11 августы горæт Пятигорскы йæ куыст райдыдта Цæгат Кавказы федералон зылды социалон-ахуырадон фæсивæдон форум «Машук-2018». Дыууæ къуырийæ фылдæр чи кусдзæн, уыцы лагеры архайджытæ æмæ уазджытæ суыдзысты 30 уæрæсейаг регионы фæсивæды минæвæрттæ — æдæппæт 2 мин адæймагæй фылдæр.
Форум байгом кæныныфæдыл кадджын æмбырды архайдтой Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Александр Матовников, УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдары хæдивæг Ольгæ Тимофеева, Нациты хъуыддæгты фæдыл федералон агентады разамонæг Игорь Баринов, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Стъараполы крайы Губернатор Владимир Владимиров, иннæ цæгаткавказаг регионты разамонджытæ, хицаудзинады федералон æмæ регионалон оргæнты иннæ кусджытæ.
Кадджын æмбырды райдайæны сценæйæ бакастæуыд, Уæрæсейы Президент Владимир Путин форумы архайджыты номыл цы телеграммæ сæрвыста, уый. Президент фæсивæдæн сæ иумæйаг æмбырды фæдыл арфæ ракодта æмæ фæнысан кодта, йæ зæрдæ сын цымыдисаг æмæ пайдайаг фембæлдтытæ кæй зæгъы, уый.
Александр Матовников йæ раныхасы куыд бафиппайдта, афтæмæй фæсивæдон форумæн ис æппæтуæрæсеон ахадындзинад. «Сымах, фæсивæд, бæстæйæн йæ ныфс æмæ йæ фидæн стут. Бæстæйы Президент нын нæ размæ цы нысантæ æвæры, уыдонæй иу у рæзты фæндагыл ахадгæ санчъехтæ акæнын. Æмæ уыцы хъуыддаджы сымахæй дæр бирæ аразгæ уыдзæн. Ацы бонты форуммæ бирæ курдиатджын, хъæппæрисджын æмæ хæларзæрдæ фæсивæд æрбамбырд. Уырны мæ, ацы уæрæх æмбырды цы зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад райсат, уымæй уæ дарддæры архайды ахадгæ пайда кæй кæндзыстут, уый», — загъта Президенты Æххæстбарджын минæвар.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ арфæйы ныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æрыгон адæймаджы уд алкæддæр тырны ног зонындзинæдтæ æмæ стырдæр æнтыстдзинæдтæм, йæ хъару æнæкæрон вæййы. «Кæд уæм уыцы миниуджытæ ис, кæд дуне хуыздæрæрдæм аивыныл хъуыды кæнут, уæд хъæугæ бынаты стут — «Машук» уын хорз фадат ратдзæн уæ хъомыс раргом кæнынæн», — загъта Битары-фырт.
Ацы аз фæсивæдон форум «Машук»-ы фыццаг рады архайынц Цæгат Ирыстоны 105 минæвары. Не ‘мзæххонтæ форумы гранттæ рамбулыны фæдыл конкурсмæ бавдисдзысты 60 алыхуызон проекты (уыдон баст сты бархионты змæлдимæ, культурæйы удварны хæзнатæ хъахъхъæнынимæ, информацион технологиты райрæзт æмæ æндæр хъуыддæгтимæ). Грантты конкурсы фонды ис 80 милуан сомæй фылдæр.
Нæ уацхæссæг














