Ольгæ ГОЛОДЕЦ: «Республикæ рæзы, арæзтадон куыстытæ цæуынц сæ фæткмæ гæсгæ»

0
446

 

Ивгъуыд хуыцаубоны нæ республикæйы кусæг балцы уыдысты УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Ольгæ ГОЛОДЕЦ, УФ-йы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей ЧЕБОТАРЕВ, Дины организацитимæ æмгуыстады Департаменты хицау Евгений ЕРЕМИН, Туризмы федералон агентады разамонæг Олег САФОНОВ æмæ УФйы Президенты цур сывæллоны барты æххæстбарджын минæвар Аннæ КУЗНЕЦОВА.

Делегацийы уæнгтæ нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ дидинджытæ сæвæрдтой Беслæны мемориалы «Хъыджы бæлас»-ы цур æмæ иу минут æдзæмæй ссардтой, теракты чи фæмард, уыцы адæмы рухс ном.

УФ-йы Хицауады минæвæрттæ бабæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны цалдæр объекты. Уыдонимæ Сыгъдæг Георгийы æмæ Ирыхъæуы Мады-Майрæмы аргъуантæ, Национ музей æмæ стадион «Спартак». Стадионы уавæртæ тынг æдзæллаг кæй сты, канд бындурон цалцæг нæ, фæлæ йæ æнæхъæнæй дæр реконструкци кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй Ольгæ Голодецæн бæлвырд радзырдта РЦИАланийы физикон культурæ æмæ спорты министры хæстæ æххæстгæнæг Бæройты Хасан.

— Стадион арæзт æрцыд 1961 азы. Бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд ам нæ спортсменты къухы, бирæ уæлахизтæ. Абон дæр нæм спорты бæрзæндтæм тырнæг æрыгон фæсивæд бирæ ис, ацы ран, стадионы фæзы æдзух сæхиуыл кусынц. Фæлæ рæстæджы цыдимæ йæ уавæртæ нырыккон куыстæн дзуапп нал дæттынц. Фарон Цæгат Кавказы адæмты Культурæ æмæ спорты фестивалы агъоммæ базылдыстæм стадионмæ, нæ бон куыд уыд, афтæ. Федералон бюджеты фæрæзтæй сцалцæг кодтам футболон фæз æмæ згъорыны фæндаг. Фæлæ уыцы куыстытæ денджызы доны æртахы хуызæн сты. Цалцæг æмæ реконструкцикæнинаг сты стадионы æртæ трибунæйы дæр, кусынæн нал бæззынц, тæссаг уавæры сты, — загъта министр.

Битарты Вячеслав та радзырдта, ацы фарстайы фæдыл æрæджы ныхас кæй цыдис УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевимæ.

— Хицауады Сæрдар бафыста сæрмагонд уынаффæ, стадионы реконструкцийы фæдыл, фæлæ ма æрмæст хъазæн фæзæй дарддæр нæ зæрды ис «Зрелищный зал» кæй хонынц, ахæм дæр саразын, цæмæй дзы арæзт цæуой спорты алы хуызты ерыстæ канд республикон нæ, фæлæ федералон æмвæзадыл дæр. Республикæ нæ бæстæйæн бирæ номдзыд спортсменты балæвар кодта æмæ уыцы традици, спортивон фæлтæр хъомыл кæнын абон дæр йæ тыхы ис. Стадионы реконструкцийæн 1,1 миллиард сомæй къаддæр нæ бахъæудзæн æмæ ахæм фæрæзтæ республикæмæ нæй. Дмитрий Медведев бардзырд радта, проектонсметон документаци саразыны фæдыл, — загъта нæ республикæйы Сæргълæууæг.

Ольгæ Голодец стадионы уавæртæ йæхи цæстæй федта æмæ загъта, канд стадион реконструкци нæ, фæлæ Цæгат Ирыстоны æппæт спортивон объекттæм дæр бындурон ивддзинæдтæ бахæссыны, сæ материалон-техникон базæ аивыны тыххæй кæй бахæс кæндзæн УФ-йы Физикон культурæ æмæ спорты, стæй Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрадтæн ацы лыггæнинаг фарстатæ сæххæст кæнын.

Делегацийы уæнгтæн Национ музейы залтыл экскурси скодта музейы генералон директоры хæдивæг Мамиаты Михал. Уый УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæгæн равдыста музейы палеолиты замантæй бронзæйы дуджы онг, стæй астæуккаг æнусты хъæздыг экспонаттæ. Ольгæ Голодецмæ тынг цымыдисаг фæкастысты, хъобайнаг æмæ скифты-сæрмæтты культурæйы, дзаумæттæ, астæуккаг æнусты æрмдæсныты куыстытæ.

— Цæгат Кавказы мах Национ музейæ хъæздыгдæр экспозицитæ никæцы ран ис æмæ сæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнæм. Ног бæстыхай сарæзтам нырыккондæр техникон ифтонггæрзтимæ. Фæлæ, ууыл нæ куыстытæ нæма фесты. Афæдзы кæронмæ равдыстыты фæзуат хъуамæ бацахса 2000 квадратон метры, 678 квадратон метры та — «фондæвæрæн»-тæ. Музейы реконструкци райдыдта ивгъуыд æнусы 90-æм азты райдайæны. Уæдæй абонмæ кæронмæ нæма фæци, æхцайы фæрæзтæ кæй не сфаг вæййы, уый аххосæй, — загъта Мамиаты Михаил.

Битарты Вячеслав ацы фарста федералон æмвæзадмæ систа. 2017 азы УФйы Культурæйы министрад æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады иумæйаг бадзырды фæстæ музейы реконструкцийæн æхца дихгонд æрцыд 97,83 милуан сомы федералон бюджетæй, 7,83 милуаны та республикæйы бюджетæй.

Уый фæстæ делегацийы уæнгтæн нæ республикæйы Хицауады хæдзары уыдис æмбырд, 2022 азы Аланийы аргъуыды 1100 азы юбилейы фæдыл оргкомитетимæ. Æмбырд амыдта Ольгæ Голодец æмæ куыд загъта, афтæмæй ацы мадзал канд Ирыстонæн нæ, фæлæ нæ бæстæйы дæр зынгæ цауыл нымад цæудзæн.

— Ирыстон рагон историон цыртдзæвæнтæй хъæздыг у, федералон ахастдзинад сын ис. Цымыдисаг у Аланийы аргъуыды истори. Æмæ нæ цы хъæуы саразын, цæмæй уыцы бæрæгбон рæсугъдæй, цымыдисагæй ацæуа, уый тыххæй. Канд нæ бæстæйы нæ, фæлæ ардæм æрцæудзысты дунейы алы рæттæй дæр дины æмæ наукæйы минæвæрттæ, — загъта УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг.

Æмбырды нæ республикæйы рагон историон-культурон хæзнатæ æмæ 2022 азы Аланийы аргъуыды бæрæгбоны мадзæлтты фæдыл бæлвырд раныхас кодта Битарты Вячеслав. Куыд загъта, афтæмæй ацы бæрæгбон, цæмæй нывыл ацæуа, уый тыххæй бирæ фарстатыл бацархайын хъæуы, æрмæст республикæйы бон сæ сæххæст кæнын нæу.

— Бацæттæ кодтам, бæрæгбоны сæйрагдæр мадзæлтты пълан. Уыдонæй иу — Аланийы аргъуыды историон реконструкциты театрализацигонд фестиваль. Æвдыст дзы цæудзысты, рагæнусты хъайтартæ. Уыцы фестивалы бындурыл арæзт цæудзæн бæхты равдыст дæр. Незаманты алайнаг бæхыл бадыны традици, æнусы размæ Хъантемыраты Алыбег бындур цы джигитовкæйæн сæвæрдта, уыцы трюктæ сты бæхты театр «Нартæ»- йы аивады. Сæйрагдæр та нын у историон-культурон хæзнатæ реставраци скæныны фарста. Уыцы цыртдзæвæнтæ куы фесæфой, уæд сæфтмæ цæуы нæ ивгъуыд дæр, нæ уды фарн. Æмæ нын уыцы рæдыд фидæны нæ байзæддæгтæ нæ ныббардзысты. Уыцы хæзнатæ реставрацигонд куы ‘рцæуой, уæд уый нæ республикæйы экономикон уавæрыл хуыздæрæрдæм фæзындзæн. — дзырдта республикæйы Сæргълæууæг. Туристтæ сæм кæсынмæ цæудзысты дунейы алы рæттæй. Сæ фылдæр сты хæхбæсты районты, бæрзонд къуылдымтыл, æмæ сæ реставраци скæныныл нæхи хъаруйæ нæ аххæсдзыстæм. Аланийы аргъуыды 1100 азы юбилейы фæдыл нæ бæстæйы Президенты уынаффæмæ гæсгæ, арæзт цæудзæн егъау бæрæгбон, уымæн æмæ Алани сси, Уæрæсейы Федерацийы арæнты фыццаг Чырыстон паддзахад.

— Ахæм бæрæгбоны аккаг у Цæгат Ирыстон. Нæ бæстæйæн цы бирæ намысджын адæймæгты радта, уыдон Уæрæсейы кад дæрдтыл хæссынц, нæ бæстæйы хорздзинадæн нывонд кодтой æмæ кæнынц сæ цард. Сæрыстыр стæм се ‘ппæтæй дæр. Республикæ рæзы, арæзтадон куыстытæ цæуынц сæ фæткмæ гæсгæ. Æмæ уый республикæйы Сæргълæууæджы æнтыстджын разамынд у. Аланийы аргъуыды 1100 азы бæрæгбон цæмæй нывыл ацæуа, уыцы хъуыддагыл бацархайын та у нæ иумæйаг хæс, — загъта Ольгæ Голодец.

Уыцы бон Дзæуджыхъæуы райдыдта кавказаг æппæтадæмон фестиваль «Мариинский — Владикавказ». Делегацийы уæнгтæ Битарты Вячеславимæ архайдтой фестивалы фыццаг мадзалы. Бакастысты Цæгат Кавказы республикæтæй æрвыст курдиатджындæр сывæллæтты музыкалон аивадмæ. Фестиваль байгом кодта Марияйы театры аивадон разамонæг, дунейы зындгонд дирижер Гергиты Валери.

— Нæ театры къорд Ирыстонмæ æрцыд дард гастрольтæй, Индиаг фурды былгæрон, горæт Аманæй. Мæ фыдызæххыл кæй æрлæууыдтæн æмæ йын йæ уæлдæфæй мæ риуыдзаг кæй сулæфыдтæн, уый стыр циндзинад у. Афтæ алкæмæндæр, йæ райгуырæн бæстæйæ дард чи у, уыдонæн. Æхсызгон мын у, æвзонг музыкантты аивад фенын æмæ сын дарддæр фæндаг саразын. Ахæм фестивальтæ сты алы адæмты иугæнæг, хæлар ахастдзинæдты фидар тæгтæ, — загъта Гергиты Валери.

Фестивалы архайджытæн зæрдиаг æмæ рæсугъд ныхæстæ загътой Ольгæ Голодец æмæ Битарты Вячеслав.

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here