Цæмæй æрыгон амалхъомтæ хъомысджындæр уой

0
307

 

РЦИ-Аланийы Национ наукон библиотекæйы цы уæрæх форум арæзт æрцыд, уый архайджытæ уыдысты æрыгон амалхъомтæ æмæ, бизнесы проекттæ æххæст кæнын чи сфæнд кодта, уыцы фæсивæд. Æрыгон амалхъомты форум «Фæрныг» арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны Фæсивæдон парламенты хъæппæрисæй.

РЦИ-Аланийы Парламенты депутаттæ Дмитрий Дюбуа, Ортабайты Тимур æмæ Тауытты Алыксандр, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы цур амалхъомты барты фæдыл æххæстбарджын Медойты Тимур, стæй форумы иннæ уазджытæ æрыгæттæн фæхай кодтой сæ амалхъомадон кæнæ закъонæвæрынадон фæлтæрддзинадæй, дзуаппытæ сын радтой сæ бирæ фæрстытæн.

Республикæйы Фæсивæдон парламенты уæнг Цæгæраты Дауыт куыд радзырдта, афтæмæй ахæм форумтæн ис стыр ахадындзинад. «Фæстаг рæстæг фæсивæд зынгæ фылдæр æргом аздæхтой амалхъомады фарстатæм, æрыгæтты фæнды сæ архайдæй бæстæйы экономикæ фæхъомысджындæр кæнынмæ. Ацы бонты цæуы Фæсивæдон амалхъомады дунеон къуыри, æмæ нæ зæрдæ дарæм, нæ форум дæр æрыгон фæлтæры цымыдисаг проекттæ æххæст кæнынæн ахъаз кæй фæуыдзæн, ууыл», — загъта Цæгæрайы-фырт.

Форум йæ куыст кодта секциты хуызы. Уыдоны рæстæг фæсивæдæн фадат уыд фæлтæрдджын амалхъомты архайдимæ базонгæ уæвынæн. Форумы архайджытæн пайдайаг амынддзинæдтæ радтой республикæйы Экономикон рæзты министрады специалисттæ дæр.

 Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here