Йе сфæлдыстады фенæм истори æмæ цард

0
480

Адæймаг а дунемæ цавæрдæр бæлвырд нысанæн райгуыры. Фæлæ йæм алчидæр йæхи хъуыдытимæ фæцæуы. Зындгонд нывгæнæг ЛОТИТЫ Игорь дæр суанг йе ‘взонджы бонтæй зыдта, йæ цард ныв кæныны аивадимæ баст кæй уыдзæн, уый. Фидæны нывгæнæг райгуырд Буроны фæллойгæнæг бинонты æхсæн. Йæ фыд уыди шофыр, мад та куыста Беслæны нартхоры комбинаты. Лæппумæ ныв кæнынмæ стыр курдиат кæй ис, уый фыццаджыдæр рахатыдта æмæ йыл аудын райдыдта Беслæны аивадон скъолайы бындурæвæрæг æмæ фыццаг директор, Петербурджы аивадон академийы рауагъдон Тогызты Барис. Абон Игорь йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ацы адæймаг куы нæ уыдаид йæ царды фæндагыл, уæд дзы, чи зоны, æмæ нывгæнæг дæр нæ рауадаид. Уымæ гæсгæ йæ хæрзгæнæгæй кæддæриддæр бузныг у.

Игорь йæ фыццаг нывтæ кæнын райдыдта фондзаздзыдæй. Æвдыста дзы йæ бинонты сурæттæ. Уыдон уыдысты йæ удцырыны зынгыл тавс æфтауджытæ, уыдон ыл сагътой царды разæнгардгæнæн базыртæ.

Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ Игорь ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы Дзанайты Азамбеджы номыл аивадон училищемæ. Йæ ахуыры фыццаг бонтæй дзы йæ ахуыргæнджытæн йæхи базонын кодта ахуырмæ, зонындзинæдтæм тырнæг студентæй. Æмæ йын нываивады сусæгдзинæдтæ чи æргом кодта, уыцы фæлтæрдджын нывгæнджытæ дзы уыдысты кæддæриддæр разы. Йæ курдиаты гæнæнтæ фæфидардæр кæныны тыххæй Игорæн сæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæ æргом кодтой Ирыстоны номдзыд нывгæнджытæ Дзантиаты Юри, Бедойты Шалва, Челæхсаты Магрез, Хетæгты Дмитри, Цогойты Эльбрус æмæ училищейы фыццаг директор, аивадиртасæг Гæздæнты Зарæ. Ацы фæрнджын хистæрты зонд ын абон дæр у царды рæсугъд фæндаг амонæг. Æмæ йыл сæ узæлдæй цы арфæйаг хъомыс сæмбæлд, ууыл Лотиты Игорь аууон никуы ницæмæй баппæрста.

Игорь училище каст куы фæци, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы Суриковы номыл аивадон академийы. Ам дæр ын фæци хорз фадат йæ курдиаты гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæнынæн. Йæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, цыд ахуыры æмæ сфæлдыстадон куысты бæрзæндтæм. Бонæй-бонмæ йæ курдиат æмæ æрмдзæф ирддæр æмæ фидардæр кодтой. Ахуыры рæстæг йæ зæрдыл бадардта, академийы ахуыргæнджытæ фидæны нывгæнджытæн сæ сæры цы хъуыды уагътой, уый: «Сфæлдыстадон цæхæрæй хайджын адæймаг хъуамæ æрвылбон дæр йæхиуыл æнæрынцойæ зæрдиагæй куса». Уыцы зондыл Игорь фидарæй хæст кæй у, уый бæрæг у йæ æнтыстджын къахдзæфтæй аивады дунейы. Æппынæдзух йæхиуыл чи фæкусы, уый та аивады кæдфæнды дæр ссары йæхи сæрмагонд фæндаг, йе ‘рмдзæф та вæйййы хæдхуыз æмæ зæрдæагайгæ.

Ирыстоны аивадуарзджытæ Игоры фыццаджыдæр базыдтой куыд ирон зæдты æмæ дауджыты фæлгонцтæ снывгæнæгæй. Уый æнцон куыст нæ уыд. Цæмæй се сныв кæнын йæ къухы бафтыдаид, уый тыххæй Игорь бакаст цалдæр хатты Нарты кадджытæ, нæ историкты æмæ мифологты фыст чингуытæ, базонгæ, йæ рæстæджы ацы темæйыл цы нывгæнджытæ куыстой, уыдоны аивадимæ.

— Ирон адæмæн ис диссаджы эпос. Уый лæууы, бердзенты, сомихы æмæ иннæ стыр адæмты зонд æмæ хъуыдыйæ сфæлдыст чи ‘рцыд, уыцы хæзнаты æмрæнхъ, — зæгъы Игорь. —Нарты кадджыты зæдтæ æмæ дауджытæ æвдыст куыд æрцыдысты, афтæ сæ иу адæмыхатты эпосы дæр æз нæ федтон. Нæ нывгæнджытæй уыцы темæйыл уацмыстæ чи фæлдыста, уыдон зонæм не ‘ппæт дæр: Тугъанты Махарбег, Дзанайты Азанбег, Абойты Зауырбег… Фæлæ сæ æз равдыстон мæхирдыгонау, ацы нывгæнджытæй никæимæ фæхæццæ ис ме ‘рмдзæф, афтæмæй.

Ирон мифологийы зæдты æмæ дауджыты темæйыл Игорь цы куыстытæ скодта, уыдон æдæппæт сты дыууадæс. Цалдæр азы размæ ацы нывтæн сæрмагонд равдыст уыд Дзæуджыхъæуы Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы. Куы йæ гом кодтой, уæд уыцы бон музейы адæмæй къухбакæнæн нæ уыд. Равдыст фенынмæ чи æрбацыд, уыдоны ‘хсæн уыд иу ацæргæ сылгоймаг (Игорь ын йæ ном нал хъуыды кæны), уый нывгæнæджы куыстытæ куы федта, уæд йæ цины æнкъарæнтæ тыххæй уромгæйæ йæ арфæйы ныхасы загъта : «Мæнæ диссаг, кæдæй-уæдæй мæхи цæстытæй федтон, нæ фыдæлтæ кæмæ куывтой, абон мах кæмæн табу кæнæм, уыцы зæдты æмæ дауджыты фæлгонцтæ. Бузныг дын уый тыххæй, Игорь, кæй нын сæ равдыстай хæдхуыз æмæ аивæй». Æмæ Игоры йæ хъæбысы ныккодта, йæ рустыл та æруадысты цины цæссыгтæ.

Æцæг нывгæнæг æппынæдзух сфæлдыстадон æгъдауæй йæхиуыл хъуамæ куса. Аивады йæ курдиаты рæзтæн ног фæлгонцтæ æмæ гæнæнтæ куы нæ агура, уæд йæ удцырыны зынгæй адæмы зæрдæтæ йæ бон ссудзын нæ бауыдзæн. Ахæм хъуыдыйыл æнцой кæнгæйæ, Лотиты Игорь дæр цæуы йе сфæлдыстадон рæзты иу къæпхæнæй иннæмæ. Зæдты æмæ дауджыты портреттæй уæлдай ма йын бантыст, ирон адæмæй паддзахы æфсады чи службæ кодта, уыцы инæлæртты портреттæ скæнын. Уыдон ныридæгæн сты 100 фылдæр. Фæлæ ма сыл нывгæнæг кусы дарддæр дæр. Ирыстоны номдзыд æфсæддонты фæлгонцтæ ахорæнты æвзагæй равдисыны размæ дæр Игорь инæлæртты цард æмæ æфсæддон службæйы тыххæй иу æмæ дыууæ чиныджы нæ бакаст. Уæдæ иу æмæ дыууæ историон документимæ нæ базонгæ, сæ фæлгонцтæ сын, куыд хуыздæр гæнæн ис, афтæ цы хуызы равдиса, ууыл хъуыды дæр бирæ кодта, ахуыргæндтимæ, историктимæ ныхас дæр бирæ хæттыты кодта. Æмæ йæ дисы æфтыдта æмæ æфтауы абон дæр, паддзахы æфсады ирон адæмæй чи службæ кодта, уыдон куыд ныфсхаст, æхсарджын æмæ хъæбатыр уыдысты, уый. Кæд сæ службæ æнцон нæ уыд, уæддæр Ирыстоны, Уæрæсейы, нæ фыдæлты номыл, сæ мыггаджы кадыл аууон ницæмæй баппæрстой. Фæлæ æнувыд уыдысты нæ иумæйаг Фыдыбæстæ — Уæрæсейыл, æфсады æгъдау æмæ уагыл. Уыцы инæлæрттæ та чысыл нæ уыдысты. Æрмæстдæр Мæздæджы районы НовоОсетиновскы æмæ Черноярскы станицæтæй рацыд 12 инæлары! Уыдоны æмæ ма паддзахы æфсады службæгæнджыты портреттæ кæнын Лотийы-фырт йæхицæн нымайы арфæйаг хæсыл. Стыр бузныг у, йæ арфæйаг хъуыддаджы йын чи æххуыс кодта, уыдонæй — архивты, аивадон музейты кусджытæй, историктæй, ахуыргæндтæй, паддзахы æфсады службæ чи кодта, уыдоны байзæддæгтæй.

Аивады фæндагыл цы фæсивæд æрлæууыд, уыцы æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæн Игорь фæдзæхсы сæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, сæ зонындзинæдтæ æмæ курдиаты гæнæнтæ фылдæр кæныныл куыд архайой кæддæриддæр. Æмæ се сфæлдыстадон куысты ног фæндæгтæ куыд ссарой.

ГАСАНТЫ Валерии

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here