Афӕдзы райдайӕны «Иры Стыр Ныхас» Интернеты сарӕзта ӕрфарст. Йӕ фӕрстытӕй иу уыдис: «Цы у ирон ӕгъдау?» Авд мин ӕмӕ ӕхсӕзсӕдӕ архайӕджы радтой алыхуызон дзуаппытӕ. Фӕлӕ нӕ уӕд дисы бафтыдта, нӕ фыдӕлты уырнынад ӕмӕ фынджы уаджы ӕгъдауы тыххӕй дзуапп ӕрмӕст стӕмтӕ кӕй равзӕрстой. ӕмӕ сӕ кӕд бирӕтӕ бабастой нӕ зондахаст, дунембарынад, хи дарыны фӕткимӕ, уӕддӕр уыцы дзуаппыты хыгъд цӕуылдӕр дзурӕг у. Абон дызӕрдыггаг нӕу, нӕ нырыккон ирон фынгыл бадгӕйӕ, фылдӕрмӕ зӕрдӕйӕ кувын ӕмӕ ӕгъдау тауын тынг нымад нӕ вӕййынц. Цӕмӕн? Цӕй тыххӕй? Кӕд, мыййаг, ацы фӕлдурӕджджын рӕстӕг мулчы фӕдыл дугъы фӕндагыл исты фесӕфтам ӕмӕ йӕ не ‘рхъуыды кодтам?
Дыууиссӕдз азы размӕ нын дзӕнӕтыбадинаг Уататы Бибо, фынджы хистӕрӕн бадгӕйӕ, афтӕ фӕдзӕхста: «Кӕстӕртӕ! Нӕ фыдӕлтӕм аргъуантӕ ӕмӕ мӕзджыттӕ нӕ уыд. Фынг уыди сӕ ӕрвылбоны кувӕн бынат. Фынгыл ирон адӕм сӕхи фӕдзӕхстой Хуыцау ӕмӕ йе сконд зӕдтыл, ныхас кодтой, ахсджиаг хъуыддӕгтӕ лыг кодтой. Уыцы ран кӕстӕртӕ хистӕртӕй истой хорз ӕгъдау ӕмӕ фарн. Уымӕ гӕсгӕ ма рох кӕнут, фынгыл уӕхи, уаз бынаты куыд ӕмбӕлы, афтӕ дарын». Ныры рӕстӕг мӕм, искуы фынгыл бадгӕйӕ, хатгай афтӕ фӕкӕсы, цыма ӕндӕр адӕмимӕ дӕн ӕмӕ нын фынг у ӕрмӕст цӕлгӕнӕн бынат. Уыимӕ цин ӕмӕ зианы фынгтӕ кӕрӕдзимӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнынц, иу фӕтк, иу ӕгъдауыл саразыныл сӕ архайӕм гуыбындзӕлты хъӕппӕрисӕй. ӕмӕ куыд нӕ?! Цины бадты сын уӕрӕхдӕр гӕнӕнтӕ ис, фылдӕр бануазын ӕмӕ бахӕрынӕн. Мах та уыдонӕн «ма кӕн», нӕ зӕгъӕм, уымӕн ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр ферох кодтам фынджы ӕгъдӕуттӕн сӕ арф мидис, зыны ма нӕм ӕрмӕстдӕр сӕ уӕлцъар. «Махмӕ афтӕ кӕнынц», «хъӕуӕй хъӕумӕ дӕр хицӕн ӕгъдау ис», «кӕй уӕрдоны бадыс, уый зарӕг кӕн» — ахӕм дзуаппытӕ вӕййы фехъусӕн, куы бафӕрсай, афтӕ цӕмӕн кӕнут, уӕд. Уыцы зондимӕ иу ӕгъдаумӕ никуы ӕрцӕудзыстӕм, уый бӕлвырд у. Хъуамӕ дзы иу чысыл ахизӕм иуварс, ӕмӕ хъуыддагмӕ бакӕсӕм ӕндӕр цӕстӕнгасӕй. Алы ӕгъдауы дӕр нӕ фыдӕлтӕ ӕвӕрдтой арф мидис, бастой йӕ сӕ уырнынадимӕ, дунембарынадимӕ. Сӕ гуыбын ӕмӕ уды ӕхсызгондзинады фӕдыл нӕ цыдысты, уыдон сӕм фӕстаг бынаты уыдысты ӕвӕрд. Абон та сӕ бирӕтӕ сӕвӕрдтой ӕппӕтӕй бӕрзонддӕр. Зианы фынгыл нуазӕнтӕ дӕттын? Табуафси. Фыдӕбонгӕнджытӕн дзидзайы хуыздӕр хӕйттӕй хӕрзад хӕринаг акӕнын зиан ахӕссыны размӕ? Уыйбӕрц дӕр дӕ хъӕуӕд! Чындзӕхсӕвы ӕгъдау амарын ӕмӕ дзы зындгонд артистты концерт кӕнӕ шоу саразын? ӕрмӕстдӕр дӕ дзыпп амонӕд. Иудзинадыл фӕдзурӕм, ӕнӕ уымӕй нын фидӕн нӕй, фӕзӕгъӕм. Фӕлӕ нӕ цы иу кӕны, уый ферох кӕнӕм. Адӕмы баиу кӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр иумӕйаг зондахаст, иу ӕгъдауы бындурыл. Уым ис йӕ рахӕцӕн. ӕнӕ уымӕй нӕй ӕмзонд, ӕмвӕнд уӕвӕн. Кӕд абон бирӕтӕм нӕ цин ӕмӕ зианы ӕгъдӕуттӕ тынг ахсджиаг нӕ кӕсынц, уӕд уый, сӕ мидис сын хорз кӕй не ‘мбарынц, уый аххосӕй. Бирӕ нал сты, ӕгъдау фидарӕй чи хӕссы, стӕй йӕ кӕстӕртӕм чи хӕццӕ кӕны, ахӕм куырыхон хистӕртӕ. Уыцы кӕстӕрты сӕры Ирыстоны алы рӕтты алыхуызон зонд куы ӕвӕрӕм, уӕд уыдон фидӕны кӕрӕдзимӕ ӕцӕгӕлоны цӕстӕй кӕсдзысты, «сымах-мах»-ыл дих кӕндзысты. Уый нын хъуамӕ хъуыдыйаг уа. Цӕмӕй иу ӕгъдау, иу зондыл хӕст уӕм, цӕмӕй нӕ фӕсивӕд фидӕнмӕ иу фӕндагыл цӕуой, уый тыххӕй «Иры Стыр Ныхас»-ы байгом уыдзӕн «Ирон ӕгъдауы скъола». Уым фӕсивӕды ахуыр кӕндзысты ирондзинадыл, ӕгъдӕуттӕн сӕ мидис цы у ӕмӕ куыд ӕххӕст кӕнгӕ сты, уый. Нӕ фыдӕлтӕ ма хӕхбӕсты куы цардысты, уӕд Ирыстоны алы кӕмтты ӕгъдӕуттӕ, бирӕ хӕстӕгдӕр уыдысты кӕрӕдзимӕ. Зӕгъӕм, туалты быдирон хъӕуты ӕгъдӕуттӕ тынг фӕивтой, сӕ фыдӕлтӕ сӕ хохы куыд кодтой ӕмӕ куыд ӕмбӕрстой, уымӕй. Цхинвалы хӕрнӕджы фынг алыхуызон хӕринагӕй куы байдзаг кӕнынц ӕмӕ дзы дӕсӕй фылдӕр айдагъ рухсаджы рӕгъытӕ куы фӕкӕнынц, уӕд уый цавӕр ирон ӕгъдау у! Сӕ кадджын фыдӕлтӕ Ручъы, Дзомагъы, йе Къуыдаргомы цы ӕгъдауыл хӕст уыдысты, уый куыд нӕ хъуыды кӕнынц. Уыцы хистӕртӕ сӕ фарн ӕгас Ирыстоныл дӕр куы байтыдтой, уӕд ӕй бирӕтӕ сыхӕгтӕй ӕрбайсгӕ ӕнӕапп, ӕнӕмидис цӕлгӕнӕн ӕгъдӕуттыл цӕмӕн ивынц. ӕрыдоны районы нын, иу стыр хъӕуы чындзхӕссӕг уӕвгӕйӕ, арфӕйы нуазӕн дыууӕ хатты нуазын кодтой — раздӕр хистӕрӕй дӕлӕмӕ, стӕй та кӕстӕрӕй уӕлӕмӕ. «Махмӕ афтӕ вӕййы»— сӕрыстырӕй загътой. ӕз сын сӕ сӕрыстырдзинадимӕ не сразы дӕн: «Кӕд уӕм фӕзынди ӕхӕм ӕгъдау ӕмӕ йӕ чи ӕрхъуыды кодта, уӕ фыдӕлтӕй хохӕй ӕндӕр хъӕутӕм чи ралыгъди, уыдоны фӕдонтӕм куы нӕй, уӕд? Цы нысан кӕны иу арфӕйы фӕдыл дыууӕ хатты нуазын?» Ацы цаутӕ дӕнцӕгӕн уымӕн хӕссын, ӕмӕ ӕгъдаухалӕн уӕлдай митӕ фӕзынынц иуӕй-иу гуыбындзӕлты сӕры, иннӕтӕ сӕ бафӕзмынц, стӕй дарддӕр ныффидар вӕййынц «ӕгъдауы» хуызы. Базонӕн сӕ ис ӕнцонӕй — мидис дзы бацагур, цы нысан кӕны, уымӕй бафӕрс. Нӕ фыдӕлтӕм бирӕ баназын ӕмӕ бахӕрын кадджын никуы уыд, ӕмӕ дӕ кӕд искӕцы «ӕгъдаудомӕг» уыцы зондӕй иуварс ссоны, уӕд ӕм хъӕддых фӕлӕууын ӕгъдауы сӕрты ахизынӕй растдӕр у. «Иры Стыр Ныхас» сиды, цӕмӕй алчидӕр кӕса нӕ иумӕйаг хӕзна, нӕ Ирон ӕгъдаумӕ йӕ сыхы цӕстӕнгасӕй нӕ, фӕлӕ дзӕвгар бӕрзонддӕрӕй ӕмӕ бӕрнондӕрӕй, нӕ ирон адӕмы фидӕныл хъуыды кӕнгӕйӕ. Иуы зондӕй зонд нӕй, хъуамӕ хъусӕм кӕрӕдзимӕ, хъуамӕ иу йӕхи иннӕтӕй зондджындӕр ӕмӕ фендджындӕр ма хона. ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй ис бамбарӕн кӕрӕдзи. Фынддӕс азы размӕ Ныхасы хистӕртӕ бацӕттӕ кодтой чындзхаст, чызгӕрвыст ӕмӕ марды ӕгъдӕутты чысыл чиныг, цӕмӕй иу зонд, иу ӕгъдаумӕ ӕрцӕуӕм ӕмӕ сӕ, кӕй куыд фӕнды, афтӕ мауал раив-баив кӕна. Куыд зонӕм, афтӕмӕй ирон ӕгъдӕуттыл бирӕ чингуытӕ ӕрцыдис фыст. Алчидӕр дзы адӕмы размӕ хӕссы цыдӕр зонындзинӕдтӕ, ахъаз кӕны ӕгъдӕуттӕ хуыздӕр ӕмбарынӕн. Бирӕтӕ, чиныг къухмӕ райсгӕйӕ, цы дзы фыст ис, ууыл нӕ фӕдзурынц, фӕлӕ авторыл. Чи у, цы кусы, цы зоны? Уый, бӕгуыдӕр, нӕ ӕвзӕрдӕр миниуджытӕй иу у (ды мӕнӕй цӕмӕй лӕгдӕр дӕ?), фӕлӕ йын нӕ бон ницы у. Уӕды Ныхасы ӕгъдӕутты комитеты хистӕртӕ чиныгыл бакуыстой ӕндӕр хуызы. Цалдӕр хатты фӕхуыдтой сӕдӕгай хистӕрты алы кӕмттӕй, алы хъӕутӕй, ӕмӕ уыдонимӕ ӕрдзырдтой, не ‘гъдӕуттӕ растдӕр куыд кӕнгӕ сты, ууыл. ӕмӕ-иу кӕд ныхас хатгай рауадис дӕргъвӕтин ӕмӕ карз, уӕддӕр иууылдӕр тырныдтой иу нысанмӕ ӕмӕ сын уый ӕххуыс кодта. Уыимӕ, Ныхасы уӕнгтӕ фӕзылдысты Ирыстоны районтыл ӕмӕ бирӕ хъӕутыл, ӕмӕ уымыты дӕр дзырдтой адӕмимӕ. Иумӕйаг уынаффӕ хи зондыл фидар хӕцынӕй нӕ рӕзы, кӕмдӕр дзы иннӕтимӕ дӕр сразы уӕвын фӕхъӕуы. Цӕвиттон, уыцы стыр куыстӕй 2003 азы мыхуыры рацыд чысыл чиныг — бӕрӕгуат «Чындзхаст, чызгӕрвыст ӕмӕ марды ӕгъдӕуттӕ». Фӕстӕдӕр ма йӕм адӕмы курдиӕттӕм гӕсгӕ бахастой чысыл ивддзинӕдтӕ, ӕмӕ афтӕмӕй бӕрӕгуат ӕмхъӕлӕсӕй фидаргонд ӕрцыди ирон адӕмы VI съезды, Цхинвалы. Чиныгӕн рецензенттӕ уыдысты профессортӕ Цыбырты Людвиг, Хацырты Анзор, Гуыриаты Тамерлан. Йӕ бӕрнон редактор та уыд дзӕнӕтыбадинаг Джыккайты Шамил. Уӕдӕй абонмӕ адӕм уыцы чиныгӕй пайда кодтой, уыдис аив ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Фӕлӕ цард иу ран нӕ лӕууы, йӕ уавӕртӕ ӕмӕ йӕ домӕнтӕ ивынц тагъд. Уыцы домӕнтӕм гӕсгӕ бӕрӕгуатӕн бахъуыд ног рауагъдад бацӕттӕ кӕнын. Уый тыххӕй — цалдӕр мӕйы размӕ «Иры Стыр Ныхас»-ы сарӕзтам сӕрмагонд къамис алы хъӕутӕй рацӕугӕ хистӕртӕй. Уыдон лӕмбынӕг, кӕрӕй-кӕронмӕ ӕркастысты чиныджы рӕнхъытӕм. Бахастой йӕм ӕгъдауы мидис ӕмбарынгӕнӕн фиппаинӕгтӕ. Ома, мӕнӕ ацы ӕгъдау афтӕ ӕмбӕлы кӕнын, фӕлӕ цӕмӕн, цы мидисимӕ. Афтӕмӕй йӕ кӕстӕртӕ хуыздӕр бамбардзысты ӕмӕ бахъуыды кӕндзысты. Чиныджы ног рауагъдад сфидар кодтой «Иры Стыр Ныхас»-ы Ирон ӕгъдӕутты комитеты уӕнгтӕ, ӕмӕ афтӕмӕй ныр мыхуыры рацыд. Уӕ размӕ йӕ хӕссӕм. ӕнӕмӕнг, разындзӕн ахӕмтӕ, йӕхи зонд ӕмӕ фӕлтӕрддзинад утӕппӕт хистӕрты иумӕйаг зондӕй бӕрзонддӕр чи ӕвӕры. Уыдонӕн дӕр тӕрхонгӕнӕг не стӕм, алкӕмӕн йӕ бар — йӕхи. ӕрмӕст ма иу хатт зӕгъдзынӕн, цалынмӕ алчи ӕгъдӕуттӕм ӕрмӕстдӕр йӕхи кӕртӕй кӕса, уӕдмӕ сӕ иваздзыстӕм фӕйнӕрдӕм, ивдзыстӕм, зыгъуыммӕ сӕ кӕндзыстӕм, ӕмӕ иу зонд, иу ӕгъдаумӕ никуы ӕрцӕудзыстӕм. Уый хӕссы кӕстӕртӕн ӕмӕ Иры фидӕнӕн стыр знаггад. Фӕстаг къорд ӕзты нӕ кӕддӕры рӕсугъд ӕмӕ бӕркадджын хуымы цы маргджын хӕмпӕлтӕ ӕрзад, уыдон абон иумӕйаг зондӕй куы нӕ стонӕм, уӕд райсом уыцы хуым хъамылӕй байдзаг уыдзӕн, ӕмӕ йын нӕ бон ницыуал бауыдзӕн саразын. Бирӕ диссӕгтӕ фенӕн ис абон нӕ цин ӕмӕ зианы кӕндтыты. Чи искӕй чындзӕхсӕвы рухсаджы рӕгъ рауадзы, чи зианы фынгыл лӕугӕйӕ ӕмӕ къуырццӕй нуазын кӕны, чи та дзы зианджыны цӕрӕнбонты тыххӕй гаджидау фӕзӕгъы. Ирон ӕгъдауӕн йӕ рӕбинаг цӕджындзтӕ сты: уӕздандзинад, ӕфсарм ӕмӕ хиуыл хӕцын. Уыдоны бындурыл ӕвӕрд сты нӕ царды, нӕ цин ӕмӕ зианы ӕгъдӕуттӕ. Цыфӕнды уавӕры дӕр лӕг, фыццаджыдӕр, хъуамӕ уыдоныл хъуыды кӕна. Кӕд фынгыл хӕрд ӕмӕ нозт ӕрӕвӕрӕм, уӕддӕр уымӕн нӕ, ӕмӕ дзы нӕ гуыбынтӕ байдзаг кӕнӕм. Иууылдӕр зонӕм, нӕ фыдӕлтӕм кӕддӕриддӕр худинаг уыд бирӕ нуазын ӕмӕ хӕрын. Худинаг фӕуӕд, адӕмӕн уӕлдай нуазӕнты кӕнӕ ӕрхъуыдыгонд сидтыты (гъе та рӕгъыты) хуызы карз нозт тыххӕй чи нуазын кӕны, уыдонӕн. Ма цӕуӕм ӕнӕгъдаудзинады фӕндагыл, фӕсмойнаг фӕуыдзыстӕм! Сыхгай сисӕм нӕ къух, цы бирӕ уӕлдай, ӕнӕгъдау митӕ фӕзынд, уыдоныл. Алы сыхы дӕр уынаффӕгӕнӕг хистӕртӕ равдисӕнт сӕ лӕгдзинад, сӕ куырыхон зонд. Иумӕ балӕггад кӕнӕм нӕ кӕстӕрты фидӕнӕн. Кӕд уын нӕ чиныг уыцы хъуыддаджы фӕахъаз уа, уӕд мах дӕр хуыздӕр хорзӕхмӕ не ‘нхъӕлмӕ кӕсӕм. Кӕд нӕ искӕцы хъӕу, кӕнӕ сых бацагурой ныхасмӕ, уӕддӕр зивӕг нӕ фӕкӕндзыстӕм. Чиныджы тираж у 10 000 экземпляры. Хъыгагӕн, нӕ авналӕнтӕ цыбыр сты, ӕмӕ нӕ бон нӕ бауыдзӕн чиныг алкӕй хӕдзармӕ фӕхӕццӕ кӕнын. Дуканиты дӕр ӕй балхӕнӕн нӕма уыдзӕн нырма. Районты Ныхасты сӕрдарты бар ӕй бакӕндзыстӕм, ӕмӕ йӕ уыдонӕй уыдзӕн райсӕн лӕвар. Дзӕуджыхъӕуы цӕрджытӕн дӕр сӕ хай уыдзӕн Ирыстоны, Терчыфалейы, Промышленнон ӕмӕ Цӕгат-Ныгуылӕйнаг районты Ныхасты разамонджытӕм. Иу цалдӕр сӕдӕ чиныджы, ӕнӕмӕнг, балӕвар кӕндзыстӕм нӕ хуссайраг ӕфсымӕртӕн ӕмӕ хотӕн. Ноджы ма иу зӕгъинаг. ӕнӕнхъӕлӕджы чиныджы рӕнхъытӕм цалдӕр грамматикон рӕдыды уагъд ӕрцыд, ӕмӕ-иу нӕ уыдоны тыххӕй тынг ма бафхӕрут — фӕстӕдӕр сӕ, ӕнӕмӕнг, сраст кӕндзыстӕм. Кӕронбӕттӕны мӕ фӕнды арфӕ ракӕнын, кӕй зонд, кӕй хъӕппӕрисӕй рацыд ацы чиныг, стӕй йыл уал азы дӕргъы ӕвӕллайгӕйӕ чи фӕкуыста, уыцы бирӕ хистӕртӕн. Сӕрмагонд арфӕтӕ, бӕрӕгуат кӕй зӕрдиаг ӕххуысы ӕмӕ ӕхцайы фӕрӕзты фӕрцы ӕрцыд мыхуыргонд, уыдонӕн. Дӕс хатты фылдӕрӕй сыл бафтӕд. Йӕ адӕмыл зӕрдиагӕй чи ауды, уыдоны Хуыцау ӕмӕ адӕмы хорзӕх уӕд!
КУЧИТЫ Руслан, «Иры Стыр Ныхас»-ы сӕрдар












