Мæскуыйы арæзт æрцыд фестиваль «Северный Кавказ: синтез мира, синтез искусств». Ацы дзыллон мадзалмæ Тверы фæзмæ чи саккаг кодта, уыцы адæмæн фадат уыд Цæгат Кавказы регионты цæрджыты культурæ æмæ традицитимæ базонгæ уæвынæн.
Фестивалы архайджытæ уыдысты УФ-йы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министры хæди- вæг Михаил Развожаев, УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Æххæст- барджын минæвар, РЦИАланийы Хицауады Сæр- дары хæдивæг Дзанайты Барис, Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Милдзыхты Руслан, Цæгат Кавказы федера- лон зылды иннæ субъектты минæвæрттæ, Мæскуыйы Хицауады бæрнон кусджытæ, стæй мæскуыйæгтæ æмæ горæты уазджытæ.
Михаил Развожаев йæ арфæйы ныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй «фестиваль бацæттæ кодтам, цæмæй Мæс- куыйы цæрджытæ æмæ горæты уазджытæн уа Цæгат Кавказы хæдбындур культурæимæ æнгомдæр базонгæ уæвыны ра- дон фадат». Федералон министры хæдивæг Цæ- гат Кавказы субъектты ра- замонджытæн бузныг загъта, фестиваль бацæттæ кæныны хъуыддагмæ сæ бавæрæн кæй ба- хастой, уый фæдыл.
Уый фæстæ фестивалон фæзы рапарахат сты алыхуызон бæстæзонæн æмæ хиирхæфсæн мадзæлттæ: концерттæ, равдыстытæ, армукъатæ æмæ афтæ дарддæр.
Цæгат Ирыстоны фæзмæ чи саккаг кодта, уыдонæн рæдау фысымтæ уыдысты Дзанайты Барис æмæ республикæйы делегацийы иннæ уæнгтæ. «РЦИ-Алани сæрбæрзонд у йæ рагон истори æмæ хъæздыг культурæйæ. Нæ фæзыл ирдæй æвдыст цæуы республикæйы хъомыс æмæ хæдбындурдзинад. Мæскуыйы цæрджытæ æмæ горæты уазджытæ цымыдисдзинад равдыстой нæ экспозицимæ, базонгæ сты ирыстойнаг сфæлдыстадон коллективтæ æмæ хицæн артистты аивадимæ», — радзырдта Дзанайыфырт.
Куыд иннæ хæттыты, афтæ ныр дæр нæ республикæйы фæзы уазджытæн уыд ирон чъиритæй саходыны фадат. Уымæй уæлдай, компани «Асса»-йы минæвæрттæ фестивалы архайджытæн мастер-класс сарæзтой ирон чъиритæ кæнынæй.
Цæгат Кавказы культурæ æмæ традициты фестиваль арæзт æрцыд информацион агентад «ТАСС» æмæ Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл федералон министрады хъæппæрисæй.
УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Иудадзыгон минæварады пресс-службæ














