Нæ уидæгтæ. Нæ Ир. Нæ бæстæ

0
556

 

Йæ уæлныхтыл сæ хæссы…

Æхцайæ фылдæр нæм ницы ис, зæгъгæ, афтæ æрæджы схауд Анатолий Чубайсы дзыхæй. Нæ бæстæйы тыххæй йæ загъта æви йæ корпорацийы бынтæй æппæлыд, уый нал фæбæлвырд кодта…Æгайтма кæмæдæрты уæддæр ис æхца, уыимæ — тынг бирæ. Æндæр байхъус, уæд алырдыгæй сæ сыф-сыф цæуы, къуырæйттæ мæрзынц ссады тæппы тыххæй. Айразмæ Æнæниздзинад хъахъхъæнынады федералон ведомствойы уæлдæр чиновниктæй иу телеуынынады дзырдта, ома, дам, нæ бæстæйы алы фадæттæ дæр ис, цæмæй уæззау низтæй сæйæг рынчынтæ сæхи ам дзæбæх кæной. Фæлæ, дам, иутæ равзарынц фæсарæйнаг клиникæтæ æмæ, дам, уырдæм ацæуынц… Ницæмæн, дам, дзы хъæуы фæсарæнтæм цæуын…

Кæцыфæнды телеканал ма бакæн, алырдыгæй æвдисынц тыхст уавæры уæвæг рынчын сывæллæтты. Уацхæсджытæ, сабиты ныййарджытæ лæмбынæг фæдзурынц низыхатты тыххæй, цы æвзарæнтæ бавзарынц рынчынтæ, уыдæттæ. Сæ ирвæзынæн хос æрмæст фæсарæйнаг клиникæты ссарынц, уымæн æмæ фыдыбæстаг медицинæ, куыд дзы æппæлынц, бынтон ахæм нæу. Æндæр бæстæмæ ацæуынæн, операци скæнынæн та бахъæуы стыр æхца, æмæ телеканалтæй сидынц хуымæтæг адæммæ. Уæ хорзæхæй, уæ бон цас у, уыйас ахæм хыгъдмæ, номырмæ СМС-хъусынгæнинаджы фæрцы барвитут æхца, зæгъгæ.

Алы каналæн дæр ис хицæн хæрзаудæн номыр… Куыд кæмæн æнтысы, афтæ сæ капеччытæ æрвитынц «8888», «3443», «9333», «5541» «6996» æмæ æндæр номыртæм. Афтæ дæр вæййы, æмæ, цалынмæ сюжет февдисынц, уæдмæ дзыллæтæ цалдæр милуан сомы сæмбырд кæнынц. Уый фæстæ куы равдисынц, уыцы æхцайы руаджы сывæллон куыд адзæбæх, афтæ куы фæзæгъынц, мæнæ сымах фæрцы аирвæзт мæлæтæй, уæд адæймаг йæхи хуыздæр æнкъарын райдайы. Ам ма ис æндæр — хъомыладон фæзилæн дæр. Æххуысагур дзыллæтæм чи фæсиды, уæрæсейаг стыр горæтты цæрджытæ, чи зоны, сæ сыхæгтæн салам дæр чи никуы радта, дзæгъæл куыдзæн къæбæр дæр чи нæ аппардзæн, уыдон базонынц, адæм цæмæй адæм сты, æндæр цæстæй акæсынц дунемæ, бæстæмæ, йæ цæрджытæм.

Нæ медицинæйы уавæры кой куы кæнæм, уæд æй нæ абардзынæ дунейы размæцыддæр бæстæтимæ. Дунейы мидæг Уæрæсе ис 104-æм бынаты. Америчы Иугонд Штаттæ æхсай азæй фылдæр уæлæмæ скæсын кæй нæ уагътой, дунейы æппæт хæрзтæй кæй фæцух кодтой, уыцы Кубæ та ис 10- æм бынаты. Сæ бон у бæрзонд технологон медицинон æххуыс кæнын, дунейы алы рæттæй сæм цæуынц дзыллæтæ. Уыцы фæлтæрддзинад мах хъуамæ раиртасæм, ахæм цъысымы дæр сæ къухтæ куыд не ‘руагътой, цавæр мидфæрæзтæй спайда кодтой, уыдон махæн ахуыргæнæн чингуыты хуызæн хъуамæ уой… Цы ма уа дæ паддзахады цæрджытæн хуызæнæн, ахадгæ медицинон æххуыс бакæнынæй уæлдæр нысан? Йæ зæрдæйы дзæбæхæн фæсарæйнаг клиникæмæ чи араст уыдзæн?! Ныййарджытæн сæ цæстыты цур сæ хъæбул куы мæла, уæд арвы кæронмæ дæр цæттæ сты, майдыма йын кæд исты фæахъаз уаид. Дунейы цæрджыты раз сæ уæрджытыл дæр æрлæудзысты, кæмæн йæ бон цæмæй у, уымæй у — мардзæ, зæгъгæ. …Се ‘ртæ къаннæг сывæллонæй дыууæмæ æнæнхъæлæджы уæззау, тынг стæм низ кæмæн рахатыдтой, уыцы мад æмæ фыды тарст, хуыздзыд цæсгæмттæм бакæсæн дæр нæ уыд. Уæрæсейаг облæсттæй иуы цæрæг хъæуккаг бинонтæ, сæ къухтæм æмхасæнтæ чи кæны, нырма æрыгон, фæлæ фыркуыстæй чи бастад, ахæм сылгоймаг æмæ нæлгоймаг…

Мад кусы хъугдуцæгæй, йæ мызд — 15 мин сомы, фыд уал йæ куыст ныууагъта æмæ рынчын сывæллæтты хъуыддæгтыл зилы. Дохтыртæм, чиновниктæм цæуы, æххуыс агуры. Рынчынтæн хъæуы зынаргъ, зыныссарæн хостæ, ныхас цæуы милуангай сомтыл. Мадæн йæ дзыхы дæндаг дæр нал баззад, фæлæ йæ уыдæттæ не ‘ндавынц. Уацхæссæг сывæллæтты куы бафарста, цæмæ бæллут, зæгъгæ, уæд сæ фæндыди, цæмæй сын уа кæрдæгхуыз, бур æмæ æрвхуыз роликтæ… Уæззау низы ахасты кæй сты, уый нæма ‘мбарынц…

Хуыцауæй разы, кæд та не ‘мбæстæгтæ сæ ницæййаг мыздтæ æмæ пенситæй атониккой сæдæгай сомтæ æмæ сæ цуры истæмæй балæууиккой. Нæ бæстæйы Сæйраг Закъоны 41-æм статья лæвар медицинон æххуысæй зæрдæ кæй æвæры йæ граждæнтæн, уый цы дæтты?! Æрæджы йæ цардæй ахицæн зындгонд режиссер, æхсæнадон архайæг Станислав Говорухин. Йе ‘мбæлттæ куыд дзырдтой, афтæмæй тынг хъынцъым кодта, Уæрæсейыл зæрдæйæ кæй ничи тыхсы, ууыл.

Афтæ чи зæгъы, «æхцайæ фылдæр нæм ницы ис», уыцы Чубайс, йæ «фаззон æфсымæртæ» иу сæкæры заводæй иннæ сæкæры заводмæ кæй ивынц, уыдонæн сæ зæрдæтæ хъуамæ цæмæй сриссой, цæй тыххæй бамæт кæной Уæрæсейыл. Афтæ дæр сæ йæ уæлныхтыл куы хæссы…

 

Цыбыр нывтæ

Æмæ, дам, æндæр рæттæм лидзынц

 

«Мæ хойы 18-аздзыд чызг йе ‘мбалимæ куыстмæ бацыдысты ам, Дзæуджыхъæуы. Стыр организаци у, бирæ дæлхайæдтæ йын ис, раздæр уал сæ иуы бакуыстой, хæринаггæнджытæ сты, ницы сын бафыстой, мæнæ, дам, уæ иннæ ранмæ баивæм, уым кусут, æмæ уын уæ мызд иу фыст бакæндзыстæм», — æрыгон сылгоймаг, йе ‘нкъарæнтæ, йæ маст нæ уромгæйæ, дзырдта иннæмæн маршрутон таксийы цæугæйæ.

Æппындæр дæ куы нæ фæнда, уæддæр дæм ныхас куы хъуыса, уæд дæхи цы фæкæндзынæ. Сылгоймæгтæ бадтысты мæ бакомкоммæ. «Æнæхъæн аз фæкуыста сывæллончызг, капекк дæр ын нæ бафыстой, афтæмæй йæ рарвыстой… йе ‘мбал чызгимæ. Куыстуаты хицау — зындгонд лæг, хицау, йæхицæй тынг хъал, раст цыма хъабахъ акъуырдта, уыйау. Ау, йæхицæн дæр сывæллæттæ куы ис, уæд рæзгæ удты тæригъæды куыд цæуы?!.

Куы йыл бамбæлин, ницæмæй дзы тæрсын, уæд ын комкоммæ зæгъин: ды ничи дæ, æрыгон фæсивæды хъарутæй спайда кæн æмæ сæ æнæ мыздæй фетте кæн… Уый цы у?! Æмæ абон ахæм адæймæгтæ сты бынæтты» — дзырдта дарддæр сылгоймаг…

«Æмæ, дам, нæ фæсивæд æндæр рæттæм лидзынц… Уæдæ цы фæуой?..»— маршрутон такси æрлæууæн бынатмæ æрбахæццæ, рахызтæн машинæйæ, фæлæ ма ацы фарст ацахстой мæ хъустæ…

 

Æрмæстдæр — бакаст

Дзæвгар рæстæг Мæскуыйы чи бакуыста, ахæм сылгоймаджы алыхуызон æфсæнтты, уавæрты тыххæй фæстæмæ Ирыстонмæ сыздæхын бахъуыд… Йæ фыд æрбарынчын, ацæргæ адæймагмæ зилын хъæуы, цæстдарын, уымæ гæсгæ йæхицæн куыст Дзæуджыхъæуы агурын райдыдта. Йæ ахуыргонддзинадмæ гæсгæ товаровед у. Стыр дуканимæ уæйгæнджытæ кæй хъæуы, уый базыдта æмæ, хъусынгæнинаджы куыд фыст уыд, афтæ сæм бацыд…

Бирæ æрыгон чызджытæ дзы бадынц, чи сæ æвзæрста æмæ сын сæ дæсныдзинадæн аргъ чи кодта, уыдон цæмæдæр гæсгæ кастысты, чызг бæрзонд у æви ныллæг, рæхснæг æви бæзæрхыгтæ… Уалынмæ та иннæ «фæлварæн» — куыд цæуыс, уый равдис, ома, мæнæ уæлæдарæс цы модельтæ февдисынц, раст уыдонау тасгæ-уасгæ «анцай». Сылгоймаг уыдæттæ куы федта, уæд лидзæг фæцис. Йæ сæрмæ не ‘рхаста нырыккон куыстдæтджыты “барæнтæ». Уæд та уæйгæнæджы дæсныйадимæ баст исты фæрстытæ куы райхъуыстаид, кæнæ, адæмимæ куыд архайгæ у, æрмæстдæр — бакаст, дæргъ, уæрх, дæндæгты нымæц æмæ уавæр дзы бæрæг кодтой, уый нал базыдта…

 

Цæрын нырма ныр куы райдыдтай

«Цæй-ма, мамæ, абар æй, тынг дзæбæх къаба у… Дæу аккаг, йæ хуыз дæр зæрдæмæдзæугæ…» — лæгъстæтæ кæны чызг йæ мадæн, дуканийы къабатимæ рагъæны цур лæугæйæ…

Сылгоймаг дызæрдыггæнгæйæ йæ къухмæ райста къаба, стæй йæ уайтагъд ацауыгъта. «Цытæ дзурыс, нæ йæ уыныс, æгæр ирд у… Мæныл 70 азы цæуы, хъуамæ ахæм хуыз куыд скæнон…» — зæгъгæ, йæхи аиуварс кодта…

Чызг дæр æм фæцырд, 70 азы, дам, цы диссаг сты, ног закъонмæ гæсгæ, дам, ды нырма цæрын ныр райдыдтай… «Цæй-ма, мамæ, абар æй…»

 

Искæй цæсты — æрду…

Æрдзы кæнонтæн уромæнтæ æмæ рохтæ нæй, кæд æмæ цы хуызы йæхи равдисдзæн, уый ничи зоны. Ахуыргæндтæ дæр сæ иртасæнтæ кæнынц, цас сын æнтысы, уымæ гæсгæ пайда хæссынц, фæлæ сыл финансон кадавардзинад дæр бæрæг дары. Уæрæсейы азмæ наукæйæн радих кæнынц 40 миллиард доллæры, Китайы та — 540 миллиард доллæры. Уыдæттæ зынынц наукон авналæнтыл дæр, фæлæ ахуыргæндтæ уæддæр сæ архайд нæ уадзынц.

Цæугæдон Амуры алыварс тыхджын къæвдаты фæстæ хъæутæ æмæ горæттæ доны бын фæвæййынц, цæрджытæн фесæфынц сæ цæхæрадæттæ, сæ исбон. Ахуыргæндты хатдзæгтæм гæсгæ-иу ахæм донивылдтытæ æрцыдысты æнусы дæргъы 1-2 хатты, ныр та дыууæ азæй — дыууæ азмæ. Æрдзыхъæд æппæт Зæххы къорийы дæр ивы, цæргæбонты мит кæм никуы æруарыд, уым дæр æй бавзæрстой. Иу зымæгæй иннæйы ‘рцыдмæ цалдæр къуырийы кæм уыд, уым дæр хурысыгъд базыдтой. Ахæм æрдзон, бындурон ивддзинæдтæ нырма иу æмæ дыууæ нæ уыдзæн, сæ фæстæ цытæ расайдзысты, уый дæр бæрæг нæу.

Уæрæсейы иу хайы адæм фыртæвдæй дымгæйы уддзæфмæ куы бæллыдысты, уæд тыхджын къæвдаты аххосæй горæт Североуральскы ныттыдта стыр хид, коммуникацитæ арæмыгътой, доны хæтæлтæ чъизийæ байдзаг сты. Уынгтæм, бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæм машинæты ластой нуазыны дон. Афтæ арæх вæййы, æмæ, цæмæй адæм ма стыхсой, уый тыххæй мадзæлттæ фæаразынц. Фæлæ донласджытæ цæрджытæй алкæмæн дæр дон лæвæрдтой дыгай литртæ, æрмæст хъуыдис бавдисын паспорт, сывæллонæн та райгуырды тыххæй æвдисæндар. Цы сты дыууæ литры горæты цæрæгæн?

Адæмы тыхст ис бамбарæн, уырдыгæй донагур кæдæм фæцæудзынæ, æппæт горæт дæр иухуызон уавæры уыд. Фæлæ дзыллæтæ ныртæккæ цæуыл ахъуыды кæной, уый ис. Раздæр уал æрдзæн æнæвгъауæй фыдмитæ фæкодтам, нæ цæстыты раз цæугæдæтты хъомыс зынгæ фæкъаддæр, донвæдтæ хус кæнынц, цъититæ тайынц. Нуазыны доны фарста Цæгат Ирыстоны дæр бирæ рæтты карзæй æвæрд цæуы. Бынтондæр сæрды æнтæфы стынг вæййы фарста, куы иу хъæуы нал фæфаг кæны дон, куы — иннæйы. Фæлæ уæддæр хъæуæн йæ иу хайы дон фаг куы уа, уæд æмбаргæ архайды фæрцы уавæр банывыл кæнæн ис. Иу бон дон иу сыхмæ ауадз, дыккаг бон — иннæ сыхмæ.

Нæ республикæйы разамынд ацы дыууæ азы цал социалон объектыл бацархайдтой, уыйбæрц нæм раздæр азты арæзт, цалцæггонд никуы æрцыд. Уыдæттæ хъæуы нымайын. Уæдæ сæ размæ æвæрынц хæдкалгæ донвæды фæрцы республикæйы хъæутæ æмæ горæттæ донæй бафсадыны фарста дæр. Кæд вазыгджын у, уæддæр ыл архайынц. Фидисты охыл нæ, фæлæ Ирыстоны ссæдз азы дæргъы спъирт, хъæбæр нозтуадзæг куыстуæттæ нæ диссаджы дон хардз кодтой суанг техникон хъуыддæгтыл дæр. Уыимæ — æнæвгъауæй. Афтæмæй кæцыдæр районты доны æмвæзад мæры фæныллæгдæр ис. Цæмæдæр гæсгæ уæд бæстæйы Президентмæ, Иугонд Нациты Организацимæ, Евроцæдисмæ ничи хъаст кодта, телтæ сæм ничи æрвыста.

Адæм иу хорздзинадыл фæхæст сты, информацион технологитæ нæм Хуыцауы фæрцы фæзындысты, афтæмæй алчидæр ссис режиссер, оператор, комментатор. Уайтагъд тыхстдзинады, къуылымпыйы тыххæй нывтæ фелвасдзæн æмæ сæ социалон хызты равæрдзæн. Мæнæ, дам-ма, ракæсут, цытæ, дам, æвзарæм… Хъастгæнджытæй цæмæдæр гæсгæ йæхи тыххæй сюжет ничи сисдзæн, мæнæ мæ кърант не ‘хгæнын, зымæг-сæрд сыгъзæрины хуызæн дон зæхмæ згъоры, мæ сыхæгтæ та дондон кæнынц, зæгъгæ. Кæнæ мæ бырæттæ бырæтты къоппытæм никуы бахæццæ кæнын, рудзынгæй сæ разыввытт кæнын, афтæмæй мын æнцондæр у. Кæнæ мæ къæсæр, мæ дуар никуы ныммарзтон… Æмæ афтæ дарддæр.

Ау, уыдæттæ социалон хызты равæрынмæ нæ бæззынц? Æви уый мах зондахасты аккаг ракæнд нæу, æви махæн фыдкæйттæ ракæнын нæ уд нæ дзæцц у? Искæй цæсты æрду ссарын та уымæй æнцондæр…

 

Ногæй та фæрсын:

 «Аланский след» цæмæн? «Аланты фæд» цæуылнæ?

Алкæмæн дæр нæ, æвæццæгæн, йæ райсом, йæ бон æмхуызон райдайы. Фæхъавæм исты хорз хъуыддæгтæ саразынмæ, уыдоны фæдыл уынгмæ рахизгæйæ, æрмæст нæ уæлæдарæсыл нæ бамæт кæнæм, фæлæ нæ миддунейыл дæр. Хъуыдытæ, зонды зилдух рæстмæ саразгæйæ, адæймаг йæ ных скæны Хуыцауæй лæвæрд бон рæстадæй арвитынмæ. Радиойы ма куы куыстон, уæд нæ цалдæрæй арвыстой зонындзинæдтæ фылдæр кæныны курсытæм Мæскуымæ. Æрзылдыстæм Центрон телеуынынады, радиойы каналтыл, федтам, мæскуыйаг журналисттæ куыд архайынц, уыдæттæ.

Радио «Маяк»-ы студитæй иуы къулыл федтам ахæм хъусынгæнинаг: «Радиомæхъусджыты курдиæттæм гæсгæ арæзт концертты рæстæгмæ ацы æмæ ацы зарджытæ мауал дæттут». Куыд нын бамбарын кодтой, афтæмæй алы бон дæр адæм курынц уыцы-иу зарджытæ, редакцион политикæмæ гæсгæ та фегæр сты, æмæ сæ сæрмагонд хыгъдмæ рæстæгмæ бахастой. Мæхицæн арæх фæзæгъын, мадæлон æвзаджы уавæры тыххæй рæнхъ дæр нал ныффысдзынæн. Æгъгъæд фæуæд, кæмæн æмбæлы, уыдон, «Рæстдзинад» национ æппæт хъуыддæгтыл цас æмæ цытæ фæфыста, уыдæттæ куы кæсиккой, уæд ныл нырмæ дæр фæбæрæг уыдаид…

Фарон ацафон этнолагерь «Аланский след» йæ куыст куы райдыдта, уæд газеты фарсæй бафарстон: «Аланский след» цæмæн? «Аланты фæд» цæуылнæ», зæгъгæ. Афтæ дæр æй зыдтон, ацы хъуыддæгтæн бæрнон чи у, уыдон «Рæстдзинад» фыркаст бакодтой, газет сæ нывæрзæнты бавæрдтой, æмæ иу-ыл хорз фынтæ феныны охыл, алы изæр дæр афæлгæстысты. Национ хъуыддæгты фарстаты фæдыл министрад бацæттæ кодтой бирæазыккон национ рæзты концепци, ахсджиаг хъуыддæгтыл ахъуыды кодтой, банымадтой сæ. Фæлæ сæ царды æххæстгæнгæйæ, æппындæр ницæмæ равдæлд. Цы монцæн хонынц этнолагерь «Аланский след», ирон æвзаг базонынмæ нæм чи ‘рбацæуы æндæр бæстæтæй, уыдон ма («Аланты фæд» æй схонгæйæ) иу ирон ныхас дæр базониккой. Æви та министрады компьютеры дæр «Æ» дамгъæ нæ фаг кæны…

Æрбацæуæг фæсивæдæн проекты фæлгæты скæнынц бирæ ахсджиаг фембæлдтытæ, бацархайынц, цæмæй сæ национ уидæгтæ базоной, мадæлон æвзаг бауарзой. Семæ чи фембæлы, уыдон сты Ирыстоны зындгонддæр ахуыргæндтæ, аивады, сфæлдыстады кусджытæ, цы радзурой, цы бацамоной лæппутæ æмæ чызджытæн, уый сæм ис. Иу хаттæй иннæмæ мæ дисы бафтауы зындгонд режиссер Туаты Теминæ. Дисы та уымæн бафтауы, æмæ семæ фæдзуры уырыссагау, тæлмац æй фæкæнынц уазджытæн. Цымæ афтæ нæ зæгъдзысты, раздæр уал уæхæдæг куы сахуыр кæниккат мадæлон æвзаг, уæд хуыздæр нæ уаид.

Хицауады æмбырдтæ Цæгат Ирыстоны Гимнæй кæй байгом вæййынц, уый хорз хъуыддаг у. Афтæмæй чиновниктæй иуæй-иутæ ирон ныхæстæ бахъуыды кæндзысты, сæ дзырдуаты сæ бавæрдзысты. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав национ мыхуыры фæрæзтæм чиновникты æргом аздæхта, бафæдзæхста сын, цæмæй сæм фæкæсой газеттæ æмæ журналтæ фыссыны рæстæг. Уымæй иронау дзурæг, фыссæг адæмы нымæцыл нæ бафтдзæн. Цæуылнæ ис Хицауады æмбырдтæм хаст фарстатæй кæцыдæртыл ирон æвзагыл æрдзурæн? Зæгъæм, кæцыдæр министрады разамонæг йæ ведомствойы куыстæй хатдзæгтæ скæнæд иронау. Зæххыл чи не ‘рцыд, ахæм темæ нæу, алцыдæр ис ратæлмац кæнæн.

Уый уаид, ирон æвзаг паддзахадон кæй у, уый æвдисæг мадзал. Зæгъæм, Хуссайраг Африкæйаг Республикæйы ис иуæндæс паддзахадон æвзаджы, сæ хицауиуæггæнæг оргæнты кусджытæ хъуамæ æппæт æвзæгтæ дæр зоной. Махæн та нæ мадæлон æвзаг стыр бæллæхау ссис. Уæлдæр цы мадзал фæбæрæг кодтон, уый Цæгат Ирыстоны чиновниктæй куы домиккой, уæд сæ быны дон бацæуид, æцæгдæр сæ нывæрзæнты иронуырыссаг, уырыссаг-ирон дзырдуæттæ æвæрд уаид. Уыцы хъуыддаг хауы Парламентмæ дæр. Нæ Хицауадæн сæ иу хай «ралæгтæ» сты Советон Цæдисы рæстæг, хорз хъуыды кæнынц, нæ республикæйы разамонджытæй-иу, уырыссаг кæнæ æндæр адæмыхаттæй чи уыд, уыдонæн дæр-иу се ‘ххуысгæнджытæ бацæттæ кодтой газет «Рæстдзинад»-ы алы номырыл дæр афæлгæст.

Фæрсæг сонт у, фæлæ ма исчи Парламенты Сæрдар Алексей Мачневы бафæрсæд, «Рæстдзинад» фæстаг азты цæй тыххæй фыссы, зæгъгæ, кæддæра цы дзуапп раттид. Азтæ, фæндзгай, дæсгай, ссæдзгай азтæ згъорынц, Цæгат Ирыстоны уæлдæр хицаудзинады оргæнтæй официалон æрмæг ирон æвзагыл куыд не ‘рвыстой мыхуыры фæрæзтæм, афтæ ныр дæр не ‘рвитынц. Цыбыр дзырдæй — «Аланский след»…

 

Фарс цæттæ кæны БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here