Экономикон рæзты нысантыл дзургæйæ нæм фылдæр хатт афтæ фæкæсы, цыма уыдон комкоммæ хицæн адæймæгты цардмæ ницы бар дарынц. Чи зоны, уымæн æмæ алы хатт уайтагъд нæ бантысынц, кæнæ та æрдæгкондæй баззайынц. Фæлæ уæддæр бирæ хъуыддæгтæй зæрдæ барухс вæййы, нæхæдæг фенæм, куыд сæ райдайынц æмæ сыл кæронмæ куыд бацархайынц, уый. Уæрæсейы разамонджытæ регионты рæзты социалон цæлхдуртæ дзы аиуварс кæныны охыл бацæттæ кæнынц алыхуызон нысанмæарæзт программæтæ. Сæ сæххæст кæнынæн федералон центр радих кæны æхца, программæты чи фæархайы, уыцы регионтæ хæрдзты иннæ хай сæхимæ райсынц.
Зæгъæм, Уæрæсейы Федерацийы зæххæнкъуыстытæй тæссаг районты цæрæн хæдзæрттæ, сæйраг объекттæ æмæ царды æфсисады системæты фидардзинад фæбæрзонддæр кæныны программæйы фæлгæты 2014-2015 азты Æрыдоны сарæзтой, 120 бынаты кæм ис, ахæм рæвдауæндон.Æдæппæтæй йын бахъуыди 103 милуан сомæй чысыл фылдæр, уыдонæй 86 милуан сомы бæрц радих кодта федералон бюджет, 17 милуан сомæй чысыл фылдæр та — республикон бюджет. Программæ конд у 2009- 2018 азтæм, уый фæрцы ма арæзт æрцыдис рæвдауæндæттæ Елхоты, дыууæ — Беслæны, Алагиры æмæ хъæу Советскоейы. Алы рæвдауæндоны дæр ис фæйнæ 120 бынаты, программæйы уагæвæрдмæ гæсгæ бантыстысты федералон æмæ республикон бюджетты фæрцы.
Уæдæ федералон нысанмæарæзт программæ «Уæрæсейы Хуссар»-ы фæрцы арæзт æрцыд скъолатæ поселок Новыйы, Æрыдон æмæ Дзæуджыхъæуы. Уыдæттæ бантыстысты 2008, 2012, 2014, 2015 азты. Уыцы программæ адарддæр кодтой 2020 азы онг, æмæ нæ республикæйы Хицауад бауынаффæ кодта, Дæллаг Санибайы, 200 бынаты кæм ис, ахæм скъола саразын. Скъолайы агъоммæйы регионалон системæ фæхъомысджындæр кæныны мадзæлтты фæрцы ма 2013-2014 азты ног рæвдауæндæттæ арæзт æрцыд Хъызлары æмæ Дзæуджыхъæуы.
Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин регионты размæ сæвæрдта ахсджиаг хæс, цæмæй рæвдауæндæттæм рады лæууæг сывæллæттæн фæзына бынæттæ, рад та йæхæдæг мауал уа. Уый тыххæй аразын хъæуы ног рæвдауæндæттæ, уымæй дарддæр фадæттæ, кусгæ чи кæны, уыцы рæвдауæндæттæм уæлæмхасæн бæстыхæйттæ бафтаугæйæ. Ныртæккæ нæ республикæ цы программæты архайы, уыдонæй иу у «Уæрæсейы граждæнтæн фадатджын æмæ аслам цæрæнуæттæ аразыны, коммуналон лæггæдтæ сæм хæццæ кæныны» программæ. Уый бындурыл ацы аз Дзæуджыхъæуы аразын райдыдтой, 280 бынаты кæм уыдзæн, ахæм рæвдауæндон. Æдæппæтæй йын хъæуы 242 милуан сомæй чысыл фылдæр, уыдонæй 223 милуан сомы бæрц лæвæрд æрцыдысты федералон центрæй, 19 милуан сомы бæрц та — республикон бюджетæй. Уæдæ куыстытæ цæуынц, 500 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъолайы арæзтадыл дæр. Уымæн дæр федералон центр радих кодта 355 милуан сомы, республикон бюджет та — 30 милуан сомæй чысыл фылдæр.
Ахуырадон рæзты тыххæй паддзахадон программæйы фæрцы Сырх-Дыгуры хъæуы сарæзтой, 360 бынаты кæм ис, ахæм ног скъола. Ацы аз Дзæуджыхъæуы аразын райдыдтой, 1100 бынаты кæм уыдзæн, ахæм ног скъола. Кæронмæ йæ сцæттæ кæндзысты 2019 азы. Федералон центр ын радих кодта 688 милуан сомæй фылдæр, республикон бюджет — 51 милуан сомæй чысыл фылдæр. Скъолайы агъоммæйы ахуырады программæмæ гæсгæ, скъолатæм æмæ рæвдауæндæттæм аразын райдайдзысты уæлæмхасæн бæстыхæйттæ æмæ дзы 2 мæйæ 3 азы онг сабитæн фæзындзæн 923 уæлæмхасæн бынаты. Арæзтæдтæ райдайдзысты ацы аз, кæронмæ ахæццæ уыдзысты 2019 азы. Æдæппæтæй сын бахъæудзæн 581 милуан сомæй чысыл фылдæр.
Цæгат Кавказы федералон зылды рæзты охыл Уæрæсейы Федерацийы Хицауад бацæттæ кодта паддзахадон программæ. Конд у 2025 азы онг. Уыцы программæмæ гæсгæ, 2017-2018 азты Елхоты сарæзтой, 360 бынаты кæм ис, ахæм скъола, æдæппæтæй йын бахъуыди 290 милуан сомæй чысыл фылдæр, æппæт хæрдзтæ йæхимæ райста федералон бюджет. Уæдæ 2018 азы 6 августæй Уæрæсейы Хицауад цы уынаффæ рахаста, уымæ гæсгæ йæ Фæстауæрцы фондæй радих кодтой æхца, æмæ ацы аз Горæтгæрон районы Дачныйы æмæ Иры хъæуты æмæ Мæздæджы ацы аз балæудзысты рæвдауæндæттæ аразыныл.
Федералон нысанмæарæзт æмæ федералон зылды алыхуызон программæты бæрнонæй бацархайгæйæ, Цæгат Ирыстоны разамынд æвдисы йæ цæттæдзинад социалон фарстатæ лыг кæнынмæ, йæ размæ цы нысантæ æвæры, уыдоныл бæрнонæй архайынмæ.
Нæ уацхæссæг















