Барадон, социалон, промышленнон ахадындзинадимæ фарстатæ

0
435
????????????????????????????????????

 

«Зындгонд куыд у, афтæмæй тæрхонадон хæстæ æххæст кæныны уагæвæрд фидаргонд у Уæрæсейы Федерацийы Граждайнаг процессуалон кодексы 63 статьяйæ. Уымæ гæсгæ цыдæриддæр суагъæтæ æмæ æвдисæндартæ æмбырдгонд æрцыд, уыдон æрвыст æрцæуынц, хъуыддаг чи ‘взары, уыцы тæрхондонмæ. Арæх афтæ рауайы, æмæ цавæрдæр аххосæгты тыххæй (уыдон тæрхондонимæ баст нæ вæййынц) тæрхонадон хæстæ сæххæст кæнæн нæ вæййы. Зæгъæм, Уæрæсейы Федерацийы Арбитражон процессуалон кодексы статьяты бæрæггонд у, ахæм уавæры тæрхондон йæ хатдзæджы уыцы аххосаг кæй бацамоны, уый», — знон парламентон советы æмбырды закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар ОРТАБАЙТЫ Тимур рæгъмæ рахаста «Уæрæсейы Федерацийы Граждайнаг процессуалон кодексы 63 статьямæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл» закъоны проект. Советы æмбырд амыдта Парламенты Сæрдар Алексей МАЧНЕВ

Ортабайты Тимур куыд бацамыдта, афтæмæй ацы закъонæвæрынадон хъæппæрис равдыста КæсæгБалхъары Республикæйы Парламент. Уыдон куыд нымайынц, афтæмæй хъуамæ Арбитражон процессуалон кодексы цы гæнæнтæ ис, ахæмтæ бахæссын хъæуы Граждайнаг процессуалон кодексы 63 статьямæ дæр. Уымæй дарддæр парламентон комитет бацæттæ кодта æндæр акттæ дæр. Сæ иу баст уыдис уæлдæфон тыгъдадæй, ленк кæныны уагæвæрдтæ фехалыны тыххæй административон бæрнондзинад фæкарздæр кæнынимæ. Уыцы закъоны проекты фæрцы хъуамæ Уæрæсейы Федерацийы закъонæвæрынады нормæтæ фæхуыздæр уой. 2017 азы Граждайнаг авиацийы æрцыди 21 бæллæхы æмæ 19 фыдбылызы. Уыдон æрцыдысты хицæн адæймæгтæ сæ хицау кæмæн уыдысты, уыцы уæлдæфон транспортимæ. Куыд рабæрæг ис, афтæмæй транспорты хицæуттæ æппынæдзух халынц уæлдæфон тыгъдадæй пайда кæныны уагæвæрдтæ.

Уæдæ денджызты æмæ мидæггаг дæтты цы транспорт цæуы, уым дæр тынг арæх сты алыхуызон бæллæхтæ æмæ фыдбылызтæ. 2016 азы уыдысты 88, 2017 азы та — 89. Аххосæгтæ баст сты, ленк кæныны уагæвæрдтæ æппындæр кæй нæ нымайынц, уыимæ. Ахæм карз æхсæнадон тæссагдзинад цы барадхæлдтытæн ис, уыдоныл фæтых уæвыны охыл бахъавыдысты административон бæрнондзинад фæкарздæр кæнын. Цы иваргæнæн мадзæлттæ бæрæггонд сты ныры онг дæр, уыдон кæмдæрты 10 хатты фæфылдæр уыдзысты, кæмдæрты та — 4-5 хатты. Кæд ахæм барадхæлдтытæ азы дæргъы цалдæр хатты æруагъта доны, денджызон, уæлдæфон транспорты хицау, уæд æй 1-2 азы фæиппæрд кæнынц транспортыл цæуынæй. Уæрæсейы Федерацийы цæрæнуæтты фонд бынтондæр кæй ныззауат ис, йæ сæйрагдæр конструкцитæ, техникон бæрæггæнæнтæ адæмæн зынвадæттæ кæй æвзарын кæнынц, уымæ гæсгæ хъуамæ фидаргонд æрцæуой уыцы фонд сног кæныны (реноваци) тыххæй уынаффæтæ. Кæд æмæ ныртæккæ дæр кæлæддзаг хæдзæрттæй адæмы ног фатертæм раивыны программæтæ сæ куыст кæнынц, уæддæр уыдон æппæт ахæм хæдзæрттыл не ‘ххæссынц. Уымæ гæсгæ, Уæрæсейы Федерацийы регионты паддзахадон хицаудзинады оргæнтæн хъуамæ фæзына сæ территориты цæрæнуæтты фонд сног кæныны бартæ. Афтæмæй «Уæрæсейы Федерацийы цæрæнуæтты фонд сног кæныны тыххæй» федералон закъон бартæ дæтты регионты паддзахадон хицаудзинады оргæнтæн, цæмæй сæ бон уа уыцы программæтæ æххæст кæнын.

Документы бæстон фыст æрцыдысты цавæр бартæ сæм хауы, куыд сыл хъуамæ кусой, æппæт уыцы фæзилæнтæ. Нымад æрцыдысты граждæнты цæрæнуæтты бартæ дæр. Ацы закъон фидаргонд куы ‘рцæуа, уæд бæстæйы цæрæнуæтты фонд сног кæныны хъуыддаг хуыздæр æххæстгонд цæудзæнис, бюджетон æхцатæй уæлдай ма, пайдагæнæн уыдзæн бюджетты æдде æхцайы гуырæнтæй дæр. Советы уæнгтæ сразы сты «Уæрæсейы Федерацийы ахуырады тыххæй» федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл закъоны проектимæ дæр. Ивддзинæдтæ баст сты астæуккаг профессионалон ахуырад райсыны тыххæй инвалидты бартæ бахъахъхъæнынимæ. Социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй ацы документы фæрцы инвалидтæн сæ гæнæнтæ фæхъомысджындæр уыдзысты æмæ сын профессионалон ахуырад райсын фенцондæр уыдзæн. Ома, астæуккаг профессионалон ахуырад райсынæн инвалидтæн сæрмагондæй дих кæндзысты бюджетон бынæттæ, ахуырмæ сæ исдзысты æнæ конкурсæй.

Промышленносты , транспорты, бастдзинад æмæ амалхъомады комитет советмæ цы фарстатæ рахаста, уыдонимæ уыдис «Уæрæсейы Федерацийы промышленнон политикæйы тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл закъоны проект. Уым ныхас цыдис разамынддæттæг компанитæн горæттæаразæн къабазы уæлæмхасæн бартæ раттыныл. Комитеты сæрдар Бурдзиуты Валери куыд загъта, афтæмæй ивддзинæдты фæрцы индустриалон (промышленнон) парктæ æмæ технопаркты разамынддæттæг компанитæн фæзындзæн фадæттæ, цæмæй арæзтадон цæстдард æххæст кæной, хъуамæ аразой техникон уавæртæ, бæрæг кæной коммуникацитæм баиу кæныны тыххæй фиддонты бæрц, æмæ æндæр хъуыддæгтæ.

Ныхасгæнæг куыд бафиппайдта, афтæмæй разамынддæттæг компаниты бартæ куы фæпарахатдæр уой, уæд уымæй инвесторты размæ цы административон цæлхдуртæ ис, уыдон иуварсгонд æрцæудзысты, паддзахадон-муниципалон лæггæдты хæрзхъæддзинад фæбæрзонддæр уыдзæн. Иумæйагæй та исбонадон инфраструктурæйы уавæр зынгæ аивдзæн æмæ уымæй йæ инвестицион бакаст фæбæллиццагдæр уыдзæн. Закъоны проект царды сæххæст кæнынæн бюджетæй уæлæмхасæн æхца нæ бахъæудзæн.

Советы уæнгтæ ма равзæрстой æмæ сфидар кодтой æндæр закъонæвæрынадон акттæ æмæ хъæппæристæ, фæбæрæг кодтой нысантæ хæстæгдæр рæстæгмæ.

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here