Ерыстæ Ирыстоны хъæбатырты номыл

0
566

 

Ивгъуыд къуыри нæ республикæйы спортивон цард хъæздыг уыд алыхуызон ерыстæй. Цымыдисаг уыдысты, Дзæуджыхъæуы Сырхгвардионты хиды цур цы мотодром ис, уым ирыстойнаг Советон Цæдисы Хъæбатырты номарæн турниры ерыстæ. Ирыстоны спортсментæй уæлдай ерысты архайдтой Белгороды, Краснодары. Пятигорскы, Майкъопы, Махачкалайы, Сочийы, Каспийскы, Налцыччы, Георгиевскы минæвæрттæ.

Ерыстæ цалдæр азы размæ арæзт æрцыдысты Цæгат Ирыстоны автомотоспорты федерацийы кадджын президент Хъæдохты Аркадийы хъæппæрисæй, æмæ та ацы хатт дæр уый уыди ерысты сæйраг разамонæг.

Ерыстæ гом кæнгæйæ Хъæдохты Аркади, нæ республикæйы Ветеранты советы сæрдары хæдивæг, инæлар-майор Бедойты Руслан, Уæрæсейы сгуыхт тренер Юрий Гиреев, Цæгат Кавказы федералон зылды автомотоспорты федерацийы президент Вячеслав Фисенко æмæ белгородаг зындгонд тренер Валерий Антюфеев зæрдиаг арфæтæ ракодтой спортсментæ æмæ спортуарзджытæн.

Ерыстæ цы авд хуызæй цыдысты, уыдонæй алкæцыйы дæр спортсментæ равдыстой æвæджиауы арæхстдзинад. Ерыстæ рауадысты тынг цымыдисаг. Æмæ куыннæ! Мотоциклисттæ сæ æфсæн бæхтыл мотодромы сæрты уаритау тæхын куы райдыдтой, уæд уыдонмæ кæсгæйæ, адæймаджы, иуæй, дисы æфтыдтой, иннæмæй та-иу зæрдæтæм цыдæр тас бауагътой, ахæм бæрзæндтæм-иу стахтысты.

Тынг сæрæнæй равдыстой сæхи куыд ирыстойнаг мотоциклисттæ, афтæ нæ уазджытæ дæр. Фыццаг бынæттæ бацахстой: 65 куб.см — Иван Дубатовкин (СК «Ставрополье»), 125 куб.см. — Илья Илюхин (г.Белгород), класс «Свободный» — Виталий Гусев (г. Майкъоп). Ирыстойнаг мотоциклисттæ фыццаг бынæттæ бацахстой: 85 куб. см. — Елхъанаты Ацæмæз (Ск «Севкавдоломит»), къласс «Мастер Н» — Елхъанаты Эдуард (СК «Севкавдоломит»), класс «Мастер Б» — Сырхауты Артур (СК «Снежная королева»). Уымæй уæлдай ма ирыстойнаг спортсментæ призон бынæттæ бацахстой: 3- аг — Быгъуылты Нарбег (класс 65 куб. см), 2-аг — Лолаты Марк (класс 125 куб.см), 3-аг — Гæбуты Измаил (класс «Мастер Н»). Командон ерысты фыццаг бынатмæ рацыдысты Дзæуджыхъæуы мотоциклисттæ. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын систы майдантæй, дипломтæй æмæ æхцайы лæвæрттæй.

Сæрмагонд призтæй хорзæхджын систы, æппæты дарддæр чи атахтис мотоциклыл, уыцы спортсментæ. Фыццаг бынат лæвæрд æрцыд стъараполаг мотоциклист Владислав Петраковæн. Уый йæ мотоциклимæ трамплинæй атахт 33 метры. Дыккаг бынатмæ рацыд майкъопаг Виталий Гусев (32 м), Лолаты Марк ацы ерысы бацахста æртыккаг бынат. Лолайы-фырт йæ мотоциклыл атахт 31 метры.

Автомотоспорты Цæгат Кавказы федералон зылды федерацийы президент Вячеслав Фисенко спортсментæ, тæрхонгæнджытæ æмæ Дзæуджыхъæуы уазджыты номæй зæрдиаг арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Физикон культурæ æмæ спорты министрадæн, Мидхъуыддæгты министрадæн, Æнæнхъæлæджы цауты министрадæн, Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийæн, Хъæдохты Аркадийæн, ерыстæн алцæмæй æмбæлгæ уавæртæ кæй сарæзтой, уый тыххæй.

Ерыстæй тынг разыйæ баззадысты ерысты ацыдæй нæ бирæ уазджытæ дæр. Зындгонд спортсмен Виталий Гусев Дзæуджыхъæуы мотодром схуыдта Уæрæсейы хуыздæртæй иу, фысымты та банымадта æппæты уазæгуарзондæртыл.

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here