Социалон ахадындзинады объектты цæттæдзинад

0
520

 

Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей ЧЕБОТАРЕВ нæ республикæйы кусæг балцы уæвгæйæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславимæ бабæрæг кодта, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм цалдæр объекты. Семæ уыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз, нæ республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министр ИКЪАТЫ Русланбег, ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ АЗИМОВА. Уыдон бабæрæг кодтой, сæрмагонд федералон программæмæ гæсгæ Алагиры цы ног рæвдауæндон арæзт цæуы, уый. Уыдзæн дзы 120 бынаты.

— Ацы рæвдауæндонæй уæлдай, Рахизфарсы æмæ Æрæфы районты кæронмæ фæхæццæ кæны, сывæллæттæ скъоламæ бацæуыны агъоммæ кæм уыдзысты, ахæм æртæ хъомыладон артдзæсты арæзтад. Рæвдауæндæттæй сæ алкæцыйы дæр уыдзæн 120 бынаты. Уыдон арæзт куы æрцæуой, уæд республикæйы лыггонд æрцæудзæн сабитæн рæвдауæндæтты бынæттæ дæттыны карз фарста. Уымæй уылдай ма поселоктæ Дачный æмæ Иры дæр фæнд кæнæм, 120 бынаты кæм уа, ахæм рæвдауæндæттæ саразын. Мæздæджы районы та рæхджы райдайдзыстæм, 230 бынаты кæм уа, ахæм рæвдауæндоны арæзтад, — загъта Битарты Вячеслав.

Сергей Чеботарев ма бабæрæг кодта, 360 ахуырдзауы кæм уыдзæн, ахæм ног скъолайы арæзтад Елхоты. Ныридæгæн дзы арæзт цы æрцыд, уымæй баззад разыйæ. Скъола хъуамæ байгом уа ацы азы фыццæгæм сентябрьмæ. Иринæ Азимова куыд загъта, афтæмæй ног скъолайы бæстыхай æххæстæй дзуапп дæтты нырыккон техникон домæнтæн. Ахуыр кæнынæн дзы ис æппæт фадæттæ дæр, йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы скъоладзауты удæнцойдзинадæн бæстыхайы арæзт æрцыд пандустæ æмæ лифт. Уымæй уæлдай ма дзы ис уæрæх æмæ райдзаст æмбырдтæгæнæн зал сценæимæ, компьютертæй æмæ æндæр ахуырадон æрмæджытæй ифтонггонд æрцыдысты хими, биологи æмæ иннæ ахуырадон кълæстæ. Ис дзы зынгсирвæзты ныхмæ автоматикон сигнализаци. Скъола æфсæнвæндагмæ хæстæг кæй ис, уымæ гæсгæ дзы æвæрд æрцыд уынæр мынæггæнæн экран.

— Елхоты скъолайы ацы бæстыхай арæзт æрцыд 1920 азы æмæ уыд заууат уавæры. Ныр ног скъолайы ахуырдзаутæн æмæ ахуыргæнджытæн уыдзæн æппæт хъæугæ фадæттæ дæр ахуырадон æмæ хъомыладон куыстæн. Уымæ та, нæ республикæйы фæстаг рæстæг уæлдай стырдæр æргом кæй здахæм, уый бæлвырд у. Дарддæр дæр архайдзыстæм ног скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ аразыныл, — загъта Битарты Вячеслав. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ Елхоты 3-æм астæуккаг скъолайы ног бæстыхай арæзт æрцыд РЦИ-Аланийы 2016-2025 азтæн социалонэкономикон рæзты дæлпрограммæмæ гæсгæ. Программæмæ гæсгæ цы хæстæ нысангонд æрцыд уыдон царды рауадзынæн УФ-йы фæстауæрцы фондæй лæвæрд æрцыд, 290 милуан сомы куыд бюджеты æхсæн трансферт.

Сергей Чеботарев бабæрæг кодта Дзæуджыхъæуы 27-æм астæуккаг нограцарæзт скъола. Федта йын йæ ахуырадон кълæстæ, хæрæндон, æмбырдтæгæнæн æмæ спортивон залтæ.

Федералон министр æмæ РЦИАланийы Сæргълæууæг ма бабæрæг кодтой Куырттаты ком. Æмæ федтой, ам туристон комплексы арæзтад куыд цæуы, уый. Ацы проект дæр царды уагъд цæуы РЦИАланийы 2016-2025 азты социалон экономикон рæзты программæмæ гæсгæ. Туристон комплексы ис, фæндзай бынаты кæм уыдзæн, ахæм фысымуат, хæххон уавæрты къахдзоныгътæй бырæн фæзуат. Арæзтад кæронмæ куы ахæццæ уа, уæд дзы фæллад уадзынæн фадат уыдзæн 400 туристæн. Уымæй уæлдай ма дзы фæзындзæн куысты бынæттæ дæр.

Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ æмæ нæ республикæйы хицауады уæнгтимæ сарæзта кусæг æмбырд, хæххон къахдзоныгътæй бырæн курорт «Мамысон»-ы арæзтадон куыстытæ кæм цæуынц, уыцы ран. Сергей Чеботарев æмæ Битарты Вячеслав бынаты байхъуыстой профилон министрадты разамонджытæм, туристон комплекс «Мамысон»-ы арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц æмæ, дарддæр сæ размæ цы хæстæ лæууы, уый тыххæй раныхæстæм. Уый фæстæ Сергей Чебаторев æмæ Битарты Вячеслав комплексы арæзтады сæрмæ æрзылдысты вертолетыл.

РЦИ-Аланийы рæзты агентады туризмы фæрстытæн дзуапдæттæг Карсанаты Олег куыд загъта, афтæмæй комплексы æппæт фæзуат ахсы 7 мин гектары. Арæзтæдтæ бацахсдзысты 36 гектары фæзуат. Цы фысымуæттæ дзы уа, уым уыдзæн 3,5 мин бынаты. Чи дзы куса, уыдонæн та — 700 бынаты. Уымæй уæлдай ма фæнд кæнæм 35 трассæйы саразын хæххон къахдзоныгътæй бырынæн. Сæ иумæйаг дæргъ уыдзæн 50 километры.

Комплекс сифтонг кæнынмæ хъавынц къанатвæндагæй дæр. Йæ дæргъ у 12, 9 километры. Ныридæгæн туристон комплексы кæронмæ фæхæццæ кæны инфраструктурæйы объектты арæзтад. Карсаныфырт куыд загъта, афтæмæй сæ фæнды, цæмæй туристон комплекс «Мамысон»-æй рауайа æргом инвестицон фæзуат. Специалисттæ бирæ рæстæг бакуыстой комплексмæ донуадзæн хæтæлтæ æмæ рухсдæттæг телтæ бауадзыныл дæр. Нырттæккæ куыст цæуы, комплексмæ туристтæ цы фæндагыл æмæ тъунелыл цæудзысты, уый арæзтадыл.

Хæххон курортты арæзтады проекттæ аразæг специалист Вольфганг Майхофер куыд загъта, афтæмæй Мамысонгомы æрдзон уавæрты æппæт фадæттæ дæр ис хæххон къахдзоныгътæй бырæн спорты хуызы райрæзтæн. Ацы бынæттæ уарзон суаиккой куыд нæ бæстæйы, афтæ фæсарæйнаг туристтæн. Комплексы арæзтад кæронмæ куы ахæццæ уа, уæд дзы уыдзæн хæххон къахдзоныгътæй бырæн спорты хуызтæй ерыстæ аразынæн фадæттæ дæр. Туристон комплекс «Мамысон»-ы фæндаджы иу хай ныртæккæ у аразинаг. Æмбырды архайджыты ныхæстæм гæсгæ, бахъæудзæн ын æхца федералон бюджетæй райсын. Цæмæй республикæмæ финансон æгъдауæй нæ бæстæйы хицауад уæлдай хуыздæр цæст дарой, уый тыххæй бацархайын хъæуы экономикон сæрмагонд зонæйы статус райсыныл. Уый инвесторты хæстæ фæрогдæр кæнид хъалонтæ фидынæй. Афтæ куы уа, уæд инвестортæ фылдæр æргом аздахдзысты туристон комплекс «Мамысон»-мæ.

Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей Чеботарев куыд фæнысан кодта, афтæмæй нæ бæстæйы ис, хæххон къахдзоныгътæй бырæн курортты арæзтадыл чи кусы, бирæ ахæм специалисттæ. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй нырма кæронмæ бакусын хъæуы курорт «Мамысон»-ы мастер-пъланыл æмæ проектонсметон документтыл. Сергей Чеботарев та загъта, æвæстиатæй кæй хъæуы курорт «Мамысон»-ы рæзты фарстатыл архайæг сæрмагонд кусæг къорд саразын.

Федералон министры ныхæстæм гæсгæ, курорт «Мамысон» æххæстæй арæзт куы æрцæуа, уæд уый хорзæрдæм фæзындзæн Цæгат Ирыстонмæ фылдæр туристты æргом аздахыны хъуыддагыл.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here