«Мамысон»-ы дарддæры райрæзт

0
8

Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров хъуыддаджы балцы сæмбæлд Цæгат Ирыстоны. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ равзæрстой алы афонты кусæг туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы транспортон, коммуналон, туристон инфраструктурæ.

Æмбырдмæ рахастой курорты дарддæры рæзты, инвестицион проекттæ царды уадзыны, зымæгон афонмæ цæттæ кæныны фарстатæ уыдысты сæйрагдæрты ‘хсæн. Нырмæ уал хицæн инвестортæ курорты рæзтмæ бавæрдтой 6,89 миллиард сомы, уæлдай ахадындзинадимæ экономикон бынатмæ хицæн амалхъомтæ хъавынц 26,9 миллиард сомы бавæрын. Курорты фæзындзæн ног 17 фысымуаты, æхсæвиуат бакæныны 193 объекты, 25 рестораны æмæ кафейы. Проекттæ царды куы бантысой, уæд туристты размæ рахæссдзысты фысымуæтты 6,1 мин бынаты, фæзындзæн дзы 1346 кусæн бынаты.

Ныртæккæ «Мамысон»-ы ис 176 кусæн бынаты, фысымуæтты объекттæ, кафетæ, ресторантæ, рæстæгмæ хъæугæ спортивон  ифтонггæрзтæ райсыны пункттæ, æндæр лæггæдтæкæнæг офистæ дзæбæх архайынц. Инвестортæ зымæгмæ аразынц фысымуæттæ, ацы азы кæронмæ курорты байгом кæндзысты æхсæнадон хæлцы куыстуæттæ, кусджытæн – æмдзæрæнтæ.

Сергей Назаров куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахсджиаг у курорты нывыл райрæзт, йæ инфраструктурæ хъуамæ уа туристты домæнты аккаг. «Цыдæриддæр дзы объекттæ кусы, уыдонæн сæ архайд хъуамæ уа æнæкъуылымпы, курорт æвзардзæн æрбацæуæг туристты «уæз» æмæ хъуамæ уымæ цæттæ уа», — загъта Уæрæсейы Экономикон рæзты министры хæдивæг.

«Мамысон»-ы нырмæ сарæзтой хæххон лыжæтыл бырæн, йæ дæргъ 20 километры кæмæн у, ахæм трассæтæ, дыууæ рæтæн фæндаджы. Ацы азы фараст мæймæ курортмæ æрбацыд 60 мин туристы. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй курорт «Мамысон» туристты зæрдæмæ фæндаг ссардта. «Мах хæс та у уазджытæн æппæт фадæттæ саразын, нæ уыцы куысты нын хорз ахъаз сты федералон разамынд. Нæ курорт хъуамæ нæ бæстæйы картæйы тагъд сæрттива», – радзырдта республикæйы Сæргълæууæг.

Рæгъмæ цы фарстатæ рахастой, уыдонимæ уыдысты хæххон трассæтæ кæнгæ митæй ифтонг кæныны нысантæ дæр. «Кавказ. УФ»-йы специалисттæ уæлæмхасæн ифтонггæрзтæ сæвæрдтой, агрегаттæ æмæ æлхъынцъытæ баивтой. «Кавказ. УФ»-йы генералон директор Андрей Юмшанов куыд радзырдта, афтæмæй кæнгæ миты хызæг скуыста 2025 азы, йæ бон у 276 мин квадратон метры кæнгæ митæй æхгæнын.

Ацы ахсджиаг фембæлды ныхас рауад æндæр вазыгджын фарстатыл дæр.

 РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here