомыс у 1 МВт, йæ кусæнгæрзты 70 проценты сты Уæрæсейы уагъд. Йæ инфраструктурæ баст у Цæгат Кавказы  бастдзинады хæххыты цыды тагъддзинадимæ, стæй трафик ивыны сæйраг центртимæ.

– Проект ахсджиаг у æдасдзинады инфраструктурæйæн, Цæгат Кавказы регионы цæрджытæн фадат дæтты Федералон зылд æмæ Мæскуыйы æппæт оператортимæ  бастдзинадæн. Ис фадат регионы сæйрагдæр горæттимæ, стæй Краснодар æмæ Ростовимæ суткæйы дæргъы баст уæвынæн. Уый цы дæтты? Тæссаг уавæры дæр куыст не ‘рлæудзæн, трафик йæхи æгъдауæй рахиздзæн уæлæмхасæн каналтæм, æмæ кибератакæ клиентты куыст нæ бакъуылымпы кæндзæн, – зæгъы Максим.

Сæ сæйрагдæр сервистæ сты офисты, уырдæм сын сæ куысты къуылымпыдзинæдтæ аиуварс кæнын центры бон нæу, сигнал сæм нæ фæхæццæ уыдзæн. Бæрæггæнæнты центримæ кусгæйæ та цæуынц хъахъхъæд: электрон рухс сæм цæуы æнæрлæугæйæ. Суанг, куы ахуыссы бынаты, уæддæр куыст не ‘рлæудзæн, дизелон автоматон генератор уымæн фадат дæтты. Клиенты сæр нæ риссы, аппаратурæ стæвд уыдзæн æмæ ахуысдзæн, ууыл. Программæ уый дæр йæхи æгъдауæй банывыл кæны, дзуапп дæтты зынгсирвæст æмæ ‘цæгæлон адæймаг, фыдгæнæг  бæрæггæнæнтæм ныхилыны хъуыддаг не ‘руадзынæн дæр. Куыд уынæм, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ахæм центры сарæзтæн егъау ахадындзинад ис. Йæ фæрцы хæрдзтæ зынгæ фæкъаддæр сты, фæфылдæр йе ‘ууæнкдзинад æмæ технологион хæдбардзинад.

– Мæ куысты уыдысты ахæм клиенттæ, кæцытæн сæ сервертæ ‘вæрд уыдысты, кæм не ‘мбæлы, ахæм рæтты. Кæмæндæрты – суанг пъадвалты дæр. Уавæр банывыл центр «Кавказ»-ы фæрцы. Дзырдæн зæгъæм, рухс куы ахуысса, уæд, компьютеры цы бæрæггæнæнтæ ис, уыдон фесæфдзысты. Махмæ – нæ, суанг, интернет куы фесæфа, уæддæр сæ фесæфынæй тассаг нæу. Сæ бахъахъхъæнынæн ис цалдæр къæпхæны, бацыдысты йæм æппæт оператортæ дæр. Уымæй куыст зынгæ фæахадгæдæр. Æмдзу кæнæм магистралон оператортимæ, ис нын семæ бастдзинад. Иуныхасæй, физикон æмæ кибератакæйы фæдыл æдасдзинады фарстатæм цæуы лæмбынæг цæстдард, уымæй æххæст кæнæм «Бæрæггæнæнтæ бæстон кæныныны центр»-ы нысан.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here