Хуссар Ирыстоны Дзауы кадджын уавæры байгом Иры номдзыд хъæбул Хетæгкаты Къостайы бюст. Амы цæрджытæн æй балæвар кодта нæ республикæйы Алагиры районы бынæттон хиуынаффæйады администрации
Кадджын æмбырды архайдтой Алагиры районы сæргълæууæг Бутаты Арсен, амалхъом æмæ Хуссар Ирыстоны хæстон цауты хъæбатыр Лалыты Лев, РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Хицауады уæнгтæ, наукон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ.
Бибылты Анатоли зæрдиагæй бузныг загъта бюсты автор, РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгæнæг Хайты Ибрагимæн (скульптурон композицийы автор у йæ фыд, Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг Хайты Ладемыр) æмæ Лалыты Левæн. Лалыйыфыртæн саккаг кодта республикæйы кадджындæр хæрзиуæг «Хæлардзинады орден». Ацы хорзæх ын лæвæрд æрцыд, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны ‘хсæн æфсымæрон, æхсæнадон бастдзинæдтæ фидар кæныныл зæрдиагæй кæй архайы, уый тыххæй.
— Къостайы сагъæстæ ирон адæмы фидæныл абон дæр ахсджиаг сты. Фæлæ уымæн цымæ йæ зонды искуы æрæфтыдаид æмæ Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахад суыдзæн. Æмæ уæд йæ цин æмæ царды бонтæ дæр дзæвгар фылдæр уыдаиккой. Нырæй фæстæмæ Алагиры æмæ Дзауы районты ‘хсæн хæлар ахастдзинæдтæ кæй уыдзæн, ууыл мæ зæрдæ дарын, — загъта Бутаты Арсен.
Кадджын æмбырды кæрон йæ архайджытæ бакастысты номдзыд поэты æмдзæвгæтæ. Къостайы уацмыстыл фыст зарджытæ та азарыд нæлгоймæгты зарæггæнджыты къорд, РХИ-йы адæмон артист Дзаттиаты Анисимы разамындæй. Сывæллæтты кафджыты къорд та адæмы зæрдæтæ барухс кодта национ хореографион композицитæй.
Нæ уацхæссæг