Ирыстоны культурон царды æхсызгон фæзынд у Саулаты мыггаджы курдиатджын минæвæртты сфæлдыстадон куыстыты равдыст. Ныр дыккаг хатт равдыстой ахæм хъæппæрис, æмæ та дзы аивадуарзджытæй къухбакæнæн нæ уыд. Равдыст байгом Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады дæс азы æмæ ирон адæмы Х съезды кадæн. Ацы хорз хъуыддаг саразыны тыххæй сæ фарсмæ балæууыдысты РЦИАланийы Национ ахастдзинæдты хъуыддæгты фæдыл министрад, Культурæйы министрад, Адæмы хæлардзинады хæдзар, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас», Нывгæнджыты цæдис, Саулаты мыггаджы Ныхас, фонд «АРТ-Кавказ» æмæ Хуссар Ирыстоны минæварад Цæгат Ирыстоны.
Аивадуарзджыты размæ сæ куыстытæ цы 14 авторы рахастой, уыдон сты алы професситы минæвæрттæ: нывгæнджытæ, къамисджытæ, æрмдæснытæ, архитектортæ, дохтыртæ. Бæлвырддæрæй та Хъырымы республикæйы сгуыхт архитектор-нывгæнæг, фотохудожник, Хъырымы æмæ Севастополы Ирыстоны минæвар Саулаты Валери, йæ цардæмбал Фатимæ, сæ чызг Украинæ æмæ Уæрæсейы Архитектортæ æмæ Нывгæнджыты цæдисты уæнг Саулаты Нинæ, сæ фырт Саулаты Алан æмæ йæ цардæмбал Саулаты-Тотраты Тамарæ, РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгæнæг Саулаты Сергейы, хæрдгæбыдтæгæнæг, санатори «Тæмисчъы» медицинон кусæг Саулаты Фатимæ, нывгæнæг Сайлаонты Виктория, къамисæг Саулаты Элинæ æмæ мыггаджы æппæты кæстæр нывгæнджытæ Саулаты Аланæ (2,5-аздзыд) æмæ Нинæ (5-аздзыд). Сæрмагонд ныхасы аккаг у равдысты хистæр архайæг Саулаты Азæ. Цæуы йыл 83 азы.
Саулаты мыггаг сæ хъуыддæгтæй ирон адæмы кад æмæ ном бæрзонд кæй хæссынц, уый тыххæй сын зæрдиаг арфæтæ ракодтой Национ ахастдзинæдты хъуыддæгты фæдыл министр Цуциты Аслан, культурæйы министр Милдзыхты Руслан, РЦИ-Аланийы Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Мæргъиты Таймураз равдысты архайджытæн радтой Арфæйы гæххæттытæ.
«Саулаты мыггаджы минæвæрттæ нæ дарддæр дæр цымыдисаг культурон мадзæлттæй кæй буц кæндзысты, уый нæ фидарæй уырны», — загъта Цуциты Аслан. — Мыггаг куыд æрбангомдæр кæнæн ис, кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ æмæ уарзгæйæ цы бирæ хорз хъуыддæгтæ саразæн ис, уымæн ацы равдыст у ирд æвдисæн. Фыццаджыдæр, ацы хъуыддаджы арфæйаг у Саулаты Валери, æмæ йын зæгъæм бузныг, мыггаджы ‘хсæн цы хъазуатон куыст кæны кæрæдзийыл сæ бæтгæйæ, уый тыххæй. Равдысты архайджыты куыстытæ иууылдæр алыхуызон кæй сты сæ мидис, техникæ, жанртæм гæсгæ, уый йæ кæны ноджы хъæздыгдæр æмæ бирæвæрсыгдæр — загъта «Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан æмæ Саулаты мыггаджы «Ныхас» æмæ «Стыр Ныхас»-ы Координацион советы уæнг Саулаты Валерийы схорзæхджын кодта Кады гæххæттытæй.
«Алы мыггаджы дæр ис курдиатджын фæсивæд, хистæртæ, кæцытæ арæхсынц нывкæнынмæ, къамтæ исынмæ, графикон куыстытæ кæнынмæ æмæ, куыд хорз уаид, Саулаты мыггаджы куы бафæзмиккой иннæ мыггæгæ дæр, æмæ Ирыстоны традицион куы суаид ацы хъуыддаг» — загъта Сылгоймæгты советы сæрдар Дзæхаты Ларисæ.
— Мыггаг фæрнджын хистæртæй фидауы. Саулаты Валери йæ хæлæрттæ, йе ‘мкусджыты ‘хсæн, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, Хъырымы, алы ран дæр ирон лæджы ном хæссы бæрзонд æмæ уымæ гæсгæ аргъ кæнынц ирон адæмæн. Архайы адæмы ‘хсæн хæлардзинады бастдзинæдтыл, кæстæрты рухс сомбоныл æмæ нын уымæй у уæлдай уарзон адæймаг. Нæхицæй фылдæр кад та йын кæнынц Хъырымы цæрджытæ. Уымæн æвдисæн уыдтæн мæхæдæг. Ирыстонæй уырдæм улæфынмæ чи ацæуы, уыдонæн дæр бакæны стыр лæггæдтæ, — ацы ныхæстæй равдыст адарддæр кодта РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Уататы Зелим.
Равдыст рауад æнкъарæнджын, зæрдæмæхъаргæ. Алы ныв æмæ къамæй дæр аивадуарзджытæм хъардта авторы хъарм зæрдæйы ахаст йæ уарзон Ирыстонмæ. Къамтæй бирæтæ ист æрцыдысты Хуссар Ирыстоны æмæ сæ автор равдыста æрдзы æгæрон парахатдзинад, рагон архитектурон цыртдзæвæнты монументалондзинад, зындгонд адæмты миддуне, се ‘нкъарæнтæ. Саулаты Сергейы акварельтæ та нæ ацы хатт дæр бафтыдтой хъуыдытыл. Алы автор дæр у цымыдисаг. Къултæй нæм кæсынц нæ зонгæтæ Алайнаг игуменья Ноннæ, скульптор Соскиты Владимир, Гергиты Ларисæ, маэстро Гергиты Валери, Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ иннæтæ.
Равдысты дуæрттæ аивадуарзджытæн гом уыдзысты дыууæ къуырийы.
ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ














