Йæ зæрдæ ис Ирыстоны, йæхæдæг та — кæмдæр…

0
833

 

ДЖУСОЙТЫ Альберт, хуымæтæг ирон хъæуккаг лæппу, бирæ азты размæ йæ фæндаг Къуайсайæ Мæскуымæ акæнын куы сфæнд кодта, уæд æй йæ дада йæ фарсмæ æрбадын кодта æмæ загъта: «Абе, ды дæ Джусойтæй, дæ ном Альберт. Фæлæ уый сæйрагдæр нæу. Сæйраг нæу, кæдæм ацæуай, уым мæгуыр цард кæндзынæ æви хъæздыг, уый дæр. Сæйрагдæр у, ды дæхи кæмдæр куыд равдисай, уый. Уымæн æмæ дæумæ гæсгæ аргъ кæндзысты æппæт ирон адæмæн дæр, æмæ дæ курын: мæ ныстуан дæ зæрдыл дар».

Хистæрæн кад, йæ ныхасæн аргъ кæнын Джусойы-фырт гуырдзæй рахаста. Уыцы ныстуантæ зæрдыл даргæйæ, царды цæхæрæй хайджын æвзонг лæппу къæпхæнгай схызт стыр бæрзæндтæм, йæ къухы бафтыд Уæрæсейы амалхъомады сæрмагонд бынат бацахсын, ирон лæджы кад бæрзонд хæсгæйæ. Фароны бæрæггæнæнтæм гæсгæ та нымад æрцыд Тулæйы ахадгæдæр адæймæгтæй иуыл.

Джусойты Альберт у, Мæскуыйы алы къабæзты разамонджытæ, хицауады минæвæрттæ йæ ныхасæн аргъ кæмæн кæнынц, йæ арфæйаг хъуыддæгты тыххæй та кад, уыцы ирон лæг.

Йæ къухы скæнын цы бафтыд, уыдон иууылдæр — йæ уды хъару æмæ куыстуарзондзинады руаджы. Размæ та йæ кæддæриддæр хастой Ирыстонмæ уарзондзинады дыууæ базыры æмæ йын балæггад кæныны бæллиц. Йæ къухы бафтыд егъау арæзтадон компани «Стройпрогресс»-æн бындур сæвæрын æмæ йæ раззагдæрты æмрæнхъмæ ракæнын йæ куысты хæрзхъæддзинады руаджы. Аразы горæттæ, промышленнон гиганттæ, æфсæддон базæтæ алы æрдзон зонæты, суанг ма Арктикæйы дæр басгуыхт. Альберт кæд Уæрæсейы 11 регионы 9 компанийы къорды 43 организацийы апарахат кодта, уæддæр йæхи амалхъом никæд рахоны. Æз дæн аразæг, адæмæн куыстдæттæг, фæзæгъы йæхицæй. Уыдоны ‘хсæн сты: нефть амал кæныны акционерон æхсæнад «Руснефтегаз», «Евроазиатский Инвестиционный Банк», ООО «Петропавловское», ÆАÆ «Скуратовский завод «Стройтехника», ООО «Арт-Лоджистик» æмæ æндæртæ.

Стыр æвæрæн бахаста Гуырдзыйы экстремистты ныхмæ тохы национ сæрибардзинадмæ. Уæдæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æнæ æрдзон газæй цы тухитæ кодтой, уый уынгæйæ йæхимæ райста стыр хъæппæрис æмæ хæрз цыбыр æмгъуыдмæ Цæгат Ирыстонæй æфцæджы сæрты Хуссар Ирыстонмæ бауагъта газы хæтæлтæ. Проект «Дзуарикау-Цхинвал» нымад æрцыд дунейы арæзтадон индустрийы стырдæр æнтыстыл. Уымæн æмæ у, æппæты уæлоздæр хæтæлтæ уагъд кæуылты æрцыдысты, уыцы объект, уымæй дæр ма 164 километры дæргъæн. Цæгат æмæ Хуссарæй дзы цы 17 арæзтадон подрядон организацийы куыстой, уыдон равдыстой стыр быхсондзинад æмæ профессионализм.

Аргъæутты бæстæмæ бахауæгау, адæймаджы дисы бафтауы, Тулæйы облæсты Веневскийы районы 8 гектарыл Джусойыфырт цы культурон-туристон центр сарæзта — «Золотой город», уый рæсугъддзинад. Уæрæсейы уæвгæйæ, адæймаг февзæры рагон китайаг горæты. Этнографион центры ирдæй раргом цардфенæг дæсны æмæ размæдзыд аразæджы уарзондзинад Китайы архитектурæйы хигъæдондзинадмæ. Уыцы ран ис, ссæдз мин адæймаджы кæм цæуы, ахæм концертон фæз, æмæ дзы алы аз дæр вæййы, Уæрæсейы æмбал кæмæн нæй, ахæм музыкалон фестиваль «Среднерусская возвышенность». Уый у ног фæзынд Уæрæсейы культурæйы. Ацы аз ахæсдзæн æхсæз мæйы. Фестивалы егъау концерттæ раттынц Уæрæсе æмæ фæсарæнты зындгонд музыкалон аивады дæснытæ æмæ къордтæ. Альберт ныртæккæ хъазуатонæй архайы Тулæйы облæсты ацы аз фæззæджы Ирон культурæйы бонтæ сбæрæг кæныныл.

Джусойты Альберт йæ райгуырæн Ирыстон цы æрдхæрæны уарзтæй уарзы, цард цы барæнтæй бары, йæ къухы цы æнтыстытæ бафтыд, уыдон сты кæстæртæн бафæзминаг дæнцæг.

Йæ хорзы кой дардмæ кæмæн хъуыстон, уыимæ мын ныр комкоммæ фембæлгæйæ фадат фæцис фæрстытæ йæм раттынæн:

— Альберт, хъуыды ма кæныс дæ фыццаг æнтыст?

— Æртыккаг къласмæ куы цыдтæн, уæд нæм Къуайсамæ Мæскуыйæ æрцыдысты археологтæ. Сæ куыст мæ тынг цымыдис кодта, æмæ дыууæ мæйы семæ бакуыстон къахæнты, кæд мæ мæ мад нæ уагъта, уæддæр. Бафыстой мын 25 сомы. Уый уыд мæ фыццаг мызд.

— Цæуыл бахардз кодтай уыцы æхца?

— Мæ мадмæ сæ сæрыстырæй бахастон, æмæ мын се ‘рдæг фæстæмæ мæхицæн радта. Сыхы лæппутимæ дзы балхæдтам футболæй хъазæн пуртитæ, мæхицæн та — «Адидас» спортивон костюм æмæ Китайæ ласт кедтæ. Никуы мæ ферох уыдзысты, мæхи фæллойæ фыццаг цы æхца бакуыстон, уыдон мæ къухмæ райсгæйæ мæм цы арф æнкъарæнтæ сæвзæрд, уыдон.

Фыццаджыдæр, зæгъын хъæуы, куыд иннæ цæрджытæ, афтæ нæ бинонтæ дæр кæй æййæфтой зындзинæдтæ. Мæ фыд Альберт æвирхъауæй куы фæмард, уæд мæныл æртæ мæйы йеддæмæ нæ цыд. Уыдтæн æртæ æфсымæры кæстæр. Бинонтыл цард йæ уæз æруагъта, æмæ нын фылдæр æххуыс кодта нæ мады фыд.

 — Альберт, ды æнтыстджынæй каст фæдæ Мæскуыйы инженерон-арæзтадон институт. Уый фæстæ та — Экономикæ æмæ культурæйы институт. Дæ экономикон наукæты кандидат. Кæд царды алы къабæзты дæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уæддæр дæ сæйрагдæр дæсныйад у аразæг. Уый дæ сабибонты бæллиц уыд?

— Раст зæгъыс. Царды бирæ фæндæгтæ ис, уыдонæй нæ алчидæр хоны йæ фæдыл, фæлæ дзы алы адæймаг дæр хъуамæ сарæхса равзарын, йæ зæрдæйы фæндон банкъаргæйæ равзара, йæ цард кæмæн снывонд кæндзæн, уыцы фæндаг. Алкæддæр æй фæзæгъын, царды бындурæн ис дыууæ рахæцæны: бинонтæ æмæ дæсныйад. Уыдонæн сæ сæйрагдæр — бинонтæ. Уымæн æмæ дæсныйад райсын дæр адæймаджы хъæуы йæ бинонтæ дарынæн. Уыцы æмбарынад бындурон у ирон адæмы хъомылады.

— Уæрæсейы æнтыстджындæр амалхъомты ‘хсæн бацахстай бæрæг бынат. Кад æмæ дын аргъ кæнынц канд Мæскуыйы æмæ Ирыстоны цæрджытæ нæ, фæлæ амалхъомады алы къабæзты Уæрæсейы алы горæтты дæ къухы цы 49 организацийы байгом кæнын бафтыд, уыдон дæр. Цы лæвæрдта ныфс къуайсайаг лæппуйæн, ахæм бæрзæндтæм схизынæн?

— Уæлдæр ахуырад куы райстон, уæд мæ кусынмæ арвыстой зындгонд арæзтадон куыстуат «Главмоспромстрой»-мæ. Уыцы рæстæг дзы куыста 150 мин адæймагæй фылдæр. Йæ разамонæг та уыд Владимир Ресин, куыстмæ дæр мæ йæхæдæг райста. Куы йæ базыдта, ирон лæппу дæн, уый, уæд ын уыд æхсызгон. Мæ зæрдыл абонау лæууынц йæ ныстуантæ, сымах, дам, хорз адæм стут, æмæ дæ адæмы ма фæхудинаг кæн, дæхи аккагæй равдис. Йæ дæлбар кусгæйæ, аразын райдыдтам стыр промышленнон заводтæ: И.А.Лихачевы номыл завод, хæдтулгæтæаразæн завод «Москвич», Мæскуыйы амбразивон завод æмæ æндæртæ. Уыцы куыст мæ зæрдæмæ афтæ тынг цыд, æмæ, зæгъæн ис, цæргæ дæр уым кодтон. Суанг-иу æнафонтæм баззадтæн арæзтадон объектты. Мæ хъарутæ, зонындзинæдтæ æмæ тырнындзинад уынгæйæ мыл дыууæ азы фæстæ баууæндыдысты стыр арæзтадон проект, æмæ йын разамынд лæвæрдтон.

— Куыд фæлтæрдджын æмæ размæдзыд минæвар амалхъомады къабазы, цардæн йæ хæрзтæ æмæ йæ хъæнтæ дæр хиуыл бавзарæг адæймаг, цавæр æртæ сæйраг ныстуаны раттис, нæ кæстæртæй амалхъомады фæндаг чи равзæрста, уыдонæн?

— Фыццаджыдæр, адæймаг, бæстон ахъуыды кæнгæйæ, хъуамæ равзара, йæ зæрдæйæн уарзондæр æмæ хæстæгдæр чи у, ахæм дæсныйад. Уæд ыл цæудзæн разæнгардæй æмæ, йæ размæ цы цæлхдуртæ уа, уыдоны сæрты дæр ахиздзæн. Уый тынг вазыгджын хъуыддаг у. Уымæн æмæ адæймаг, йæ равзæрст фæндагыл цæугæйæ, æрдæгыл йæ хъуыды куы аива, уæд æй фæстæмæ здæхын хъæуы.

Дыккагæй та, куысты хиуыл ауæрдын æнтыстмæ нæ хоны. Адæймаг цы дæсныйад равзара, уымæн хъуамæ снывонд кæна йæ цардæн йæ уæрх æмæ йæ дæргъ дæр. Даргъ фæндагыл та быхсондзинадæй хуыздæр ницы ис. «Максималист» хъуамæ уай! Хъуамæ адæймаг иу æнтыстыл ма æрлæууа, фæлæ æппынæдзух куса йæ хъарутыл, бæрзонддæр кæна йæ дæсныйад æмæ тырна ногдзинæдтæм. Цас бафыдæбон кæнай, фæстæмæ дæр уыйбæрц пайда æмæ æхцондзинад райсдзынæ дæ куыстæй. Уымæ гæсгæ, куысты зындзинæдтæй йæхи иуварс чи ласы, уый йæхи сайы.

Æртыккаг Фыццаг дыууæ къæпхæны сæрты ахизгæйæ, адæймаг свæййы æнтыстджын æмæ куырыхон. Уæд бацархайын фæхъæуы, цы куыстуат спълан кодтай, уымæн йæ уидæгтæй ног талатæ куыд ссæуа, ууыл. Дæ куысты бæркад хъуамæ раст нысаныл хардзгонд цæуа. Уыцы фæндагыл цæугæйæ, дæ дæлбар дæсгай азты цы кусджытæ ис, уыдон дын хъуамæ суой бинонтау, уымæн æмæ сæ цард у демæ баст, æмæ иумæ дих кæнат уæ цин дæр æмæ уæ рис дæр. Адæймагыл цас фылдæр азтæ рацæуы, цас фылдæр æнтыстытæ йæ къухы бафты, уыйбæрц йæ размæ фылдæр æмæ стырдæр хæстæ æвæрд вæййы. Йæ уаргъ къаддæр нæ кæны, фæлæ фылдæр, æмæ уымæ хъуамæ уа цæттæ.

— Ды домаг разамонæг дæ?

— Мæнмæ гæсгæ, домаг, карз, фæлæ рæстаг. Мæ алыварс адæммæ хæлар зæрдæ дарын. Царды æхца фыццаг бынаты никæд æвæрдтон. Мæ кусджытæй алчидæр зоны, зæгъгæ, йыл исты зындзинад æрцыд (Хуыцау бахизæд), уæд кæй нæ бавгъау кæндзынæн нæдæр æхца, нæдæр рæстæг, цы бахъæуа мæнæй, уыдон иууылдæр кæй сараздзынæн. Мæнмæ гæсгæ, уыдон дæр хъуамæ уыцы цæстæй кæсой сæ куыстмæ. Хъуыддаджы фæдыл сæ домгæ дæр кæнын, сæ куыстæн сæ дзуапп дæр агурын, уымæн æмæ кусджыты къорд, куыд æмбæлы, афтæ куы нæ кусой, уæд иунæг компани дæр размæ нæ рацæудзæн. Адæм дæр алыхуызон сты, тынг зын мын вæййы, бирæ рæстæг иумæ фæкусгæйæ, иутæ сæхи цæсты куы бафтауынц, нæ бастдзинæдтæ куы аскъуынынц, уый, æмæ мæ зæрдæ йæхицæн бынат нал фæары.

— Цавæр табуйæгтæ дын ис царды, цыфæнды уавæрты бахаугæйæ дæр сæ сæрты кæмæн нæ ахиздзынæ?

— Уарзондзинад, бинонтæ æмæ æууæнк.

— Цы у дæ бæллиц?

— Ирон адæмы иудзинад, Ирыстоны рухс сомбон, ирон адæмы амондджынæй уынын.

— Цы ракурис Хуыцауæй?

— Мæ бинонтæн æнæниздзинад. Куыд алы адæймагæн, афтæ мæнæн дæр ме ‘ртæ сывæллоны сты мæ ныфс, мæ хъару, мæ сомбон, æмæ ракурин уыдонæн амонд, царды хæрзтæ.

— Цы у дæуæн Ирыстон?

— Ирыстон у мæ удлæууæн, мæ зæрдæ атонын кæцæй нæ комы, уыцы удыбæстæ, мæхæдæг та дзæгъæйлагау дунетыл хæтын.

— Альберт, ды амонд цавæр барæнтæй барыс?

— Хуымæтæг, зæххон барæнтæй. Стыр амонд у мæ чысыл райгуырæн бæстæ Ирыстон, ме стыр райгуырæн бæстæ Уæрæсейы цæрджытæ сабыр дунейы куы цæрой æмæ, царды алы къабазы дæр рæстæгимæ æмдзу кæнгæйæ, хорз хъуыддæгтæ куыд аразынц, уый хи цæстæй фенын. Знаджы уæззау цæфæй Ирыстоны хъæдгомæй цы туг фæкалд, уый макуыуал бавзарæд. Æмæ уæд мæнæй амондджындæр нæ уыдзæн. Амондджыныл мæхи фæнымайын, мæ адæмæн мæ зæрдæ цы хорздзинæдтæ фæзæгъы, уыдонæй исты сæххæст кæнын мæ къухы куы бафты, уæд. Удбæрзонд адæм, куырыхон лæгтæ, моладзантæ, фыццаджыдæр, Хуыцауæй курынц, цæмæй ма уа хæст, æмæ адæм, кæрæдзи æмбаргæйæ, хæларæй цæрой. Мæн дæр æндæр стырдæр хорзæх Хуыцауæй нæ хъæуы.

— Политикæмæ раздæхис фæстæмæ?

— Раст зæгъгæйæ, æз политик никæд уыдтæн. Цард цæуы, фарн хæссы, рæзы нæм ног рæсугъд фæлтæртæ, уыдон дарддæр æххæст кæндзысты Ирыстоны хъуыддæгтæ, æмæ сын æз кæдфæнды дæр æххуыс кæндзынæн, мæ бон цас уа, уыйбæрц. Хорздзинадмæ цы адæм фæтырнынц, уыдон вæййынц æнтыстджын. Хъæуы нæ Хуыцаумæ кувын æмæ курын!

— Альберт, æнæфæрæдигæ дуне нæй. Цы нæ ныббардзынæ дæ зонгæйæн, дæ хæларæн…?

— Йæ Фыдыбæстæйыл гадзрахатæй куы рацæуа, уæд уый.

— Дæхиуыл дын гадзрахатæй чи рацæуа, уымæн та?

— Уымæн та ныххатыр кæндзынæн.

— Сабибонтæй фæстæмæ фæцалх дæ чингуытæ кæсыныл. Бакастæ, Къуайсайы цы дыууæ чиныгдоны ис, уыдон. Кæцы автортæ дын сты уарзондæр, дæ зæрдæмæ хæстæгдæр?

— Тынг уарзын францаг литературæйæ Альбер-Ги де Мопассан, Виктор Гюго æмæ иннæты. Англисаг литературæ гыццыл уæззаудæр у, фæлæ стыр аргъ кæнын фысджытæ Оскар Уаильд, Джек Лондон æмæ иннæтæн. Уарзон мын у уырыссаг литературæ, ам дæр уæззау уацмыстæ уарзын кæсын фылдæр, куыд Достоевский, Толстой. Таурæгътау фыст китайаг уацмыстæ. Хицæн бынаты мын бæрзонд æвæрд сты Къоста, Гæдиаты Секъа, Гуырдзыбеты Бласка. Æрæджы æрбадтæн æмæ бакастæн Гаглойты Владимиры уацмыс «Пробуждение». Чиныгмæ уарзондзинады, фыццаджыдæр, арфæйаг у мæ мад. Йæ цард снывонд кодта мах хъомыладæн. Йæ фæстаг æхцатæй дæр нын æлхæдта чингуытæ, тынг æй фæндыд, цæмæй хорз ахуырад райсæм, æмæ йæ къухы бафтыд. Бинонтæй аразгæ у алцыдæр. Сывæллон, йæ алыварс цы хистæртæ ис, уыдон бафæзмынынмæ фæбæллы.

— Альберт, бæстæтыл зилыс, бирæ адæмыхæттыты культурæимæ базонгæ дæ, хорз-иу дæ суазæг кодтой, æмæ дæ зæрдæмæ фылдæр цы адæмыхатты хæринæгтæ фæцыдысты?

— Æз хæхбæсты схъомыл дæн æмæ уарзын хуымæтæг нæхи ирон хæринæгтæ: къуыдырфых дзидза, æхсырысæртæ, цыхт æмæ картоф. Уарзын китайаг æмæ узбекаг хæринæгтæ дæр.

— Цавæр музыкæ уарзыс?

— Раздæр нæ уарзтон классикон музыкæ, ныр та йæ уарзын. Æвæццæгæн, зæронд кæнын райдыдтон (худы). Хæдтулгæйы иунæгæй куы фæцæуын, уæд та — уæззау рок. — Бирæ рæстæг цæрыс Мæскуыйы. Дæ кæстæртæ иронау дзурынц?

— Сыгъдæг иронау — къуыдайрагау!

— Æппынæдзух дæ хъуыддаджы лæуд, 9 компанийы къордæн разамынд дæттын, хъус сæм дарын, дарддæр сæ рæзтыл кусын хуымæтæг хъуыддаг нæу. Мæйы æппынфылдæр 31 боны йеддæмæ куы нæ ис, уæд ды 38 горæтыл æппынкъаддæр куыд æрзилыс, хъарутæ та кæцæй исыс уыйбæрц?

— Æз райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн хæхты ‘хсæн, æмæ мæ сæ хъару æмæ ныфсæй цæрæнбонтæм сифтонг кодтой (худы).

Цæстыты — тæмæнкалгæ цæхæр, зæрдæйы — пиллон арт, риу — йе ‘мыдзаг Ирыстонмæ уарзондзинадæй. Мæскуыйы уæрæх фæндагыл ныфсджын къахдзæфтæ кæнгæйæ, размæ цæуы фидæрттæарæзт нæлгоймаг. Кæцæйдæр дымгæ æрбаскъæфта ирон ныхасы адджын мыртæ æмæ та зæрдæ риуæй рагæппæввонг ссис.

 

ТЕДЕТЫ Индирæ, Хуссар Ирыстоны цæрæг: — Хуссар Ирыстоны 1991 азы зæххæнкъуысты рæстæг Къуыдаргом æрдзон фыдбылызы амæттаг куы бацис, уæд нæм фыццаг фæфæдис Джусойты Альберт. Уæд уыд æрыгон, ныфсджын, фидæрттæарæзт æмæ цæттæ зын сахат алкæмæн дæр баххуыс кæнынмæ. Уæд æй хъæздыг рахонæн дæр нæма уыд, фæлæ йæ райгуырæн Къуайсамæ æрласта, уыцы рæстæг зынаргъ æмæ зыныссарæн чи уыд, ахæм телеаппаратурæ. Афтæмæй Къуыдаргомы цæрджытæ сериал «Санта Барбара» федтой 10 азы раздæр Ирыстоны иннæ цæрджытæй. Абон дæр нæм рейсон автобус нæй, уæд та нын Альберт йæхи номæй балæвар кодта, æмæ йыл алы бон дæр цыдыстæм, зæгъæн ис, лæвар. Альберты руаджы нæ комы сывæллæттæ алы аз дæр сæрды фæлладуадзæн бонты улæфыдысты денджызы был. Уынгты-иу сывæллон нал баззад. 1990 азæй райдай, æмæ уый фæстæ дæр, алы сывæллонæн дæр Ног азмæ ратты сæрмагонд лæвар. Алы Джеоргуыбамæ та, бинонтæ цал уыдысты, уал голладжы — ссад. Бирæбинонджынтæм-иу 10-15 голладжы дæр æрхауд. Уæдæ-иу фыццæгæм къласмæ цы сывæллæттæ бацыдаиккой, уыдон ма барæвдауа, уымæн гæнæн нæ уыд. Цал уыдысты, уалæн-иу балхæдта формæ, туфлитæ, спортивон дарæс æмæ ма, цы хъуыд, уыдон иууылдæр. Сæрмагондæй йын бузныг зæгъын хъæуы рынчындоны медицинон ифтонггæрзты æмæ «Тагъд æххуыс»-ы хæдтулгæйы тыххæй.

Дæс азы размæ Къуаисайы юбилей куы бæрæг кодтам, уæд та алы организацийæн дæр балæвар кодта «УАЗ», кæмæн та — «Нивæ» машинæтæ. Уый уымæн зæгъын, æмæ кæд абон Ирыстоны картæйы Къуаиса баззыд бæлвырд цæрджыты нымæцимæ, уæд уый Джусойты Альберты руаджы. Бузныг, Альберт, де ‘мзæххонты номæй!

 

ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here