Цæгат Ирыстоны кæронмæ ахæццæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды фарæстæм равзæрст Паддзахадон Думæмæ депутаттæ æвзарыны кампани. Хъæлæстæ нымад æрцыдысты, хатдзæгтæ сбæрæг сты. Цавæр сты уыцы хатдзæгтæ, стæй, куыд ацыд æвзарæн кампани, уый фæдыл ныхас кæны РЦИ-Аланийы Æвзарæн къамисы сæрдар МОРГУАТЫ Жаннæ:
– Æвзæрстытæ кæронмæ ахæццæ сты, нымæцтæ сты бæрæг. Фæлæ уыцы куыст нывыл æмæ æмбæлгæ уагыл арæзт цæмæй æрцыдиад, ууыл цалдæр мæйы дæргъы стыр куыст бакодтой мингай адæймæгтæ. Æмæ мæ ныхас абон уыдонмæ у, æппæты фыццаг та – нæ республикæйы цæрджытæм. Арфæ уын кæнын, æвзæрстыты кæй бацархайдтат æмæ уæ граждайнаг бар бæрнонæй кæй сæххæст кодтат. Уæлдай арфæ кæнын нæ ветерантæн æмæ хистæр кары адæймæгтæн, фæсивæдæн, ацы æвзæрстытæ фыццаг кæмæн уыдысты сæ царды, уыцы æрыгæттæн, хъæлæс кæнынмæ æмбырд бинонтæй чи цыд, уыдонæн.
Хицæн арфæтæ – участокты æмæ территориалон æвзарæн къамистæн. Лыг кæнын уæ бахъуыд бирæ организацион фарстатæ, къæрцхъус уыдыстут алы лыстæг хъуыддагмæ дæр, уыимæ, æнкъардтат уæ бæрнондзинад. Æвзарджытæн-иу сæ размæ сымах рацыдыстут, семæ лæгæй-лæгмæ ныхас сымах кодтат, иудзырдæй, уыдыстут республикæйы æвзарæн системæйæн йæ цæсгом.
Æвзарæн кампанийы ахсджиаг бынат ахста информацион куыст. Проект «Информ УИК»-ы фæрцы уыд республикæйы цæрджытæн рагацау æвзæрстыты æмæ дзы архайыны тыххæй бæлвырд хабæрттæ радзурыны фадат. Æвзæрстыты историйы фыццаг хатт бюллетентæ мыхуыргонд æрцыдысты уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Ацы цау уыд уæлдай æхсызгон æмæ ахсджиаг. Йæ сæххæст кæнынмæ йæ бавæрæн чи бахаста, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр – стыр бузныг.
Æвзарæн кампанийы сæйраг æгъдау уыд æргом æмæ сыгъдæг æвзæрстытæ. Алы участокы дæр куыстой цæстдарджытæ, политикон партиты, æхсæнадон организацитæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ, стæй цæстдарджытæ авд фæсарæйнаг бæстæйæ. Уымæй уæлдай, куыста Æхсæнадон цæстдарды центр, уыд видеоцæстдард. Махæн ахсджиаг уыд æппæт процедурæтæ дæр æргом уагыл арвитын, æхсæнадон цæстдардæн уавæртæ саразын, хъæлæс кæныны бæрæггæнæнтыл æууæнк куыд уа, уыл бацархайын.
Уæлдай арфæтæ – дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæн æмæ блогертææстдарджытæн. Уыдон бабæрæг кодтой алы æвзарæн участок дæр, æмæ æнгом куысты фæрцы сарæзтой сæйраг хъуыддаг – республикæйы алы цæрæгæн дæр йæ бон уыд йæхи цæстæй фенын æвзарæн участокты куыст. Журналистты репортажтæ, æрмæджытæ æмæ видео-æрмæджытæ æргомæй равдыстой æвзарæн процесс, æвзарæн кампанийыл адæмы æууæндын кодтой.
Хицæнæй банымайын хъæуы барадхъахъхъæнæг оргæнты, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады, медицинон кусджыты, энергетиктæ æмæ бастдзинады специалистты архайд, бынæттон хиуынаффæйады оргæнты минæвæртты – æвзарæн участокты æдас æмæ æнæкъуылымпы куыстыл дзуапп чидæриддæр лæвæрдта, уыдоны се ‘ппæты дæр.
Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, арфæ кæнын бархионтæ æмæ социалон къабазы кусджытæн. Уыдон зæрдиаг æххуыс бакодтой, цæмæй карджын адæймæгтæ, инвалидтæ, сывæллонджын бинонтæ хъæлæс кæнынмæ æрбацæуой, æмæ сæ фарсмæ уыдысты. Уæлдайдæр – бархионтæ-медиктæ. Уыдысты 123 адæймаджы, се ‘ппæтæн дæр бузныг, æнкъараг æмæ къæрцхъус уæвгæйæ, кæдфæнды дæр баххуыс кæнынмæ цæттæ кæй уыдысты, уый тыххæй.
Æвзæрстытæ ацыдысты бæрæгбоны хуызы. Æртæ боны дæргъы алы ‘рдыгæй хъуысыд музыкæ, зарджытæ, уыд концерттæ. Цæмæй афтæ уа, уым зæрдиагæй бацархайдтой Культурæйы министрад, стæй Физикон культурæ æмæ спорты министрад.
Стыр арфæ кæнын нæ республикæйы Хицауадæн æмæ комкоммæ республикæйы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагимæн. Уый уыд æвзарæн къамистæн æххуыс кæныны кусæг къорды сæргъы, æмæ, æвзарæн кампани æнæлазæй кæй ацыд, уым ис йæ бавæрæн. Бузныг республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн – æвзæрстытæ бацæттæ кæнынæн æмæ сæ саразынæн стыр æххуыс кæй кодта, уый тыххæй.
Абон уыцы куыст кæронмæ ахæццæ. Æмæ æвзæрстытæ закъоны бындурыл арæзт æмæ растыл нымад кæй æрцыдысты, ууыл канд бæрæггæнæнтæ дзурæг не сты. Ууыл дзурæг сты – закъон æххæст кæныны хъуыддаг, процедурæты æргомдзинад, æхсæнадон цæстдард, æдасдзинад, къамисты пофессионалон куыст æмæ алы æвзарæгæн дæр йæ конституцион барæй спайда кæныны фадат.
Æвзарæн кампани нæ республикæйы чи цæттæ кодта, се ‘ппæтæн дæр – бузныг.














