Дзæуджыхъæуы Бутырины æмæ Бородинскаяйы уынгты тигъыл цы рауагъдад «Перо и кисть», зæгъгæ, ис, уый мидæг байгом национ канцтоварты æмæ сувенирты салон-дукани «Æртхур». Йæ байгом кæныны размæ дзы баййæфтон «Рæстдзинад»-ы раздæры кусæг, ныр та Дзæуджыхъæуы Цивилизацийы институты директор КАСАТЫ (Сакъиты) Эльзæйы.
Уый куыд загъта, афтæмæй ацы дукани йæ зæрдæмæ тынг цæуы, фыццаджыдæр, йæ нырыккондзинадæй. Ардæм цы сывæллæттæ æрбацæуы, уыдонæн сæ зæрдæмæ тынг фæцæуынц тетрæдтæ, боныгтæ, спортивон уæлæдарæс. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдоныл ирон нывæфтыдтæ, фыстытæ кæй ис, уый сын сæ тынгдæр уарзын кæны, тынгдæр сæм бахъары, ирæттæ кæй сты æмæ иронау дзурын сæ хæс кæй у, уый. Спортивон уæлæдарæстæй иуыл «Иронау мæм дзур», зæгъгæ, фыст дæр ис. Уый сæ кæны бæрнондæр мадæлон æвзагыл дзурынмæ.
Æрбахызт ацы салондукани саразæг Дзыныхты Анжелæ. Уый куыд загъта, афтæмæй дыууæ азы размæ ам фæзынд национ канцтовартæй тетрæдтæ æмæ боныгтæ. Тыхæй сæ никæмæн хъардтам æмæ хъарæм ныртæккæ дæр, сывæллæттæ сæ сæхæдæг равзарынц.
Анжелæ куыд загъта, афтæмæй ацы хорз хъуыддаг сырæзт хæрзаудæн фонд «Æртхур»-имæ æмгуыст кæнгæйæ. Фонды разамонæг у Æлбегаты Артур. Дарддæр дæр архайдзысты ахæм куыст кæныныл. Зæгъæм, уыдзæн дзы дыууадæс хуызы хуызджын кърандæстæ. Алы кърандасыл дæр иронау фыст уыдзæн: йæ хуыз сырх æмæ афтæ дарддæр. Сывæллон ныв кæнгæйæ йæ къухмæ кърандас куы райса, уæд ын йæ фыстмæ ма фæкомкоммæ уа, уый гæнæн нæй. Арв æрвхуыз цъæхæй ахорын кæй хъæуы, кæрдæг — кæрдæгхуыз цъæхæй, уый йæ нæ рох кæндзæн.
— Ирон æвзаг, ирон культурæ сывæллæттæн бауарзын кæнынæн æппæт мадзæлттæ дæр хорз сты. Мах хорзæн равзæрстам, ныртæккæ цы мадзæлттæй пайда кæнæм, уыдон, ома, цæстуынгæ мадзæлттæ, — загъта Дзыныхты Анжелæ. Салон-дукани гом кæнгæйæ ам архайдтой нæ республикæйы культурæйы, ахуырады æмæ аивады кусджытæ, мадæлон æвзаджы фидæныл, ирон фарны хъуыддæгтыл зæрдæйæ чи тыхсы, уыдон.
АБАЙТЫ Эдуард















