Йæ равзæрст фæндагыл фæсмон нæ кæны Адæймагыл дзæвгар азтæ куы рацæуы, уæд, æнæмæнг, йæ ивгъуыд бонтыл иу æмæ дыууæ хатты нæ ахъуыды кæны. Йæ цæстытыл ауайынц йæ æрыгон бонтæ, йæ царды фæндæгтæ, куыд æмæ кæимæ баст сты йæ хуыздæр мысинæгтæ, цы ‘руагъта рæдыдæй, цы аивид йæ раздæры равзæрст фæндæгтæй… Гъе, ахæм кармæ бахæццæ абон Уæрæсейы Федерацийы адæмон ахуырады сгуыхт кусæг, Уæрæсейы физикон культурæйы сгуыхт кусæг, ССР Цæдисы спорты мастер Санаты Гагийы фырт Уæсмæн. Нæ зындгонд спортсмен æмæ спортивон кусæгыл 17 ноябры æххæст кæны 80 азы, фæлæ, Уæсмæн йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй: «Уыйбæрц азтæ куыд атахтысты, уый мæ абон дæр нæма уырны». Æмæ йæ куыд уырна, кæд æмæ уыцы азтæ арвыста йæ кæддæры равзæрст уарзон куыст кæнгæйæ. Уæсмæн райгуырд 1938 азы Олгинскæйы. Йæ фыд Гаги уыд хъæбатыр хæстон, хъæуы мидæг нымад лæг. Уæсмæн чысылæй фæстæмæ уыд куыстахуыр æмæ фидар лæппу. Скъолайы фæстæ йæм æфсадмæ куы фæсидтысты, уæд уым цыбыр рæстæгмæ ссис Æфсæддон окруджы чемпион уæгъдибар хъæбысхæст æмæ уæззæуттæ исынæй. Ирыстонмæ куы сыздæхт, уæд æрбацыд, тренер Битарты Барис уæззау атлетикæйæ фæсивæдимæ кæм куыста, уыцы чысыл залмæ, спортивон æхсæнад «Фæллой»-мæ. Цыбыр рæстæгмæ ссис Цæгат Ирыстоны чемпион. Уæд нæ республикæйы иугонд командæйы хистæр тренер уыди Датъриты Константин æмæ Уæсмæны æрбахуыдта республикæйы иугонд командæмæ. Уæдæй фæстæмæ Уæсмæн къорд азы дæргъы нæ республикæйы спортивон кад хъахъхъæдта алыхуызон ерысты. Къорд хатты уыди уæлахиздзау Уæрæсейы Хуссар зонæ æмæ Æппæтуæрæсеон ерысты, спортивон æхсæнадтæ «Тыллæг» æмæ «Фæллой»-ы ерысты. Уыцы рæстæг мысгæйæ Уæсмæн зæгъы: «Кæд нæхи цæттæгæнæн уавæртæ абоны хуызæн алцæмæй æххæст нæ уыдысты, уæддæр нæм диссаджы хорз лæппутæ уыди нæ командæйы. Æвæджиауы курдиатджын уыдысты сæ фылдæр. Абон дæр мæ цæстыты раз лæууынц мæ домбай æмбæлттæ Икъаты Роберт, Золойты Юри, Цориты Константин, Еналдыты Аслæнбег, Дзуццаты Эльбрус, Тускъаты Юри, Александр Зильберман, Тедтойты Мир, Тауытты Гришæ, Хадыхъаты Созыр, Рæмонты Хъазыбег æмæ Анатоли. Уæдæ иннæ ахæм нæ тренертæ: Датъриты Константин, Хъуылаты Бадзи, Акъоты Владимир, Битарты Барис, Баситы Барис. Нæ лæппутæ уыцы азты иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдысты тыхджындæрты ‘хсæн Центрон совет «Фæллой» æмæ Уæрæсейы адæмты спартакиадæйы. Кæмфæнды-иу куы уыдыстæм, уæддæр нæ лæппутæ се ‘гъдауæй иннæты ‘хсæн бæрæг дардтой æмæ уыдысты фæзминаг». Уæсмæн ЦИПУ-йы ахуыр куы фæци, уæд кусын райдыдта спортивон æхсæнад «Тыллæджы», уый фæстæ та къорд азы бакуыста нæ зындгонд богал Хъуылаты Бадзийы хæдивæгæй спортивон галуан «Манеж»-ы (ныртæккæ галуан хæссы Хъуылаты Бадзийы ном). Цыппар азы фæстæ Санайы-фырт кусынмæ хуынд æрцыд спортивон æхсæнад «Трудовые резервы»-мæ. Фæстæдæр ссис ацы æхсæнады цæгатирыстойнаг хайады сæрдар. Ам Уæсмæн дысвæлдæхтæй фæкуыста бирæ азты дæргъы. Нæ республикæйы ацы æхсæнады хъомылгæнинæгтæ спорты цалдæр хуызæй æдзухдæр уыдысты Уæрæсе æмæ æгас Советон Цæдисы хуыздæртимæ. Уыцы азты Уæсмæнимæ ацы æхсæнады уæззау атлетикæйæ тренерæй куыста Уæрæсейы сгуыхт тренер Икъаты Роберт æмæ уый йæ мысинæгты зæгъы: «Уыцы рæстæг абон дæр ма мæ зæрдæйæ нæ хицæн кæны. Уæсмæн тынг архайдта тренерты куыстæн æмбæлгæ уавæртæ аразынæн. Уæдæ нæ хъомылгæнинæгтæ цы бæрæггæнæнтæ æвдыстой алыхуызон бæрнон ерысты, уый дæр бæллиццаг уыди. Цал æмæ нæм цал спорты мастеры схъомыл уыцы азты уæгъдибар хъæбысхæстæй, уæззау атлетикæйæ, армспортæй. Не ‘хсæн сырæзтысты абоны зындгонд тренертæ. Уыдонимæ Уæрæсейы сгуыхт тренертæ Багаты Славик, Цъебойты Владислав, Хуыгаты Анатоли, Гиоты Владислав, Дзбойты Петр, Золойты Хъазыбег… Уæсмæны разамындæй нæ æхсæнады иугонд командæ фыццаг бынæттæ ахста Цæгат Кавказы спартакиадæйы, æнтыстджынæй архайдтой нæ хъомылгæнинæгтæ Æппæтуæрæсеон ерысты æмæ спартакиадæты дæр. Уæсмæн уымæй уæлдай у æцæг ирон æгъдауыл хæцæг лæг. Кæмфæндыдæр хорз арæхсти æгъдау раттынмæ æмæ йын уый тыххæй аргъ кодтой нæ кадджын хистæртæ. Уæдæ ирон адæмон зарджытæ кæнын куыд зыдта, уый та! Мæ зæрдæ зæгъы Уæсмæнæн йæ абоны кармæ ма æппын къаддæр ссæдз азы куыд бафтауа. Йæ кæстæрты хурæй йæ зæрдæ куыд райа æмæ йын йæ хъуытазхъæлæсы зард йæ кæстæртæ, кæстæрты кæстæртæ дæр ма куыд фехъусой!» Уæсмæны тыххæй Уæрæсейы сгуыхт тренер Биазырты Савели зæгъы: «Санаты Уæсмæны хуызæн хистæртæ сты фæзминаг нæ кæстæртæн. Уæсмæны æз кæдфæндыдæр зыдтон куыстуарзон æмæ æгъдауджын адæймагæй. Цæстуарзон хистæр уæвгæйæ нæ хæлæг кодта æмæ кæны йæ зонындзинæдтæ йæ кæстæртæн. Хистæр цы вæййы, уый йæ кæстæртæй дæр бæрæг вæййы. Уæсмæны астæуккаг фырт Георги ныртæккæ нæ цуры кусы тренерæй æмæ дзы цы йæ куыстæй, цы йе ‘гъдауæй зæрдæ райы. Абон Георги, мæнмæ гæсгæ, у нæ тренерты ног фæлтæрæн сæ хуыздæртæй. Уый у Уæсмæны хорз кæстæр æмæ йын æз бузныг зæгъын, ахæм хорз лæппу кæй схъомыл кодта, уый тыххæй. Уæсмæн та ма нын бирæ цæрæд йæ уарзон бинонты цинæн!» Уæсмæн йæхæдæг йæ хуыздæр бонтæ мысгæйæ зæгъы: «Æз мæхицæн Хуыцауы лæварыл нымайын, ме ‘рыгонæй хорз хистæртæй хайджын кæй уыдтæн, уый. Æрыгон адæймагæн хæдзарæй уæлдай цы куысты æрлæууыд, уым цæстуарзон, зонынджын разамонджытæ куы уа, уæд уый амонд у. Æз абон дæр нæ рох кæнын мæ хæрзгæнæг разамонджыты — царды скъолайы ахуыргæнджыты. Махæй, сæ кæстæртæй, хорз куыстæй уæлдай домдтой æгъдауджын уæвын, ирон лæджы ном фарнимæ хæссын. Уыцы миниуджытыл фæстæдæр мæхæдæг дæр архайдтон нæ хъомылгæнинæгты ахуыр кæнын. Абон дæр нæ кæддæры ахуыргæнинæгтæй искæуыл адæймаг куы амбæлы æмæ дыл уый куы ныццин кæна, уæд уымæй æхсызгондæр цы хъуамæ уа хъомыладон кусæгæн?! Чидæртæ сæ царды стырдæр хæзнайыл фæнымайынц бирæ бынтæ скæнын, фæлæ уыдон адæмы, дæ кæстæрты бузныггад никуы баивдзысты. Æз фæсмон нæ кæнын мæ равзæрст фæндагыл”. Уæсмæн абон у стыр бинонты уарзон хистæр. Йæ бинойнаг Тæирæимæ схъомыл кодтой æртæ æгъдауджын, цардбæллон лæппуйы, рæзынц сæ кæстæрты кæстæртæ. Цы ма уа æхсызгондæр хистæрæн йæ кæстæрты цардхъомыс æмæ адæмæн уарзонæй уынынæй! Уæсмæнæн йæ 80 азы бон уыдзæн бирæ арфæгæнджытæ. Нæ зæрдæ йын зæгъы уыцы арфæтæ Хуыцаумæ куыд фехъуысой æмæ та йын йæ уарзон кæстæртæ йæ сæдæ азы бон дæр ахæм рæсугъд бæрæгбон куыд саразой! БАСКАТЫ Уырызмæг

0
425

Йæ равзæрст фæндагыл фæсмон нæ кæны

Адæймагыл дзæвгар азтæ куы рацæуы, уæд, æнæмæнг, йæ ивгъуыд бонтыл иу æмæ дыууæ хатты нæ ахъуыды кæны. Йæ цæстытыл ауайынц йæ æрыгон бонтæ, йæ царды фæндæгтæ, куыд æмæ кæимæ баст сты йæ хуыздæр мысинæгтæ, цы ‘руагъта рæдыдæй, цы аивид йæ раздæры равзæрст фæндæгтæй…

Гъе, ахæм кармæ бахæццæ абон Уæрæсейы Федерацийы адæмон ахуырады сгуыхт кусæг, Уæрæсейы физикон культурæйы сгуыхт кусæг, ССР Цæдисы спорты мастер Санаты Гагийы фырт Уæсмæн.

Нæ зындгонд спортсмен æмæ спортивон кусæгыл 17 ноябры æххæст кæны 80 азы, фæлæ, Уæсмæн йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй: «Уыйбæрц азтæ куыд атахтысты, уый мæ абон дæр нæма уырны». Æмæ йæ куыд уырна, кæд æмæ уыцы азтæ арвыста йæ кæддæры равзæрст уарзон куыст кæнгæйæ.

Уæсмæн райгуырд 1938 азы Олгинскæйы. Йæ фыд Гаги уыд хъæбатыр хæстон, хъæуы мидæг нымад лæг. Уæсмæн чысылæй фæстæмæ уыд куыстахуыр æмæ фидар лæппу.

Скъолайы фæстæ йæм æфсадмæ куы фæсидтысты, уæд уым цыбыр рæстæгмæ ссис Æфсæддон окруджы чемпион уæгъдибар хъæбысхæст æмæ уæззæуттæ исынæй. Ирыстонмæ куы сыздæхт, уæд æрбацыд, тренер Битарты Барис уæззау атлетикæйæ фæсивæдимæ кæм куыста, уыцы чысыл залмæ, спортивон æхсæнад «Фæллой»-мæ. Цыбыр рæстæгмæ ссис Цæгат Ирыстоны чемпион.

Уæд нæ республикæйы иугонд командæйы хистæр тренер уыди Датъриты Константин æмæ Уæсмæны æрбахуыдта республикæйы иугонд командæмæ. Уæдæй фæстæмæ Уæсмæн къорд азы дæргъы нæ республикæйы спортивон кад хъахъхъæдта алыхуызон ерысты. Къорд хатты уыди уæлахиздзау Уæрæсейы Хуссар зонæ æмæ Æппæтуæрæсеон ерысты, спортивон æхсæнадтæ «Тыллæг» æмæ «Фæллой»-ы ерысты. Уыцы рæстæг мысгæйæ Уæсмæн зæгъы: «Кæд нæхи цæттæгæнæн уавæртæ абоны хуызæн алцæмæй æххæст нæ уыдысты, уæддæр нæм диссаджы хорз лæппутæ уыди нæ командæйы. Æвæджиауы курдиатджын уыдысты сæ фылдæр. Абон дæр мæ цæстыты раз лæууынц мæ домбай æмбæлттæ Икъаты Роберт, Золойты Юри, Цориты Константин, Еналдыты Аслæнбег, Дзуццаты Эльбрус, Тускъаты Юри, Александр Зильберман, Тедтойты Мир, Тауытты Гришæ, Хадыхъаты Созыр, Рæмонты Хъазыбег æмæ Анатоли. Уæдæ иннæ ахæм нæ тренертæ: Датъриты Константин, Хъуылаты Бадзи, Акъоты Владимир, Битарты Барис, Баситы Барис.

Нæ лæппутæ уыцы азты иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдысты тыхджындæрты ‘хсæн Центрон совет «Фæллой» æмæ Уæрæсейы адæмты спартакиадæйы. Кæмфæнды-иу куы уыдыстæм, уæддæр нæ лæппутæ се ‘гъдауæй иннæты ‘хсæн бæрæг дардтой æмæ уыдысты фæзминаг».

Уæсмæн ЦИПУ-йы ахуыр куы фæци, уæд кусын райдыдта спортивон æхсæнад «Тыллæджы», уый фæстæ та къорд азы бакуыста нæ зындгонд богал Хъуылаты Бадзийы хæдивæгæй спортивон галуан «Манеж»-ы (ныртæккæ галуан хæссы Хъуылаты Бадзийы ном). Цыппар азы фæстæ Санайы-фырт кусынмæ хуынд æрцыд спортивон æхсæнад «Трудовые резервы»-мæ. Фæстæдæр ссис ацы æхсæнады цæгатирыстойнаг хайады сæрдар. Ам Уæсмæн дысвæлдæхтæй фæкуыста бирæ азты дæргъы. Нæ республикæйы ацы æхсæнады хъомылгæнинæгтæ спорты цалдæр хуызæй æдзухдæр уыдысты Уæрæсе æмæ æгас Советон Цæдисы хуыздæртимæ.

Уыцы азты Уæсмæнимæ ацы æхсæнады уæззау атлетикæйæ тренерæй куыста Уæрæсейы сгуыхт тренер Икъаты Роберт æмæ уый йæ мысинæгты зæгъы: «Уыцы рæстæг абон дæр ма мæ зæрдæйæ нæ хицæн кæны. Уæсмæн тынг архайдта тренерты куыстæн æмбæлгæ уавæртæ аразынæн. Уæдæ нæ хъомылгæнинæгтæ цы бæрæггæнæнтæ æвдыстой алыхуызон бæрнон ерысты, уый дæр бæллиццаг уыди. Цал æмæ нæм цал спорты мастеры схъомыл уыцы азты уæгъдибар хъæбысхæстæй, уæззау атлетикæйæ, армспортæй. Не ‘хсæн сырæзтысты абоны зындгонд тренертæ. Уыдонимæ Уæрæсейы сгуыхт тренертæ Багаты Славик, Цъебойты Владислав, Хуыгаты Анатоли, Гиоты Владислав, Дзбойты Петр, Золойты Хъазыбег… Уæсмæны разамындæй нæ æхсæнады иугонд командæ фыццаг бынæттæ ахста Цæгат Кавказы спартакиадæйы, æнтыстджынæй архайдтой нæ хъомылгæнинæгтæ Æппæтуæрæсеон ерысты æмæ спартакиадæты дæр. Уæсмæн уымæй уæлдай у æцæг ирон æгъдауыл хæцæг лæг. Кæмфæндыдæр хорз арæхсти æгъдау раттынмæ æмæ йын уый тыххæй аргъ кодтой нæ кадджын хистæртæ. Уæдæ ирон адæмон зарджытæ кæнын куыд зыдта, уый та! Мæ зæрдæ зæгъы Уæсмæнæн йæ абоны кармæ ма æппын къаддæр ссæдз азы куыд бафтауа. Йæ кæстæрты хурæй йæ зæрдæ куыд райа æмæ йын йæ хъуытазхъæлæсы зард йæ кæстæртæ, кæстæрты кæстæртæ дæр ма куыд фехъусой!»

Уæсмæны тыххæй Уæрæсейы сгуыхт тренер Биазырты Савели зæгъы: «Санаты Уæсмæны хуызæн хистæртæ сты фæзминаг нæ кæстæртæн. Уæсмæны æз кæдфæндыдæр зыдтон куыстуарзон æмæ æгъдауджын адæймагæй. Цæстуарзон хистæр уæвгæйæ нæ хæлæг кодта æмæ кæны йæ зонындзинæдтæ йæ кæстæртæн. Хистæр цы вæййы, уый йæ кæстæртæй дæр бæрæг вæййы. Уæсмæны астæуккаг фырт Георги ныртæккæ нæ цуры кусы тренерæй æмæ дзы цы йæ куыстæй, цы йе ‘гъдауæй зæрдæ райы. Абон Георги, мæнмæ гæсгæ, у нæ тренерты ног фæлтæрæн сæ хуыздæртæй. Уый у Уæсмæны хорз кæстæр æмæ йын æз бузныг зæгъын, ахæм хорз лæппу кæй схъомыл кодта, уый тыххæй. Уæсмæн та ма нын бирæ цæрæд йæ уарзон бинонты цинæн!» Уæсмæн йæхæдæг йæ хуыздæр бонтæ мысгæйæ зæгъы: «Æз мæхицæн Хуыцауы лæварыл нымайын, ме ‘рыгонæй хорз хистæртæй хайджын кæй уыдтæн, уый. Æрыгон адæймагæн хæдзарæй уæлдай цы куысты æрлæууыд, уым цæстуарзон, зонынджын разамонджытæ куы уа, уæд уый амонд у. Æз абон дæр нæ рох кæнын мæ хæрзгæнæг разамонджыты — царды скъолайы ахуыргæнджыты. Махæй, сæ кæстæртæй, хорз куыстæй уæлдай домдтой æгъдауджын уæвын, ирон лæджы ном фарнимæ хæссын. Уыцы миниуджытыл фæстæдæр мæхæдæг дæр архайдтон нæ хъомылгæнинæгты ахуыр кæнын. Абон дæр нæ кæддæры ахуыргæнинæгтæй искæуыл адæймаг куы амбæлы æмæ дыл уый куы ныццин кæна, уæд уымæй æхсызгондæр цы хъуамæ уа хъомыладон кусæгæн?!

Чидæртæ сæ царды стырдæр хæзнайыл фæнымайынц бирæ бынтæ скæнын, фæлæ уыдон адæмы, дæ кæстæрты бузныггад никуы баивдзысты. Æз фæсмон нæ кæнын мæ равзæрст фæндагыл”. Уæсмæн абон у стыр бинонты уарзон хистæр. Йæ бинойнаг Тæирæимæ схъомыл кодтой æртæ æгъдауджын, цардбæллон лæппуйы, рæзынц сæ кæстæрты кæстæртæ. Цы ма уа æхсызгондæр хистæрæн йæ кæстæрты цардхъомыс æмæ адæмæн уарзонæй уынынæй!

Уæсмæнæн йæ 80 азы бон уыдзæн бирæ арфæгæнджытæ. Нæ зæрдæ йын зæгъы уыцы арфæтæ Хуыцаумæ куыд фехъуысой æмæ та йын йæ уарзон кæстæртæ йæ сæдæ азы бон дæр ахæм рæсугъд бæрæгбон куыд саразой!

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here