И. С. Тургенев ирон ӕвзагыл

0
744

 

Номдзыд уырыссаг фыссӕг И. С. Тургеневыл ӕххӕст кӕны 200 азы. Йе сфӕлдыстад фӕхъӕздыгдӕр кодта уырыссаг ӕмӕ дунеон литературӕ, стыр нысаниуӕг ын ис уырыссаг ӕхсӕнады, хӕрзӕгъдаудзинады рӕзты къабазы, уырыссаг реализмы историйы.

1860-1870 азты Тургеневы ном айхъуыст ӕнӕхъӕн Европӕйыл дӕр; уый уыд зындгонддӕр уырыссаг литератор. Йӕ уацмыстӕ йын тӕлмац кодтой францаг, немыцаг, англисаг ӕвзӕгтӕм, 1879 азы та йын, йе стыр лӕггӕдтӕ хынцгӕйӕ, Оксфорды университет радта барады докторы кадджын цин. Тургеневы хӕлӕрттӕ Францы уыдысты зындгонд фысджытӕ Г. Флобер, Э. Золя, Ги де Мопассан, А. Доде, Гонкурты ӕфсымӕртӕ. Европӕйы Тургенев иттӕг арӕхстджынӕй ӕххӕст кӕны уырыссаг культурӕйы минӕвары хӕстӕ, Францы, Германы, Англисы литератортӕ ӕмӕ ахуыргонд ӕхсӕнад йӕ фӕрцы зонынц уырыссаг дзырдаивады хуыздӕр уацмыстӕ. XX ӕнусы 40-50 азты рухс федтой И. С. Тургеневы уацмысты тӕлмацтӕ ирон ӕвзагмӕ: «Хорь ӕмӕ Калиныч» (Дойаты Сергейы тӕлмац), «Ермолай ӕмӕ куыройгӕсы ус» (Дойаты Сергейы тӕлмац), «Иу кӕртджын Овсяников» (Дойаты Сергейы тӕлмац), «Бурмистр» (Беккуызарты Валентинӕйы тӕлмац), «Къантор» (Саламты Алиханы тӕлмац), «Дыууӕ помещикы» (Саламты Алиханы тӕлмац), «Бежы уыгӕрдӕн» (Ардасенты Хадзыбатыры тӕлмац), «ӕртӕ фембӕлды» (Богазты Умары тӕлмац), «ӕрдз» (Нигеры тӕлмац), «О куыд дзӕбӕх, куыд рӕууон уыди розӕ» (Нигеры тӕлмац), Сырддон цъиу (Нигеры тӕлмац). «Нӕ, ныр та атох кӕндзыстӕм» (Нигеры тӕлмац). «Мӕгуыргур» (Нигеры тӕлмац), «Уырыссаг ӕвзаг» (Гуытъиаты Хъазыбеджы тӕлмац).

Нырыккон фысджытӕй Тургеневы уацмыстӕ тӕлмац кодтой Дзасохты Музафер (уацау «Ася») ӕмӕ Къибирты Амырхан («Муму»), прозӕйӕ фыст цалдӕр ӕмдзӕвгӕйы раивта Хохойты Энвер.

Аивадон тӕлмацы ирон скъолайы уагӕвӕрдтӕ, хӕстӕ ӕмӕ нысантӕн ис ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ бастдзинад Ирыстоны культурӕйы рӕзты иумӕйаг процессимӕ. Тӕлмацгӕнджытӕ бӕрнонӕй лӕггад кӕнынц ӕрмӕст адӕмы иудзинадӕн нӕ, фӕлӕ ма рауӕрӕх вӕййы сӕ кӕсӕджы миддуне дӕ, фадӕттӕ аразынц национ ӕвзаджы рӕзтӕн, литературӕтӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хъӕздыг кӕной, уымӕн. Ноджы ма сӕ уд хъарынц ууыл, цӕмӕй уырыссаг, дунеон литературӕйы хӕзнатӕ сӕ тӕлмацты руаджы фӕхъӕздыгдӕр кӕной, уымӕн. Ноджы ма сӕ уд хъарынц, цӕмӕй уырыссаг, дунеон литературӕйы хӕзнатӕ бахӕццӕ уой ирон чиныгкӕсӕгмӕ, фӕхъӕздыгдӕр ын кӕной йӕ миддуне. Уыимӕ ӕмбарынц, се сфӕлдыстадон куыст ахсджиаг кӕй у ӕмӕ сын дызӕрдыггаг нӕу сӕйрагдӕр принциптӕй иу — оригиналы национ ӕмӕ историон хӕдхуыздзинад, ӕвзаджы ӕрмӕг, формӕ ӕмӕ мидис бахъахъхъӕнын. «Цуаноны фыстытӕ»-йы радзырдтӕн сӕ фылдӕр снывӕзтӕуыд фӕсарӕнты, уымӕн ӕмӕ Тургенев йӕхӕдӕг куыд дзырдта, афтӕмӕй Уӕрӕсейы куы баззадаид, уӕд ын сӕ ныффыссын нӕ бантыстаид.

Зындгонд «Цуаноны фыстытӕн» бындур чи сӕвӕрдта, уыцы чысыл радзырд «Хорь ӕмӕ Калиныч» фӕзынд 1847 азы Некрасовы «Современник»-ы фыццӕгӕм номыры ӕмӕ уайтагъд критикты цӕстӕнгас йӕхимӕ аздӕхта.

1852 азы февральмӕ фыст ӕрцыд 22 радзырды, ӕртӕ фӕстаг уацмысы та циклмӕ хаст ӕрцыдысты 1874 азы. Фыссӕджы фӕндыд зӕхкусджыты ныхмӕдзырд, сӕ тугцъиртӕм ӕнӕуынондзинад равдисын, ӕмӕ сӕ чи бакаст, уыдон цагъарады ӕгъатыр рӕстдзинад базыдтой ӕмӕ уый тас бафтыдта паддзахы хицауадыл.

Радзырд «Бирюк» тӕлмацгӕнгӕйӕ Саламты Алихан, авторимӕ иумӕ, бафиппайдта «Эзопы ӕвзагӕй» пайдагӕнгӕйӕ, Тургенев сарӕхст йӕ чиныгкӕсджытӕм, уырыссаг зӕхкусджыты гӕвзыкк уавӕр, сӕ фӕразондзинадӕн кӕрон ӕрцӕуы, уый тыххӕй зонындзинӕдтӕ бахӕссын. Ам ӕргомӕй амынд цӕуы, ӕддаг бакастӕй къуымых, лӕмӕгъ чи зыны, уыцы дӕлбарты ‘хсӕн тохмӕ сыстыны хъарутӕ кӕй фӕзынд». Уыцы хабӕрттыл Тургенев дзуры Дойаты Сергейы тӕлмацгонд «Иу кӕртджын Овсяников»-ы дӕр. Ам ӕвдыстӕуы мӕгуыр адӕмы сӕрылхӕцӕг Митяйы. Фӕлӕ уый нырма уыд рӕстдзинадыл иунӕг тохгӕнӕг…

Зындгонд фыссӕг Ардасенты Хадзыбатыры дӕсны тӕлмацы руаджы радзырд «Бежы уыгӕрдӕны» равдыстӕуыд Тургеневы стыр уарзондзинад зӕхкусджыты сывӕллӕттӕм, раргомчындӕуыд сӕ хъӕздыг миддуне, цард поэтикон ахорӕнтӕй уынынмӕ тырнынад. Тӕлмацгӕнӕг, авторау, алцыдӕр аразы уымӕн, цӕмӕй йӕ кӕсӕг бауарза радзырды хъайтарты, асагъӕс кӕна зондджын, ныфсджын, рӕсугъд тырнындзинӕдтимӕ цагъар лӕппуты ӕбӕлиццаг фидӕныл. Чиныг «Цуаноны фыстытӕ»-йы тӕлмацгӕнджытӕ архайдтой авторы мидисджын ӕвзаг, адӕймаджы фӕлгонц ӕмӕ ӕрдзы нывтӕ фӕлындынмӕ арӕхстдзинад, куыд гӕнӕн ис, афтӕ ӕххӕстдӕрӕй равдисыныл.

«Цуаноны фыстытӕм»- йы алы радзырд дӕр арф фӕд уадзы чиныгкӕсджыты зӕрдӕты.

XX ӕнусы 40-50 азты Тургенев ирон литературӕмӕ куы ӕрбацыд, уӕдӕй нырмӕ йын фидар бынат ис ирон адӕмы поэтикон ӕмӕ сфӕлдыстадон дунейы, йӕ литературӕйы. Уӕлдай стырдӕр ӕргом аздахын хъӕуы стыр фыссӕг, публицист, литературӕиртасӕг, педагог, курдиатджын тӕлмацгӕнӕг Нигеры «Прозӕйы ӕмдзӕвгӕты» тӕлмацмӕ. Йӕ мадӕлон ӕвзаджы аивадон фӕрӕзтӕй пайдагӕнгӕйӕ уый тынг хорз равдыста авторы зондахаст. Тургеневы сфӕлдыстад бацыд Нигеры дунемӕ ӕмӕ фӕахъаз Ирыстоны уырыссаг классикон литературӕ парахат кӕнынӕн. «Прозӕйы ӕмдзӕвгӕты» тӕлмацты ирон фыссӕг схызт авторы аивадон, эмоционалон ӕнкъарӕнты онг, уымӕн ӕмӕ сӕ халдих фӕлгонцтӕ агуырдта йӕхи мадӕлон ӕвзаджы.

Æргом зӕгъын хъӕуы, И. С. Тургеневы уацмысы тӕлмацтӕ абон дӕр ахадынц Ирыстоны литературон процессыл, ахъаз сты национ аивадон культурӕмӕ ног хъуыдытӕ ӕмӕ фӕлгонцтӕ хӕссынӕн.

ТЕДТОЙТЫ Зинаидӕ, ЦИПУ-йы профессор

 

Бузныджы ныхас — литературон музейӕ

Ацы азы райдайӕны ЦИПУ-йы журналистикӕйы факультеты кафедрӕйы сӕргълӕууӕг, профессор Тедтойты Зинаидӕ мыхуырмӕ бацӕттӕ кодта ӕмӕ рауагъта номдзыд уырыссаг фыссӕг Иван Тургеневы уацмысты чиныг ирон ӕвзагмӕ тӕлмацгондӕй.

Ацы чиныг ӕхсызгонӕй бацагуырдтой, Орловы облӕсты номдзыд фыссӕгӕн цы музей ис, уый кусджытӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ музейы фонды Тургеневы уацмыстӕ ирон ӕвзагыл тӕлмацгондӕй, аив чиныджы хуызы аккаг бынат кӕй ӕрцахстой, уый тыххӕй ӕрӕджы профессор Тедтойты Зинаидӕйӕн фехъусын кодтой сӕ арфӕйы фыстӕджы Орловы облӕсты Тургеневы иугонд литературон музейы директор В. В. Ефремова ӕмӕ музейы сӕйраг хӕзнагӕс Н. В. Уракова. Уыдон иттӕг ахсджиаг хъуыддагыл банымадтой, Тургеневы райгуырды 200 азы бонмӕ ирон ӕвзагмӕ йын цы уацмыстӕ тӕлмацгонд ӕрцыд, уыдон хицӕн чиныгӕй кӕй рацыдысты, уый. Бузныг загътой йӕ саразӕг, ЦИПУ-йы профессор Тедтойты Зинаидӕйӕн.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here