Мӕздӕджы районмӕ — фылдӕр цӕстдард

0
446

 

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг БИТАРТЫ Вячеслав кусӕг балцы уыд Мӕздӕджы районы. Фыццаг уал бабӕрӕг кодта Троицкы хъӕуы къалбасгӕнӕн куыстуат «Богачев». РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Анатолий ПОЛЯКОВ, Мӕздӕджы районы сӕргълӕууӕг ГУГИТЫ Геннади ӕмӕ районы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы разамонӕг Дмитрий ЯРОВОИМÆ сбӕрӕг кодтой куыстуаты уавӕртӕ, йӕ гӕнӕнтӕ ӕмӕ, цы продукци уадзынц, уый хӕрзхъӕддзинад. Дарддӕр Сӕргълӕууӕг министртимӕ Мӕздӕджы районы администрацийы бӕстыхайы ӕмбырдтӕгӕнӕн залы фембӕлд районы активимӕ ӕмӕ ӕрдзырдтой, цы фарстатӕ сӕм уыд, уыдоныл.

Фыццаг уал Битарты Вячеслав арфӕ ракодта районы раздӕры сӕргълӕууӕг Вячеслав Париновӕн йӕ 70 азы юбилейы фӕдыл. Бирӕ азты республикӕйӕн бӕрнон бынаты кӕй фӕлӕггад кодта, уый тыххӕй йӕ схорзӕхджын кодта майдан «Ирыстоны Намысӕн»-ӕй.

Куыстуат «Богачев» дӕс азы размӕ байгом кодта бынӕттон цӕрӕг Владимир Богачев. Абон дзы кусы 100 адӕймаджы бӕрц. Исынц хорз мызд, сӕ уавӕртӕ — зӕрдӕмӕдзӕугӕ, бӕстыхай — сыгъдӕг, алцыдӕр дзы у бӕстон. Уыцы уавӕртӕ фенгӕйӕ Сӕргълӕууӕг баззад разыйӕ. Загъта, бӕрӕг кӕй дары сӕ куысты хӕрзхъӕддзинад ӕмӕ кусджытӕм дӕр лӕмбынӕг цӕстдард кӕй ис, уый. Зӕгъын хъӕуы, ацы куыстуат, республикӕйы фыдызгъӕлы куыст чи кӕны, уыдоны ‘хсӕн нымад кӕй ӕрцыд раззагдӕртӕй иуыл.

— Афӕдзы райдайӕнӕй абонмӕ нӕ куыстуат рауагъта продукци 292 тоннӕйы, 58,7 милуан сомы аргъ. Цӕттӕ кӕнӕм къалбасы алы хуызтӕ, сарделькӕтӕ, сосискӕтӕ, фӕздӕгдзыд къалбӕстӕ, дзидзайы деликатестӕ ӕмӕ алы хуызы полуфабрикаттӕ. Фаронимӕ абаргӕйӕ, ацы аз нӕ продукцийы рауагъдад фӕфылдӕр дыууӕ хатты. Йӕ ауӕй кӕныны хъуыддаджы къуылымпыдзинад не ‘ййафӕм. Уӕй сӕ кӕнӕм канд Ирыстоны нӕ, фӕлӕ Дагестаны, Кӕсӕг-Балхъары, Хъӕрӕсе-Черкесты, Цӕцӕны, Мӕхъӕлы республикӕты ӕмӕ Краснодары. Нӕ хъалон бафидӕм афойнадыл. Фарон балхӕдтам нырыккон инновацион кусӕн техникӕ. Ифтонггонд стӕм хъӕугӕ кусӕнгӕрзтӕй, — загъта Владимир Богачев.

Сӕ продукцийӕн сын аккаг аргъ скодтой 2016 азы Мӕскуыйы ӕппӕтдунеон агропромышленон равдыст «Золотая осень»-ы. Салями «Пармская» ӕмӕ ветчина «Для завтрака» та хорзӕхджын ӕрцыдысты равдысты майдантӕй ӕмӕ дипломтӕй.

— Мӕздӕджы бирӕ куыстуӕттӕ ӕрцыд ӕхгӕд ӕмӕ уал фыццӕгты-фыццаг ӕххуыс кӕндзыстӕм ацы районӕн. Ныртӕккӕ, нӕ хъуыддӕгты нын ахъаз чи уыдзӕн, ис нӕм ахӕм паддзахадон программӕтӕ, ӕмӕ, уӕ хорзӕхӕй, спайда кӕнут уыдонӕй дӕр, — загъта Битарты Вячеслав.

Районы разамынд, хъӕуты сӕргълӕуджытӕ, ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттимӕ фембӕлд рауад дӕргъвӕтин. Алы хъӕуы дӕр ис, ӕнӕ паддзахады ӕххуысӕй кӕуыл не ‘ххӕссынц, ахӕм лыггӕнинаг фарстатӕ. Павлодольскы хъӕуы хицауы курдиат уыд, цӕмӕй сын саразой ног скъола. Сывӕллӕтты нымӕц дзӕвгар фӕфылдӕр ӕмӕ сын бынӕттӕ нӕ фаг кӕны. Ног ахуыры аз скъоламӕ цы сывӕллӕттӕ ӕрбацӕудзӕн, уыдон уыдзысты фондз къласы. Уыцы уавӕр сӕ цины ӕфтауы, фӕлӕ сӕ кӕм сбадын кӕндзысты, уымӕй тыхсынц. Республикӕйы Сӕргълӕууӕг сын ныфс бавӕрдта, 2021 азы сӕм скъола арӕзт кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй.

Комаровойы хъӕуы нӕй Интернет, аразинаг у сӕ Культурӕйы хӕдзар. Подгорныйы цӕрджыты фарстатӕ уыдысты, къӕвдабон рагъӕй цы дуртӕ ӕрлӕбырынц, уыдоны фӕстуджытӕй сӕ бахизын. Уымӕй размӕ сын балӕвар кодта «Нива» машинӕ тагъд медицинон ӕххуысмӕ сӕ ласыны тыххӕй. ӕмӕ йын уый тыххӕй загътой бузныг. Цы бирӕ фарстатӕ рахастой, уыдон лыггонд цыдысты бынаты. Сӕргълӕууӕг министртӕн бабар кодта сӕ сӕххӕст кӕнын.

Хицӕн ныхас уыд, районы цы хуымгӕнды зӕххытӕ ис — 67 000 гектары, уыдоны кадастрон аргъ раздӕр раст бӕрӕггонд кӕй не ‘рцыд, ӕмӕ йӕ ныр кӕй хъӕуы сраст кӕнын. Республикӕйы иннӕ районты арендатортӕ сӕ зӕххытӕн цас фидынц, уыдон дӕр уыйбӕрц куы фидиккой, уӕд уыцы ӕхцатӕй Мӕздӕджы район ӕмпъузид бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгтӕ. Кӕннод иу 200 сомы фиды, иннӕ та — 2000 сомы. Уый куыд раст у? — 2019 азы Мӕздӕджы районы фарстатӕм уыдзӕн ноджы фылдӕр цӕстдард. Фӕндӕгтӕ саразын ӕмӕ сцалцӕг кӕнынӕн радих кӕндзыстӕм 200 милуан сомы. Фыццӕгӕм апрелмӕ хъуамӕ бӕрӕггонд ӕрцӕуой, фӕндӕгты арӕзтадон куыстытӕ чи ӕххӕст кӕндзӕн, уыцы организацитӕ. Саразын та сӕ хъӕуы афтӕ, ӕмӕ сӕм авд азмӕ къух бакӕнын куыд нал бахъӕуа, — загъта Битарты Вячеслав. Мӕздӕджы цӕрджытӕ арфӕ ракодтой Сӕргълӕууӕгӕн ӕмӕ Хицауады минӕвӕрттӕн. Битары-фырт республикӕ ӕмӕ районы бӕрнон адӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта, уыдон сӕххӕст кӕнынӕн радта бӕлвырд ӕмгъуыд.

ХЕТÆГКАТЫ Оксанӕ Къамтӕ систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here