Уæдæ куыд зынаргъ æмæ æнæферохгæнгæ у адæймагæн йæ сабидуг?! Кæд-иу скъуыдтæ дарæсы, бæгъæввадæй дæр уадыстæм, куы æххормаг, куы æфсæст æййæфтам, уæддæр, æвæдза, куыд хъæлдзæг, цардбæллон æмæ кæрæдзиуыл æнувыд уыдыстæм! Ацы къаммæ куы æркæсын, уæд мæ размæ мæ сабибонты нывтæ кинонывау æрбагуылф кæнынц, мæ цæсгомыл хуры цæст андзæвы, цинхæссæг æнкъарæнтæй айдзаг вæййы зæрдæ, банкъарын цавæрдæр æхцондзинад æмæ æгæрон мысинæгты уацары бахауын…
1957 азы Хетæгкаты Къостайы районы Райдзасты хъæуæй (ныры Назраны районы Андиркæйы хъæу) фæхицæн сты ацы цардбæллон сабитæ. Уæдæй нырмæ æхсай азæй фылдæр рацыд, фæлæ иу уысм дæр нæ рох кæнын ме ‘мкъласонты. Ех, куыд тынг мæ фæнды сæ фенын, семæ зæрдæбын ныхæстæ фæкæнын. Цымæ дзы хъысмæт кæмæн цавæр цардвæндаг саккаг кодта? Ахæм хъуыдытæ мын æнцой нæ дæттынц. Æмæ мæ зæрдæ дарын, нæ иугæнæг, нæ уарзон газет «Рæстдзинад» нæ кæд æрбамбырд кæнид.
Ацы къамы йæхи чи базона, уымæй курын, цæмæй æрбадзура телефонæй ахæм номырмæ: 8-909-475-88-57, (Чеджемты-Абайты Валя) (Зоямæ). Йæ цардæй дзы чи ахицæн, уыдон та рухсаг уæнт.
ЧЕДЖЕМТЫ-АБАЙТЫ Валя (Зоя)














