Адæймаджы миддуне зонд æмæ куыстхъомдзинадыл, æгъдау æмæ æфсармыл æнцайы. Уыдон сты, нæ уд æмæ нæ зæрдæ аив цæмæй у, царды хъæр æмбарынхъом цæй фæрцы стæм, уыцы æнусон удварны хæрзтæ. Цас лæг йæ хъысмæты фурды арфдæр хизы, уыйас йæ цард дæр кæны мидисджындæр, кæмæн зындæр, кæмæн æнцондæр, фæлæ йæ уд зонд тауыны хъомысæй кæмæн фæхайджын вæййы, дзырды цинæй чи цæры, зонады мыггæгтæ кæстæрты зæрдæты чи фæтауы, уый цардмæ æмæ адæммæ æндæр цæстæй фæкæсы. Æмæ йын йæ аргъ исбоны бæрцæй нæ, фæлæ зонд æмæ удварны хæзнатæй фæбары.
Фидарæй æмæ æргомæй афтæ зæгъæн ис, æмæ ахæм адæймæгтæй иу уыд ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты дзыллон коммуникациты фæрæзты ныхасы культурæйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор, номдзыд ахуыргонд-æвзагиртасæг, рухстауæг, æхсæнадон архайæг, нæ интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæй иу, УФ-йы уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæг, РЦИ-Аланийы наукæ æмæ техникæйы сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Къомайты Риммæ. Æрæджы уый ахицæн йæ рухс дунейæ, фæлæ нæ ныр дæр нæ уырны, нæ зондджын, фендджын хистæр кæй нал барухс кæндзæн йæ цыргъзонд, арфхъуыдыджын ныхасæй факультеты ахуыргæнджыты, студентты зæрдæтæ. Фыдæлтæ-иу афтæ загътой, зонд агурæг чи цæуа йæ царды фæндагыл, уый уыдзæн адæмы æмæ фæлтæрты ‘хсæн зондтауæг æмæ удварны бæрзонд культурæйы тырысахæссæг, фæлтæрты хъомылгæнæг, раст фæндагыл сæ аразæг. Гъе ахæм уыд Риммæ. Иронау та йæ йе ‘мкусджытæ нымдгæнгæ, фырбуцæн Къомиан хуыдтой. Ахæм цæстуарзон хистæр цардæй куы ацæуы, уæд нæм афтæ фæкæсы, цыма арвы цæсгом фæуынгæгдæр вæййы, йæ тыгъдадæй иуцасдæр дард кæмдæр фесæфы. Фæлæ, поэты загъдау, удварны хæзнатæ ацы зæххыл рæсугъдæй чи байтауа, йе ‘гъдауæй æмæ бæрзонд мидкультурæйæ алкæмæндæр хистæрæйкæстæрæй ахъаззаджы дæнцæг æмæ тæхудиаджы цырагъдар чи басгуыха, уыцы адæймаджы номæн сæфæн нæй. Уымæн æмæ йæ фарн ныууадзы йæ ахуырдзауты, студентты, бирæ æмкусджыты зæрдæты. Зæххыл бирæ фæцæрын диссаг нæу, фæлæ æппæты хуыздæр у дæ адæмы астæу хорз ном æмæ нæргæ кад ныууадзын. Гъе ахæм хорзæх ныууагъта Къомиан дæр, царды удварны хæрзтæ тауыны арфæйаг хъуыддагимæ йæ хъысмæт чи сбаста, уыдонæй бирæ фæлтæрты æхсæн.
Къомайты Риммæ Зауырбеджы чызг райгуырд Беслæныхъæуы. Каст фæци Дзæуджыхъæуы 28-æм астæуккаг скъола. Уый фæстæ та — Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты филологон факультет. 1965 азы йæ райстой Ленинграды паддзахадон университеты уырыссаг æвзаджы кафедрæйы аспирантурæмæ. Æмæ дзы цалдæр азы фæстæ æнтыстджынæй бахъахъхъæдта филологон наукæты кандидаты диссертаци. Уæдæй йæ царды фæстаг бонмæ, æнусы æмбисæй фылдæр, удуæлдайæ кодта рухстауæн, зонадон æмæ æхсæнадон куыст Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы æмæ журналистикæйы факультеты. Цал æмæ цал студентæн бауарзын кодта ахуыргæнæджы куыст, дзырдаивадимæ архайд, уыдон хъæугай куы нымаиккам, уæд сæ рауаид цалдæр æмæ цалдæр стыр хъæуы. Мæсгуытæй сæ куы нымаиккам, уæд та Риммæйы зондæй æмæ уды фарны бындурыл арæзт мæсгуытæ-удгоймæгтæ уаиккой дзæвгар фылдæр. Нæ номдзыд ахуыргонд æмæ уарзон ахуыргæнæг Къомайты Риммæ канд астæуккаг скъолатæм нæ, фæлæ æвзагзонынады дунемæ фæндаг кæмæн байгом кодта, йæ разамындæй кандидаты диссертацитæ чи бахъахъхъæдта, уыдон дæр тынг бирæ сты. Къомайты Риммæмæ уыд фыццаг филологон, фæстæдæр та ирон филологийы æмæ журналистикæйы факультеты декан. Ацы бæрнон бынæтты дæр Къомиан равдыста йæ арф æмæ дардмæуынаг зонды хæрзтæ.
Куыд æвзагиртасæг, афтæ дæр йæ зонд æмæ курдиат бирæ ахсджиаг фарстатыл аххæссыдысты. Риммæ у 50 наукон уацы автор. Рухс федтой куыд Ирыстоны, афтæ нæ бæстæйы зонадон журналты æмæ сæрмагонд æмбырдгæндты. Алы рæстæджыты йын мыхуыры рацыд, ныр наукон хæзнатыл, агургæ æмæ æнæаргæ зонадон хрестоматион чингуытыл банымайæн кæй ис, ахæм монографитæ: «Фразеология русских произведений Коста Хетагурова» (уый размæ ацы фарстамæ нæ ахуыргæндтæй бынтон лæмбынæг ничи каст), «Слово и образ», «Глаголом жечь сердца людей», астæуккаг скъолаты ахуырдзаутæн (ЦИПУ-йы профессор Тедтойты Зинаидæимæ) сарæзта «Школьный словарь иностранных слов». Ацы чингуытæй сæ алкæцы дæр уыд Риммæйы зæрдиаг æмæ бæстон куысты æвдисæн æвзагзонынаны къабазы. Йæ алы наукон æрмæг дæр æххæст уыд бæлвырд факттæй, фæлгонцджын æвзагæй фыст. Æвзагзонынадæй йæм уæлдай цымыдисдзинад цы фарстатæ æвзæрын кодтой, уыдоны фæдыл-иу зонадон æрмæг куы фыстаид, монографи, уац, уæлдай нæу, уæддæр-иу æй цалынмæ бæстон нæ сахуыр кодтаид, æцæг ахуыргондæн куыд æмбæлы, афтæ, уæдмæ-иу æй рухсмæ нæ хаста. Уымæн та хъуыд арф зонд, сфæлдыстадон курдиат, дзырды адæнкъарынад, куыстуарзондзинад, наукон куыст кæныны æгъдау, фæтк. Æмæ уыцы миниуджытæй Риммæ уыд хæрзæххæст, йæ æмхъуыдыгæнджытæн, студенттæн та ахъаззаджы дæнцæг, рухсхæссæг цырагъ! Уæдæ йæ зонадон архайды, йæ арф зонды, уæздандзинады тыххæй йын Уæрæсейы æмæ Ирыстоны ахуыргæндты æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы æхсæн стыр кад кæй уыд, уый дæр зындгонд у не ‘ппæтæн дæр. Риммæ, куыд ахуыргонд, декан, лектор, афтæ уыд домаг, фæлæ зыдта хорзæй хорз зæгъын, рæдийæгæн та цыргъзонд ныхасы фæрцы йæ рæдыд бамбарын кæнын. Уымæ гæсгæ йæм нæдæр йе ‘мкусджытæй, нæдæр студенттæй хæрам зæрдæ никуы ничи бадардта. Нырæй фæстæмæ дын дæ зонды ныхæстимæ, Риммæ, мысдзыстæм дæ хъуыдыджын юмор æмæ сатирæйы тæвагæй æххæст ныхæстæ. Сæйраджы сæйрагдæр та — дæ адæймагдзинад, кæстæртыл æнувыддзинад, арф æмæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæ. Ирыстоны чидæриддæр йæ цард æвзаг, зонад, ахуырадимæ, литературæимæ сбаста, уыцы журналисттæй, поэттæй, фысджытæй, ирон æмæ уырыссаг æвзæгты ахуыргæнджытæй хæрз стæм разыны, сæрыстырæй сæ афтæ чи нæ фæзæгъы, Римма Заурбековнамæ ахуыр кодтон, зæгъгæ. Æмæ сæ цæстытæ байдзаг вæййынц удирдгæнæг рухсæй æмæ уаз хъуыдыдзастдзинадæй! Уый та уыд Риммæйæн йæ царды æмæ рухстауæн архайды иууыл стырдæр æмæ зынаргъдæр хорзæх… Уый та дзурæг у, кæддæриддæр ын кæй æнтыст Ирыстоны кæстæртæн хорзы цæуын. Æмæ йын уыд нæ дзыллæйы æхсæн æцæг нæртон сылгоймаджы, кадджын лæджы æмсæр цыт æмæ намыс! Йæ номы æмæ фарны рухсæн сæфæн ма уæд ацы зæххыл…
ГАСАНТЫ Валер














