Знон уыд фæндæгтыл æдасæй цæуыны фарстаты фæдыл РЦИ-Аланийы Хицауады къамисы радон æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта РЦИАланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг, къамисы сæрдар ТОМАЙТЫ Ирбег.
Къамисы уæнгтимæ æрдзырдтой æртæ фарстайыл: фæндаггон-транспортон фыдбылызы хъыгдард баййафджытæн æвæстиатæй æххуысгæнæг службæтимæ æмгуыстады мадзæлттыл, РЦИ-Аланийы Хицауад 2008 азы цы уынаффæ рахаста «Фæндаггон-транспортон фыдбылызы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл, шофыртæ æмæ æвæстиаты æххуысы кусджытæн ахуыртæ саразын, фыдбылызы бахауджытæн фыццаг æххуыс бакæныны фæдыл»; 2018-2019 ахуырадон азтæм цæттæ кæнгæйæ, ахуыргæнæндæттæм хæстæг фæндæгтыл цы аиппытæ ис, уыдон аиуварс кæныны мадзæлттыл; скъоладзауты ахуыргæнæн бынæттæм цы автобустæ ласынц, уыдоны техникон цæттæдзинадыл æмæ сæ ахуырадон артдзæстытæм æдасæй ласыныл.
Докладтæ скодтой Томайты Ирбег, РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Ратманов, РЦИАланийы мидхъуыддæгты министрады фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы хицауы хæдивæг Хæныкъаты Геннади, РЦИ-Аланийы фæндæгты хæдзарады комитеты разамонæг Солиты Тариэль, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Людмилæ Башарина æмæ иннæтæ.
Томайты Ирбег куыд загъта, афтæмæй сæрмагонд бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фаронимæ абаргæйæ, 12 проценты фæфылдæр сты, фæндаггон фыдбылызы бахаугæйæ йæ æнæниздзинад хъыгдард кæмæн баййæфта, фæндаджы сæрты хизгæйæ машинæтæ кæй сцавтой, уыдоны нымæц. Фæндаггон-транспортон фыдбылызы бахаугæйæ, се ‘нæниздзинад хъыгдард баййæфта 765 адæймагæн, фæмард — 49 адæймаджы. Фæфылдæр сты сывæллæттимæ фæндаггон-транспортон фыдбылызтæ дæр. 74 сывæллоны æнæниздзинад баййæфта хъыгдард, æртæ дзы фæмард. Фæфылдæр сты, фæндаджы сæрты хизгæйæ, фистæгæй цæуджыты бæрæггонд бынæтты машинæтæ кæй сцавтой, уыдоны нымæц æмæ фæндæгты æвзæр уавæры аххосæй цы фæндаггон-транспортон бæллæхтæ æрцыд, уым хъыгдард чи баййæфта, уыцы адæмы нымæц дæр. Ацы бæрæггæнæнтæ сты алкæмæн дæр хъуыдыйаг.
Михаил Ратманов куыд загъта, афтæмæй сæ къухы бафтыд стыр æнтыстдзинад. 2019 азы фыццаг кварталы республикæйы фæзындзæн æвæстиатæй медицинон æххуысы вертолеттæ. Фæндагыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы руаджы-иу трассæйыл сæ цыдæй урæд цæудзысты машинæтæ æмæ фæндаггон-транспортон фыдбылызы бахауджыты вертолеттыл хæццæ кæндзысты бынатмæ. Зæгъын хъæуы, ахæм вертолеттæ кæй райсдзысты æрмæст нæ республикæ æмæ Дагестан. «Шофырты скъолаты, фыццаг медицинон æххуыс бакæныныл ахуыр кæной», — ахæм фæндон бахаста Михаил Ратманов.
Къамисы уæнгтæ радтой разыйы дзуапп, уымæн æмæ фыццаг медицинон æххуыс фыдбылызы бахауджытæ афойнадыл куы исой, уæд хъуыддаг дзæвгар фæхуыздæр уыдзæн.
Людмилæ Башарина куыд загъта, афтæмæй сывæллæтты скъолатæм чи ласы, уыцы автобустæ сты 148. Афæдз дыууæ хатты бæрæггонд фæцæуы шофырты æнæниздзинад æмæ автобусты техникон уавæр. Автобустæ иууылдæр æххæст сты, сывæллæтты æдасæй ласыны фæрæзтæй.
— Дзæуджыхъæуы ахуыргæнæндæттæм хæстæг фæндæгтæ бацæттæ кодтам рагацау. Фистæгæй цæуджытæн фæндæгты сæрты хизæн бынæтты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр. Сахуырстам сæ пластикон ахорæнтæй. Скъолаты раз фæндæгтæ сифтонг кодтам светофортæ æмæ электрон рухсытæй, — загъта Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Фæрниаты Тамерлан.
«Бæлвырд куыд у, афтæмæй Дзæуджыхъæуы фæндаджы сæрты ахизæн бынæтты светофортæ кæй нæй, уый аххосæй дæр фыдбылызтæ арæх æрцæуы. Уæзласæн машинæтæ та Дзæуджыхъæуы астæуты нæ, фæлæ йæ фæрсты куы цæуиккой, уæд уавæр дзæвгар фæхуыздæр уаид», — загъта Солиты Тариэль. Томайты Ирбег къамисы уæнгтæн бафæдзæхста, цæмæй цыбыр рæстæгмæ саразой æппæт мадзæлттæ, уавæр дзæвгар фæхуыздæр кæныны тыххæй. Ацы хицауадон къамисы куысты уынаффæтæ æххæстгонд куыд цæуынц, уымæ йæ хъус дары УФйы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Александр Матовников æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ
Къам систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт