Дзæуджыхъæуы уыд Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг регионалон хайады æрвылазон конференци. Фронты эксперттæ æмæ активисттæ, стæй æхсæнадон организациты минæвæрттæ æрныхас кодтой «2024 азы онг Уæрæсейы Федерацийы рæзты национ нысанты æмæ стратегион хæслæвæрдты тыххæй» УФ-йы Президент, Адæмон фронты разамонæг Владимир Путины указ æххæст кæныны фæдыл ног тематикон иугæндты куыстыл.
Конференци гом кæнгæйæ, Фронты регионалон штабы æмсæрдар Туаты Теминæ загъта:
— Паддзахады сæргълæууæджы Майы Указы амынд национ проектты æмæ программæты аккаг чи сты, ацы аз майы Адæмон фронт сарæзта 12 ахæм тематикон иугонды. Президенты бардзырд æххæстгонд куыд цæуы, уымæ цæст даргæйæ, Адæмон фронт кусы Президенты хæслæвæрдтæ баххæст кæныны фæдыл фæндæттыл. Президенты указтæ æххæстгонд куыд цæуынц, уымæ кæй активисттæ æмæ эксперттæ цæст дарынц, райдайæнæй нырмæ Æппæтуæрæсеон адæмон фронт нымад у ахæм æхсæнадон организацийыл.
Ацы аз Адæмон фронты цæстдарæн бардзырд «Дыууæ мин адæймагæй къаддæр кæм цæры, ахæм цæрæн бынæтты медицинон æххуысы хæрзхъæддзинад» Цæгат Ирыстоны куыд æххæст кодтой, уый тыххæй радзырдта Фронты регионалон штабы уæнг Гæлиты Клим:
— Чысыл хъæуты медицинон æххуысы хæрзхъæддзинад фæнывыл, фæлæ аиппытæ дæр рабæрæг сты. Поселок Рассветы, Дæллаг Саниба æмæ Къостайыхъæуы медицинон кусæндæтты æмбæлгæ медицинон ифтонггæрзтæ кæй нæй, медиктæ сæм кæй нæ фаг кæнынц æмæ сæм дон кæй нæ цæуы, уыдæтты аххосæй адæймагæн дæсны медицинон æххуыс бакæныны фадат нæй.
Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой Горæтаг уавæрты фæлгонцадмæ цæстдарды центры куысты бæрæггæнæнтыл дæр.
— Дзæуджыхъæуы æмæ хъæууон районты центрты бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ бабæрæг кæнгæйæ, мах куыд сбæлвырд кодтам, афтæмæй аразджытæ сæ куысты хæстæ бæрнонæй баххæст кодтой, фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, аиппытæ дæр рабæрæг сты. Зæгъæм, бынæттон цæрджыты хъуыды нымад не ‘рцыд, — загъта Адæмон фронты регионалон штабы æмсæрдар Александр Купцов.
Конференцийы раныхас кодтой проекттæ «Дорожная инспекция ОНФ/Карта «убитых» дорог» æмæ «Генеральная уборка»-йы эксперттæ дæр. — Ацы проекттæ сæ ахадындзинад бавдыстой. Зæгъæм, Адæмон фронты интерактивон авналæнтæ «Карта свалок» æмæ «Карта «убитых» дорог»-ы фæрцы бафснайдæуыд 32 бырондоны, стæй цалцæггонд æрцыд 40 фæндаггон уæлцъарæй фылдæр, — загъта Адæмон фронты регионалон штабы æмсæрдар Цæгæраты Руслан.
Ацы азы декабры фæстаг бонты чи ацæудзæн, æмбырды кæрон йæ архайджытæ Æппæтуæрæсеон адæмон фронты, уыцы съездмæ делегатты равзæрстой.
БÆДТИАТЫ Оксанæ














