Æрæджы Дзæуджыхъæуы епархийы управленийы Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Алчер ЛЕОНИД фембæлд Нузалы аргъуаны цалцæггæнджытимæ: паддзахадон реставрацион институты директоры хæдивæг Сергей ФИЛАТОВ æмæ дæсны дургуыстгæнæг Руслан ЗОТОВИМÆ.
Леонид зæрдиаг арфæ ракодта Сергей Филатовæн йæ 70 азы юбилейы фæдыл æмæ реставратортæн Нузалы аргъуаны цалцæггæнæн куыстыты тыххæй радта Кады гæххæттытæ.
Специалисттæ Алчерæн бæлвырдæй радзырдтой, аргъуаны фыццаг рады реставрацион куыстытæй сæ къухы цы бакæнын бафтыд, уый тыххæй. Куыд загътой, афтæмæй уал аргъуаны къултыл цы уаз нывтæ ис, уыдон сæрмагонд фæрæзты руаджы сфидар кодтой. Аргъуаны бæстыхайы та ссыгъдæг кодтой æмæ бампъызтой, дурæвæрды ‘хсæн цы зыхъхъыртæ ис, уыдон. Ссыгъдæг кодтой, бæстыхайы дурамад, бындур, бетонæй конд конструкцитæ, скодтой, бæстыхай донкæлдтытæй чи хизы, ахæм рæстæгмæ арæзтæдтæ. Уымæй уæлдай ма аргъуаны бæстыхай сыгъдæггонд æрцыд 70 сантиметры бæрцмæ сау мæрæй. Сергей Филатов Нузалы аргъуаны дзуары нывтæ реставраци скæныныл ма архайдта 38 азы размæ. Уæд дзы куыстытæ бындуронæй конд æрцыдысты. Уый уыд ивгъуыд æнусы 80-æм азты.
Ныртæккæ аргъуан æмбæрзт цы кæразæй у, уый йæ бахъахъхъæдта æнæхъæнæй дæр заууат уавæрмæ æрцæуынæй. Уымæ гæсгæ йæ нырма нæма сисдзысты. Фембæлды ма ныхас цыд Нузалы аргъуаны алыварс археологон иртасæнтæ æмæ саив кæныны хъуыддæгтыл.
Майрæмы куадзæны бæрæгбоны ма реставратортæ бабæрæг кодтой Зруджы аргъуан дæр. Сергей Филатовы ныхæстæм гæсгæ, ацы архитектурон цыртдзæвæнæн дæр йæ уавæр зæрдæхсаинаг у. Уый ма дзы куыста Советон рæстæджыты дæр. Йæ нымадмæ гæсгæ, аргъуаны бæстыхай тагъд рæстæг куы ныккæла, уымæй тæссаг у. Сергей Филатов æмæ Руслан Зотов Алчер Леонидæн радзырдтой, Зруджы аргъуаны цавæр реставрацион куыстытæ бакæнын хъæуы, уый тыххæй.
Алчер Леонидимæ фембæлды размæ та реставратортæ æмæ паддзахадон бюджетон кусæндон «Аланийы исбон»-ы директор Габоты Людмилæ бабæрæг кодтой Хуссар Ирыстоны астæуккаг æнусты арæзт аргъуантæ. Куыд загътой, афтæмæй, уыдон дæр сты реставраци кæнинаг.
Фембæлды кæрон Алчер Леонид бузныг загъта уæрæсейаг реставратортæн сæ зæрдиаг æмæ лæмбынæг куысты тыххæй.
Дзæуджыхъæуккаг епархийы пресс-службæ














