Хорз кувæг лæг — Хуыцауысконд

0
641

 

Рагæй-æрæгмæ дæр ирон адæм Хуыцаумæ кувæг сты. Мæныл ныр 85 азы цæуы, фæлæ мæ фыдыфыд Аслæмырзæ Хохы Карцайы куы цард, уæддæр куывтой Иунæг Скæнæг Хуыцаумæ, уæдæ уый фыд дæр афтæ. Уый æз хъуыстон мæ фыд Хамырзæйæ (рухс дзæнæты бадæд).

Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм кувын хорз у, сыгъдæгзæрдæйæ сæм куы кувай, уæд. Уыдонмæ кувын домын нæу, фæлæ курын у. Кувæг лæг алкæддæр Хуыцауæй куры æнæниздзинад, бинонты фарн, сабырдзинад, Хуыцау зæхмæ хæсты зынг куыд никуал æруадза, адæммæ хорз зонд куыд æрцæуа æмæ æфсымæрты цард куыд кæной æмæ ма бирæ æндæр хорздзинæдтæ.

Фæлæ адæм се ‘ппæт иухуызон не сты. Ис ахæмтæ, æмæ йын нæдæр Хуыцау ис, нæдæр дзуар. Иуæй-иутæ сты æдзæстуарзон, фыдзонд, фыдзæрдæ. Ахæмтæ искæй зындзинадмæ райгæ кæнынц, искæй æнтыстмæ сæ цæстыты фиутæ тайынц.

О, фæлæ, æцæг ирон, Хуыцаумæ кувæг лæгæн æмбал нæй: йæ зæрдæ — сыгъдæг, йæ цæстæнгас — уарзон, йæ рацыд — аив, йæ ныхас — фæлмæн æмæ зондджын, æфсармджын, йæ ныхасæн — хицау. Ахæм лæгæй фæзæгъынц — Хуыцауысконд лæг.

Иу бон мæ гæххæттытæ ракалдтон æмæ дзы ссардтон иу æмдзæвгæ, «Куывд», зæгъгæ. Кæстæр, дам, хистæрæн йæ ныфс, йæ цæстырухс, йæ зæрдæйы рухс, йæ зæнджы магъз у.

Ацы æмдзæвгæ ныффыста Баситы Зæлинæ. Кæстæрмæ уарзондзинадæй, зæрдæйы рухс æмæ зонды рухсæй йæ кæй ныффыста, уый дзы ирдæй зыны.

 

Нæ вæййы цард æдзухæй дæр æнæмæт,

Нæу алкæмæ дæр хорзæхтæй рæдау.

Дæ къухты ис, дæ бары ис дæ хъысмæт,

 Фæдзæхсын дыл мæ кæстæры, Хуыцау!

 

Йæ цардвæндагыл бирæтыл æмбæлдзæн,

 Кæйдæр зæрдæ дзы разындзæни сау,

Кæмæдæр дзы æфсармдзинад нæ уыдзæн,

Фыдæнхъæлæй йæ бахиз-иу, Хуыцау!

 

Фылдæртæ сты кæрæф зондæй æнгæстæ,

 Фылдæртæн у сæ хорздзинад æфстау

Æмрæнхъ сæ фарсмæ ма ‘рлæууæд мæ кæстæр,

Зæрдæхудтæй йæ бахъахъхъæн, Хуыцау!

 

 Æвиппайды куы асæттой йæ тыхтæ,

Куы фæдзæгъæл уа а-зæххыл, куырмау,

Мыййаг, куы слæууа ‘ппæт дуне йæ ныхмæ,

Мæ кæстæрæй-иу ма аздæх, Хуыцау!

 

Раздæр-иу нæ кæстæртæ хорз хистæрмæ хурмæ кæсæгау кастысты, хистæры ракуывд та кæстæрæн уыд царды скъола, бирæ хорздзинæдтыл ахуыр кодта, æрмæст бахæрын æмæ баназыны охыл нæу ирон фынг. Хорз хистæрæй фынджы кæстæртæ, уырдыглæуджытæ хъуыстой къæрцгæнаг фæрнджын ирон ныхас æмæ йæ сæ зæрдæтæм арф истой, фæлтæр фæлтæры ивы, æмæ уыдон дæр искуы хистæры бынатмæ кæй хъæуы, уый сын æмбарын кодтой.

Абон ахæм рæстæг æрцыд, æмæ хорз кувæг хистæрты цæстырухсæй бахъæуы агурын. Кæрæдзимæ фæхатынц зианы уа, цины, ды хистæрæн сбад, зæгъгæ. Ау, лæгыл 60, 70, 80 азы куы цæуа, уæд, цалдæр рæгъы, цалдæр сидты фæд-фæдыл куыд кæнын хъæуы, уый куыд нæ хъуамæ зона? Ирон хæдзæртты не схъомыл вæййынц æви цы?

О, фæлæ цавæр хæдзæрттæй рацæуынц, уый бæрæг вæййы сæ уагыл дæр æмæ сæ арæхстдзинадыл дæр. Нæ фæсивæдæй бирæтæ нæ зонынц кусарт акæнын, куыд æй суæнгтæ кæнын хъæуы, уый. Раздæр та-иу сиахсы фæлварæнтæй иу уыдис, кусарт кæнынмæ куыд арæхсы, уый. Æмæ уыцы къуыхцытæ сæ хæдзæртты хистæрты аххос сты.

Зиан дæр æмæ цины хъуыддаг дæр кæстæрты лæггадæй фидауынц. Сыхы кæстæртæм уыцы хъуыддаджы хатын никуы хъуыдис, уымæн æмæ йæ нымадтой сæ комкоммæ хæсыл. Фынгмæ сæ ничи цыдис, кæд-иу сæ исчитæ æрбадтис, уæддæр-иу æгъдауыл уыд сæ бахæрд дæр æмæ сæ бануæзт дæр.

Раздæр-иу чындзæхсæвмæ чызджытæ æмæ лæппутæ цыдысты хæрзарæзтæй, аив уæлæдарæсы. Хъазтмæ-иу сæхи байстой, кафынæй дæр æмæ зарынæй дæр-иу сæ мондæгтæ суагътой. Уыдон уыдысты, хистæр хистæр кæм у, кæстæр — кæстæр, кæстæр хистæрæн балæггад кæнын цæстырухс кæм хуыдта, ахæм фæрнджын хæдзæрттæй рацæугæ. Æмæ ахæмтæй куыннæ хъуамæ рауайа Нарты Уырызмæгтæ æмæ Сатанатæ, æцæг Хуыцауысконд ирон кувæг хистæртæ.

 

 НАСХЪИДАТЫ Васили, хъахъхъæнæн куыстуат «Юстас»-ы президент

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here