ÆЛУТОН

0
623

 

Цы нæ зоныс, уый дæ нывы ма æвдис

Мæ фиппаинаг абон комкоммæ хауы нæ ирон нывгæнджытæм. Сæ уацмысты ирон æгъдау æвдыст кæм фæцæуы, уый фылдæр хатт — стыр аиппытимæ. Газет «Рæстдзинад» ацы аз, фæндзæм июны номыры Бæдтиаты Грисæйы æрмæг «Æгъдау — царды айдæн»-имæ ныммыхуыр кодта Къацты Владимиры конд ныв «Ирон фынг». Хистæры къухы кæхц кæй ис, уымæ гæсгæ хъæлдзæг фынг у. Фæлæ, хистæрыл, стæй йæ алыварс адæмыл худтæ цæмæн ис? Нæ фыдæлтæм, стæй абон дæр кувæг лæгæн йæ худ ист куы вæййы. Уый нæ, фæлæ цины фынгыл æнæхудтæй бадгæ куы у нæ ирон æгъдауы, зианы фынгыл та — худты. Уымæй дæр хицæн кæнынц нæ ирон цины æмæ хъыджы фынгтæ.

Æмæ та «Рæстдзинад»-ы ацы номыры хæдфæстæ 6 июны æртыккаг фарсыл æрмæг «Цыртдзæвæн Гуырцъыты Пипойæн»-ы уынæм цыртдзæвæны эскизы Пипойы, кæхц йæ къухы, афтæмæй худы. Мæ ныхас у конкурсы уæнгтæм. «Уыцы хуызы Пипойæн цыртдзæвæн æвæрын ма бауадзут! Нæхи мауал худинаг кæнæм!» Ацы аипп арæх бафиппайæм телеравдыстыты дæр. Æмæ уый фылдæр вæййы, фынгыл уыцы хуызы хистæры чи сисы æмæ йæ рæгъмæ чи рахæссы, уыдоны аххос. «Рæстдзинад»-ы ацы азы 29 августы номыры рацыд Кокайты Тотрадзы уац «Æрткъахыг бæх, æви æртæкъахыг бæх?» Уым биноныгæй æрдзырдта, Уастырджийы бæх æртæкъахыг кæй нæу, фæлæ æрткъахыг кæй у, ууыл. Ацы фарста «Рæстдзинад» иу æмæ дыууæ хатты нæ систа. Мæхæдæг дæр. Мæ чиныг «Ирон мифологийы æмæ цардуаджы дзырдуат»-ы 71-æм фарсыл фыст ис, «Æрткъахыг — Уастырджийы бæх, йæ цæфхæдтæ цæхæр калынц, арт уадзынц, судзынц, æмæ йæ хонынц æрткъахыг æфсургъ, аласа, уадсур бæх. Æрткъахыг — æртхурон, æртытæ, æртыскæн, æртхутæгдон». Фæлæ нæ ирон нывгæнджытæй бирæтæ, æвæццæгæн, нæдæр ирон мыхуыр кæсынц, нæдæр нæ адæмон сфæлдыстад зонынц. Æмæ дамтæ-думтæм гæсгæ нывтæ кæныныл ахæцынц. Дамтæ-думтæ та нæ адæмы æхсæн бирæ цæуы. Джеоргуыбайы бæрæгбон та ус æмæ лæг Джеор æмæ Гуыбайы бæрæгбон хонынц. Хъуыддаг чи нæ зоны, уыдон хъæрдæрæй дзурынц. Æмæ Уастырджийы бæх æртæкъахыг чи хоны, уыдон дæр сæ рæстдзинадæн æрхъуыды кодтой дам. Уастырджийы бæх, дам, йæ мад куы зад, уæд æм бирæгъ каст, æмæ йæ къах куы разынд, уæд ын æй ахордта. Æмæ йын йæ сæр куыд нæ ахордта?! О, гормæттæ, уæд ма ногзад байраг удæгасæй куыд баззад, куыд байрæзт. Стæй нæ ирон адæмон сфæлдыстады куыд амынд ис, уымæ гæсгæ Уастырджи æмæ йæ бæх дæр сты Хуыцауы сфæлдыст. Сæ равзæрд афтæ амынд цæуы: Уастырджийы ничи ныййардта, йæ бæхы йын ницы ныззад. Уастырджийæн йæхицæн ис цот, сæ зындгонддæр Сатана. Йæ бæхы байраг та у Уырызмæджы бæх Æрфæн — зæххон бæхты фыдæл. Ацы хабæрттæ иууылдæр бæлвырдæй æвдыст цæуынц ирон адæмон сфæлдыстады. Уæддæр иуæй-иу нывгæнджытæ Уастырджийы рабадын кæнынц сахъат бæхыл — æртæкъахыг бæхыл. Уастырджийы хонæм Стыр Хуыцау æмæ ирон адæмы æхсæн дыууæрдæм минæвар. Ома, Хуыцауы ирон адæммæ исты хъуыддаг куы вæййы, уæд рарвиты Уастырджийы. Уый сыл йæ арм дары æмæ, Хуыцауы раз куы балæууы, уæд ирон адæмæн куры йæ хорздзинæдтæ, хизы сæ йæ фыдæхæй. Уастырджи уæларвæй зæхмæ куы æртæхы йæ æрткъахыг бæхыл, уæд, кæмыты æрбадт, уыцы бынæттæ ирон адæмæн систы уаз бынæттæ — кувæндæттæ. У æргом зæд, ома, æргом рацæуы ирон адæммæ, æмæ йæ фенынц, сныхас кæны семæ. Ирон адæмон сфæлдыстады ма сæм зæххон зæронд лæджы хуызы дæр рацæуы. Цæмæй йæ ма базоной, æмæ сæ фæлвары æгъдауæй, зæрдæйы хорзæхæй, адæймагдзинадæй. Уастырджийы, дам, чи федта, уыдон, стæй йæ адæмон сфæлдыстады дæр ныв кæнынц урс зæлдагзачъе зæронд лæджы хуызы, рæвдауæг цæстæнгасимæ, мидбылхудгæ рухс цæсгомимæ, хуымæтæг, фæлæ — сыгъдæг цæхæртæкалгæ ирон уæлæдарæсы, йæ рахиз къухы хæцæнгарз нæ, фæлæ ис ехс, йæ галиуы та — бæхы рохтæ. Тыхгæнджыты сæтты, ссæнды йæ иу тызмæг ракастæй дæр. Йæ бæх у рæсугъд, урс, хонынц ма йæ цъæх бæх дæр, йæ цæфхæдтæй цæхæртæ калы, арт уадзы, æмæ йæ уымæ гæсгæ хонынц æрткъах. Ис ын æмбаргæ цæстæнгас, йæ барæгимæ у æнгом, у йын коммæгæс, йе ‘мцæдисон. Ахæм хуызы сæ ныв кæнынц иуæй-иу нывгæнджытæ. Иннæтæ Уастырджийы ивддзаг кæнынц чырыстон дины хæстон адæймаг, йæ амæлæты фæстæ уаз чи сси, уыцы сыгъдæгуд Георгиимæ. Æвдисынц æй æрыгон хæстонæй æмæ ма суанг уæлбæхæй арцæй залиаг калм маргæйæ. Историйы куыд баззад, ахæмæй. Рæдийынц, тæхгæнæргæ Уастырджи йæ чи хоны, уыдон дæр. Тæхгæ-нæргæ арвыл æрбацæуы Уацилла! Уастырджимæ ирон адæм кувынц бирæ мин азты дæргъы. Йæ кой кæны историйы фыд Геродот дæр ма. Уый та цард 2500 азы размæ æмæ балцы уыд нæ рагфыдæлтæ — скифтæм. Хоны йæ Таргитай. Номы кæрон — тай у бердзенаг дзырдты фæсæфтуан. Ном Таргимæ уаз-уас куы бафтауæм, уæд дзы рауайы Уастарги — Уастырджи. Ном Елиа — Уаццила куыд сси, афтæ. Таргитай уыд скифты фыдæл, сæ фыццаг паддзах, цард, дам, скифтæм Персы паддзах Дари куы æрбабырста, уымæй мин азы размæ. Куы амард, уæд æй Хуыцау йæхимæ айста, адæмæн бирæ хæрзты кæй бацыд, хæрзаудæг, адæмæн уарзон кæй уыд, уый тыххæй, æмæ у йе ‘ххуысгæнæг, скифтыл, сæ фæдонтæ — ирæттыл аудæг. Георги та, Бирæфæфыдæбонгæнæг æмæ Уæлахизхæссæг Георги дæр æй хонынц, цард нæ азнымады цыппæрæм æнусы. Мæнæ куыд фыст ис Стыр Советон Энциклопедийы уый тыххæй: «Мифический христианский святой. Церковная легенда рассказывает о казни Г.П. (в Никомедии ок. 303) во время гонений на христиан при Диоклетиане, о чудесах святого (в т.ч. о победе его над драконом). Первоначально считался покровителем земледелия, позднее феодалы в Европе создали культ Г.П. — святого патрона рыцарства. В Древней Руси Г.П. часто изображался на княжеских печатях и монетах, в царской России — на государственном гербе». Ныр та ис Мæскуыйы гербыл дæр. Чырыстон дин ирон адæмы æхсæн чи хæлиу кодта, уыдон иудадзыг архайдтой нæ фыдæлты дин ын йæ быны фæкæныныл. Уый тыххæй аргъуантæ дæр фылдæр арæзтой нæ кувæндæтты бынæтты, кæнæ сæ фарсмæ. Чырыстон дины уаз адæймæгты æмæ ирон зæдты нæмттæ иухуызон кодтой. Афтæ рауад Уæлахизхæссæг Георгийы номæй Уазгеорги-Уазджеорджи, æмæ сабыргай Уастырджийы бынат ахсын райдыдта. Уастырджийы кувæндæтты кувын райдыдтой Уасджеорджимæ дæр. Уæлдайдæр та фæззæджы кæрон Чындзæхсæвты мæйы Уастырджимæ кувæн къуырийы, йе стыр бæрæгбоны. Бæрæгбоныл, Ирыстоны чырыстон дин чи парахат кодта, уыцы гуырдзиаг миссионертæ сæвæрдтой ГеоргийыДжеорджийы ном, гуырдзиаг дзырд оба — бæрæгбон ыл бафтаугæйæ. Æмæ дзы рауад Джеоргуыба. Ном Георги æмæ Джеорджи иу сты. Джеорджи у йæ рагондæр хуыз. Хуссар Ирыстоны ма йæ Гиуæрги дæр хонынц, Джеоргуыбайы та — Джиуæргуыба. Джеоргуыбайы бæрæгбон — Уастырджимæ кувæн къуыри ирон адæммæ æрцæуы фæззæджы — ноябры. Георгийы бæрæгбон — йæ райгуырæн бон та вæййы уалдзæджы 6 майы. Сæ нæмттæ Уастырджи æмæ Уазджеорджи æнгæстæ кæй сты, уымæ гæсгæ Уастырджимæ кувæн къуырийæ рауайын кодтой Джеоргуыба. Уастырджи æмæ Уасджеорджи — Уасгерги кæрæдзийæ кæй нæ хицæн кæнынц, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæу, алкæмæн дæр йе ‘гъдау йæ гакк у. Кæд чырыстон дин райстай, уæд ын йе ‘гъдау дæр кæн. Кæннод сæ хæццæ ма кæн. Уыцы аипп тынгдæр хауы нывгæнджытæм. Кæй ныв кæныс, уый истори уал рагацау ирон адæмон сфæлдыстадæй сахуыр кæн, стæй дæ бар — дæхи. Уымæн сын ирон нывкæнынады æнæмæнг бафæзминаг сты Къоста, Тугъанты Махарбег, Дзанайты Азанбег æмæ иннæтæ. Ирон адæмæн Уастырджийы фæлгонц сæ цæстытыл куыд уайы, уымæ йæ æввахсдæр сæ нывты равдыстой Дзантиаты Юри æмæ Саггаты Эльбрус, Гасситы Умар, Дзанайты Славæ æмæ иннæтæ. Нæ нывгæнджытæй бирæтыл зæрдæ худы, ирон цардмæ, ирон æгъдæуттæм уæлæнгай цæстæй кæй кæсынц, уый тыххæй дæр. Нывæн царды бындур куы нæ уа, уæд нæ ахады. Уымæн ирд æвдисæн сты астæуккаг æнусты Европæйы стырдæр нывгæнджыты куыстытæ, шедевртæ кæй хонæм, уыдон. Махмæ та иуæй-иу нывгæнджытæн се сфæлдыстад цы адæммæ, цы дугмæ ахæссæн ис, уый равзарæн дæр нæ вæййы. Цыдæртæ, куыддæртæ. Ахорæнтæй ам тъæпп, уым тъæпп нывтæ. Дæ адæмы куы æвдисай, уæд сын раргом кæн сæ удыхъæд, сæ зæрдæты тæрхæттæ, сæ зондахасты тырнæнтæ, сæ адæймагдзинад. Худинаджы, кæуинаджы бынаты сæ ма æвæр. Уымæн стыр ахъаз сты нæ аив æмæ рæсугъд, арфхъуыдыджын æгъдæуттæ, дунейы диссагæн дзуринаг адæмон сфæлдыстад. Æмæ сæ зонын хъæуы. Гъе ныр ма мын зæгъут, хорз адæм, нывгæнæг ирон адæмон сфæлдыстад хорз куы зонид, уæд Уастырджийы бæх æртæкъахыгæй ныв кæнид? Кæнæ йын йæхицæй хæстон лæг — рыцар згъæр хæдоны ныв кæнид? Кæй зæгъын æй хъæуы: «Нæ!» Кæнæ нывгæнæг, не ‘гъдæуттæ, куыд ын æмбæлы, афтæ куы зонид, уæд кувæг лæджы уæлæ худ ныв кæнид? Кæй зæгъын æй хъæуы: «Нæ!» Уæдæ ма æркæсут Гасситы Хсары конд ныв «Айс æй! Аназ æй!»-мæ. Ирон хъæлдзæг фынгыл цы æнæгъдаудзинæдтæ æвдисынц, уымæ. Ам æрмæст худты хабар нæй, фæлæ, ирон фынгыл æвзæрæй цы фенæн ис, уыдон иууылдæр. Сабиты журнал «Ногдзау»-ы ацы азы цыппæрæм номыры цъарыл та ноджы диссагдæр æгъдауы ныв. Кæхцгæнæнты дзы дзыккайы кæд тъыссынц лæппуйы къах, кæхц кæмæн кæнынц, уыцы лæппуйы къах. Уымæй та ам дæр кувæг лæгыл худ. Цæуыл сахуыр кæндзæн ацы ныв рæзгæ фæлтæры? Ирон æгъдæутты чингуыты фыст ис: «Дзыккакъах вæййы чызг, йæ фæстæ лæппу кæмæн райгуыры, уый». Ацы æгъдау афтæ фыссы В. Миллер дæр. Уый фыццаг хатт Ирыстонмæ Бетъырбухæй ссыд 1879 азы сæрды. Уæд ирон æвзаг базоныныл афтæ батыхст æмæ йæ дыккаг ссыды тæлмацгæнæг нал бахъуыд. Афтæ биноныг сахуыр кодта ирон æгъдæуттæ дæр æмæ уый дæр йæ наукон куыстыты дзыккакъах хоны, йæ фæстæ лæппу кæмæн райгуыры, уыцы чызджы. Уымæй ма — мыдкъах дæр. Махæн, абоны ирæттæн, В. Миллер бирæ цæмæйдæрты у бафæзминаг. Уæдæ ацы фарста газет «Рæстдзинад» цал хатты систа. Уымæй ахæм сæргондимæ дæр: «Дзыккакъах вæййы чызг!» Фæлæ уæддæр рæдыд фæндагыл мыд конд ис. Айгъай, чиныг, газет куы нæ кæсай, цы ныв кæныс, уымæн йæ истори, йæ царды ныв куы нæ сахуыр кæнай, уæд цас хъæуы фæрæдийынæн. Худинаг у Ирыстоны цæргæйæ, сфæлдыстадон кусæг у, афтæмæй ирон æгъдæуттæ рæстмæ ма зон. Уыдон дæр сфæлдыстад сты, æнæхъæн адæм, ирон адæмы сфæлдыстад. Мингай азты дæргъы сын сæ цард чи æвдисы, ахæм сфæлдыстад. Æмæ уымæй йæхи æнæхай чи кæны, уый стыр рæдыд фæндагыл ис. Уæлдайдæр сфæлдыстадон кусæг.

 

Нæ фыдæлты раз къæмдзæстыг хъуамæ ма уæм

Мах, ирон адæм, диссаг стæм, нæ риутæ хойæм, хъæрæй кæрæдзийæн дзурæм: мах афтæ хорз стæм, уфтæ акæнын нæ бон у! Фæлæ нæ хъуыддæгтæ та æндæртæ сты. Иуæй зивæг æмæ æнæмæтдзинады бын фестæм, иннæмæй ныхæстæй нæхи рæвдауæм. Уæлдай тынгдæр ныл стых сты куыдфæндыйы зæрдæйыуаг æмæ æрмæст æз уоны зондахаст. Уыцы миниуджытæ нын нæ æнгомдзинад халынц, фыдæлты фарнæй нæ иппæрд кæнынц.

Йæ фыдæлты чи нæ нымайы, уый рагацау йæхиуыл мæрдырох æфтауы. Йæхи дæр ын йæ фæстагæттæ — йæ байзæддаг нæ нымайдзысты æмæ нæ зондзысты. Фыдæлты зонын та иуæй хъомылады стыр фæрæз у, иннæмæй ныфсы хос, кæстæртыл базыртæ садзы, фарн сыл æфтауы. Æмæ аргъ кæнынц уыдоны царды фæлтæрддзинадæн, нымд кæнынц сæ номæн, сæ кадæн. Фыдæлты цардимæ баст дзаумæттæ хъахъхъæнынц цæсты гагуыйау. Ахæм кæстæртæ рох нæ уадзынц сæ фыдæлты цæрæн бынæттæ, зилынц сын сæ уæлмæрдтæм, цалцæг кæнынц сæ мыггæгты мæсгуытæ, гæнæхтæ. Уыцы уаг фидардæр кæны фæлтæрты иудзинад, фыдæлты истори зоныны фæрæз. Сæйрагдæр та у, абон фæсивæдмæ цардбæллондзинад, сфæлдыстадон æмæ размæ цæуыны тырнындзинад кæй æвзæрын кæны, æвзæрдзинæдтæй сæ кæй хизы, уый. Абон ирон адæмы ‘хсæн арæх рауайы æхцон быцæу ныхас ахæм фарстыл: «Дæ фыдæлтæй цал фæлтæры зоныс?» Æмæ схæц-æрхæц нымайын райдайынц. Фарастмæ дзы кæд исчи схæццæ вæййы, уæд хорз. Бирæ та йæ фыды фыды ном дæр ферох кодта. Кæнæ йæ æппындæр нæ зыдта. Уымæн æмæ йын раджы амард кæнæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæмард. Æмæ уым уый аххосджын нæу! Аххосджын йæ фыд æмæ йæ мад сты, — йæ раст хъомылады Хуыцауы раз хæс æвæрд кæуыл ис, уыдон. Мæ хорз сыхæгтæ, Къадзатæн, сæ кæстæр лæппу Алан скъоламæ дæр куы нæма цыдис, уæд дæр-иу æй куы афарстам: «Алан, дæ фыдæлты ма мын ранымай», уæд-иу йæхицæй райдыдта Алан, Батрадз, Доме… Æртындæс сæ иу бакодта. Æртындæсæм та у, Къадзаты мыггаг кæмæй равзæрд, уый — Къадза. Кæцæй базыдта Алан фондзаздзыдæй дæр йæ фыдæлты æртындæс фæлтæры номæйноммæ? Йæ фыд Батрадзæй, Батрадз та — йæ фыд Домейæ. Æмæ афтæ дарддæр. Цымæ сæ Къадзатæй алчидæр Аланау къæрццæй зоны? Нæ мæ уырны. Сæ фыдæлты ранымад æз газеты кæрæй-кæронмæ барæй нæ фыссын. Чи сæ нæ зоны, уый бафæрсæд сæ хорз кæстæр Аланы. Кæстæртæ-иу нæ хæхбæсты сæ фыдæлты фæлтæрты хорз куы зыдтаиккой, уæд сын сæ уæлмæрдтæм æцæгæлæтты æвналын нæ уагътаиккой, æмæ нæ зæппæдзтæ хæлæттаг нæ фæуыдаиккой. Æмæ æрмæст туристтæ куы уыдаиккой, фæлæ сыл сæхæдæг дæр нæ ауæрстой æмæ нæ ауæрдынц абон дæр. Цалдæр азы размæ нæ хуссайраг уазджытимæ нæхи аирхæфсыны охыл Куырттаты комы бадтыстæм Фыййагдоны был нæзыты бын. Хъæлдзæг уыдыстæм, кæрæдзийыл цин кодтам. Фæлæ уалынмæ нæ цæст æрхæцыд чысыл уæлдæр дуры сæр адæймаджы сæрыкъуыдырыл. Йæ цæстыты арф къуырфыты тарæй ныл цыма йæ зæрдæ худт, уайдзæф нын кодта, уыйау æй банкъардтам, æмæ нæ бадт фенкъард. Алчидæр нæ сагъæсыл фæци. Фарстам нæхи: «Кæцæй февзæрд ацы сæрыкъуыдыр ам, кæд æй зæппадзæй æнæсæрыкъуыдыр æмæ æнæсæрымагъз не ‘рхаста, уæд?! Нæ фыдæлты сæ зæппæдзты, ингæнты æнцад кæй нæ уадзæм, кæй сæ хъыгдарæм, уымæй, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг рæдийæм. Мæрдты удты нæхимæ фыдæх кæнæм. Нæ фыдæлты ингæнтæм, зæппæдзтæм, кувæндæттæм ахæм цæстæнгас, ома, ницæй цæстæнгас кæй дарæм, уымæй, æвæццæгæн, тæригъæдджын стæм, ирон адæм Зæды фыдæхæй, дам, марды фыдæх карздæр у. Æмæ нæ кæрæдзийыл, æвзæр митыл бафтыдтой. Ома, фыдвæды бæсты æвæд хуыздæр у. Æмæ нæхи æрæмбарæм, нæ фыдæлты фæд ма сафæм.

 

Дæхи дæр бахъæудзæн

Зæронд сидзæргæс ус йæ иунæг фыртæн цардæмбал æркодта. Ног цъылын мæрзаг у, фæзæгъынц. Чындз райдайæны æфсинмæ хорз цæстæй акаст. Мæ лæппуйы амонд мæнмæ дæр æрбахæццæ, — хъуыды кодта мад. Йæ фыдæбæттæ дзы рох кæнын райдыдтой.

Иу дзæвгар рæстæг рацыд. Чындз хæдзары куы æрфысым ис, уæд йæ кæрц фæзыгъуыммæ кодта. Æфсинмæ йæ ных сарæзта, донмæ йæ æрвыста æмæ йæ æнæдонæй здæхта. Фæлмæцын дзы байдыдта зæронд ус, фæлæ, мæгуыр, йæ зæронд сæр кæдæм фæхастаид. Чындз та бонæй-бон бирæгъдæр æмæ фыдсылдæр кодта. Сардыдта йыл йæ фырты дæр. Цæмæй йæ къаддæр уыдтаиккой, уый тыххæй йын хæдзары иу къуым рахицæн кодтой æмæ йæ æмбæрзæнæй бамбæрзтой. Уырдыгæй йæ æддæмæ ракæсын нал уагътой. Искуы-иу хатт ын-иу сæ хæринаджы уæлдæйттæ, куыдзæн стæг куыд аппарай, афтæ баппæрстой. Йæ мæлæтмæ йын бæллыдысты. Цы бон ма уыд зæронд усыл, æнхъæлмæ каст йæ мæлæтмæ, фæлæ йæм удхæссæг æввахс нæ цыд. — Мæ бон дзы нал у, йæ тæф къуымæй кæлы. Мауал мын æй уынын кæн. Ахæсс æмæ йæ доны баппар, — хъаст кодта æдзæсгом чындз йæ лæгæн. Фырт дыууæ нал загъта йæ усы ныхæстыл. Лыстæг уистæй тæскъ сбыдта. Йæ ныййарæг мады дзы нывæрдта æмæ йæ аккой кодта. Араст ис хохаг знæт цæугæ доны æрдæм. Куы йæм баввахс сты, уæд æй мад фæрсы: — Æд тæскъ мæ æппардзынæ доны? — Æмæ дзы уæдæ цы кæнын. — Ау æмæ дæ фырты нæ бахъæудзæн? Лæппу ницы сдзырдта. Йæ мады фæстаг ныхæстæ йæ тынг ныхъхъуыды кæнын кодтой. Иу цалдæр къахдзæфы ма акодта размæ æмæ фæстæмæ раздæхт. Сæхимæ куы æрбацыд, уæд йæ усы фæсырдта æмæ æндæр æрхаста. Ног ус хорз адæймаг разынд. Йе ‘фсинæн лæггад кæнынæй нæ фæллад, æмæ та хуры тын ныккаст ныййарæджы фæлмæн зæрдæмæ.

 

Нæ дуджы бæрджытæ

 

Европæ Амырык куы байгом кодта, уæд уырдæм йæ чъизитæ, йæ хæрам, йæ цыракæнон тыхтæ акалдта. Æмæ уæдæй фæстæмæ йæ алыхуызон адæмтæ хæлар царды æгъдау æмбарын райдыдтой. Фæлæ цæмæй зыдтой, уый рæстæгмæ у. Цы æвзæрдзинæдтæй фервæзтысты, уыдон Амырычы цæрæг адæмыхæттыты бындзагъд куы ныккодтой æмæ сæхиуыл тынгдæр куы фервæссыдысты, уæд сæ ных сарæзтой Европæмæ. Æмæ йæ тагъд бынсæфт фæкæндзысты.

* * *

Ныры дуг у æдзæсгæмтты дуг. Æмæ сын дзы цастæ æнтысы, уый диссагæн дзуринаг у. Цæсгом сыл нæй, уый æгъгъæд нæу, фæлæ сын зæрдæтæ дæр нæй. Худинаг, тæригъæд цы сты, уыдон сæм нымады дæр не сты. Хуыцау тæригъæд кæй нæ бары, уый та сæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Уæлдайдæр сывæллоны тæригъæд. Дзæгъæлы!..

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here