Завод «Электроцинчы» дарддӕры архайды фарстатӕ ӕвзарӕг къамис фӕсидтис «Роспотребнадзор»-ы республикон службӕмӕ, цӕмӕй, заводимӕ 2010 азы цы Фидыды бадзырд сфидар кодтой, уый домӕнтӕ ӕххӕстгонд ӕрцӕуой. Уымӕй дарддӕр, куыстуат цы закъонхӕлдтытӕ ӕруагъта, уыдон аиуварс кӕныны тыххӕй тӕрхондонмӕ бадӕттой. Ахӕм уынаффӕ рахастой къамисы ӕртыккаг ӕмбырды. Амыдта йӕ РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг ФАДЗАЙТЫ Æхсарбег.
Ацы хъуыддагыл бӕстондӕр ӕрдзургӕйӕ, ӕхсӕнадон организаци «Глас народа»-йы юрист Сӕлбиты Мӕдинӕ куыд бацамыдта, афтӕмӕй завод ныртӕккӕ не ‘ххӕст кӕны Фидыды бадзырды ӕрдзхъахъхъӕнынады тыххӕй ӕппӕт домӕнтӕ. Кӕд ӕмӕ дзы ӕмгъуыдтӕ бӕрӕггонд сты, уӕддӕр сӕ ницӕмӕ дарынц. Афтӕмӕй «Роспотребнадзор»-ӕн йӕ бон у заводы ныхмӕ ацы закъонхӕлдтыты тыххӕй тӕрхондонмӕ бадӕттын. Къамис ацы фӕндоныл сразы ӕмӕ бахӕс кодта юридикон къордӕн (йӕ разамонӕг — Къесаты Станислав), цӕмӕй хъуыддаг сӕхимӕ райсой. Заводы разамындимӕ ӕмархайды кусӕг къорд та радзырдта, ӕрӕджы куыстуат куыд бабӕрӕг кодтой, йӕ разамындимӕ куыд фембӕлдысты, уыдӕтты тыххӕй. Уыцы къордӕй у Мамиаты Чермен. Уый куыд бафиппайдта, афтӕмӕй дзы продукци уадзыны хъуыддаг баурӕдтой. Уымӕй дарддӕр заводы хицауад радзырдтой, сӕ минӕвӕрттӕ къамисы ӕмбырды цӕй тыххӕй нӕ вӕййынц, уый дӕр. «Заводы директоры ныхасмӕ гӕсгӕ, куыддӕр зынгсирвӕзты аххосӕгтӕ раиртасыны тыххӕй слестгӕнӕн хъуыддӕгтӕ конд ӕрцӕуой, афтӕ республикон къамисы куысты архайын райдайдзысты. Барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕ зынгсирвӕзты аххосӕгты тыххӕй сӕ хатдзӕгтӕ рӕгъмӕ рахӕсдзысты», — бафиппайдта ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министр Мамиаты Чермен. Куыд ма бацамыдта, афтӕмӕй заводы архайды тыххӕй ӕцӕг информаци райсыны охыл баныхас кодтой, цӕмӕй «Электроцинк»-мӕ бацӕуӕн уа республикон къамисы ӕмӕ дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттӕн. Къамисы уӕнгтӕ сразы сты социалон-экономикон къорды разамонӕг, Парламенты депутат Уататы Зелимы хъуыдыимӕ дӕр, ома, Урайлаг холдинджы президент Искандер Махмудов ӕмӕ йӕ генералон директор Андрей Козицынимӕ комкоммӕ ныхас кӕныны тыххӕй. Афтӕмӕй хицауадон къамисы номӕй уыдонмӕ арвитдзысты ӕмбӕлгӕ сидт. «Мах хъуамӕ сӕмбӕлӕм заводы хицӕуттимӕ, семӕ фӕныхас кӕнӕм, бамбарын сын кӕнӕм, регионы экологион уавӕр нӕ тынг кӕй тыхсын кӕны, Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ цы хъуыды кӕнынц, уый сӕм фӕхӕццӕ кӕнӕм. Хъуамӕ базонӕм сӕ зондахаст, куыстуаты дарддӕры архайды тыххӕй сӕм цавӕр нысантӕ ис, уый», — бафиппайдта Уататы Зелим. ӕмбырды рӕстӕг кусӕг къордты разамонджытӕ фӕбӕрӕг кодтой, ныридӕгӕн цавӕр фарстатыл бакуыстой, уый. Экологион-технологион къорды разамонӕг ӕлборты Иван радзырдта, Мӕскуы ӕмӕ СанктПетербурджы иртасӕн центртимӕ кӕй баныхас кодта, уый тыххӕй. Уыдон цӕттӕ сты, Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ йӕ алфамбылайы цӕрӕн бынӕттӕн «Электроцинчы» архайд цавӕр зиан хӕссы, уый тыххӕй наукон иртасӕнтӕ скӕнынмӕ. Дзӕуджыхъӕуы цӕрджытӕ 2005-2017 азтӕм цы низты ахӕсты бахаудтой, уӕдӕ заводы архайд цы профессионалон низтӕ расайдта, уый тыххӕй хабӕрттӕ ӕрӕмбырд кӕнын, хатдзӕгтӕ сӕ скӕнын — уыцы хъуыддагмӕ бавнӕлдта медико-биологион кусӕг къорд. Йӕ разамонӕг Бутаты Таймураз куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй сӕ зӕрды ис науконпрактикон куыст кӕнын, уый фӕрцы хъуамӕ раиртасой, заводӕй километры бӕрц дӕрддзӕджы чи цӕры, уыцы ӕнхъӕлцау сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты ӕнӕниздзинады уавӕр. Уымӕй дарддӕр хъуамӕ горӕты цӕрджыты уавӕр сбӕрӕг кӕной, уӕззау згъӕртӕ — зды ӕмӕ кадмий сӕ буарты цас ис, уый. Хицауадон къамисы иннӕ ӕмбырд уыдзӕн къуырийы фӕстӕ.
Нӕ уацхӕссӕг












