Намыс æмæ удыхъæды фæлварæн

0
741

 

Ацы хатт дæр та ирон чиныгкæсæджы фыдæнхъæл нæ фæкодта нæ нырыккон ирон фысджытæн сæ курдиатджындæр — Агънаты Гæстæн. Нæ литературон журнал «Мах дуджы» фæрстыл тагъд рæстæджы нæ адæмон фыссæджы ног роман мыхуыргондæй фендзыстæм, уый куы базыдтон, уæд мын уыдис тынг æхсызгон. Чи зоны, æмæ исчи афтæ дæр зæгъа, æмæ уым диссагæй цы ис: Гæстæн фыссæг у, уацаутæ æмæ романтæ фыссын та у йæ хæс, йæ æнæмæнгхъæугæ куыст, æмæ йæ, куыд æмбæлы, афтæ кæны

Чи зоны, æмæ ахæм хъуыды кæмæдæр раст фæкæсдзæн. Æз та афтæ зæгъдзынæн: мах дис кæнын дæр ницæуыл зонæм, диссаг дæр нæм ницыуал кæсы. Мæнæн та у диссаг: фæзынди нæ мадæлон литературæйы ног роман, ног бавæрæн нæ ирон дзырдаивадмæ. Цал романы ныффыстæуыди а фæстаг дæс азы нæ литературæйы? Фысджытæ дæр нæм гыццыл нæй, кæд нæ рæдийын, уæд сæ нымæц æхсайæ фылдæр у. Фæлæ сын æз «Мах дуджы» æмæ «Ирæф»-ы фæрстыл нæ уынын сæ удвæллой уацмыстæ. Ахæмтæ, адæймаджы зæрдæмæ æмæ зонд чи агайы, нæ цард æмæ æхсæнады риссагдæр проблемæтæ адæмы размæ чи рахæссы, нæ ирон æфсарм æмæ æгъдæутты уавæрыл, нæ абоны уæззау рæстæгыл чи сагъæс кæны.

Æхсызгонæй сæмбæлдтæн æз Ирыстоны адæмон фыссæг Агънаты Гæстæны ног романыл — «Æмфæндаггонтæ» («Мах дуг», 2017, №2-№5). Зæрдиагæй йæ бакастæн цалдæр хатты. Роман кæсгæйæ, æнæхинæй йыл сæттын, кæугæ дæр фæкодтон йæ хъайтарты æгъатыр хъысмæтыл. Иу ныхасæй, мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис, нæ царды тыхст æмæ уырыд уавæрыл мæ ахъуыды кæнын кодта, мæ размæ, куыд чиныгкæсæгæн, сæвæрдта бирæ нысаниуæгджын фарстатæ, фæлæ се ‘ппæтæн мæ бон нæ баци дзуаппытæ ссарын. Роман куы бакастæн, уæд ма афтæ дæр ахъуыды кодтон: ахæм ма дзы прозаикон уацмыс уа — автор фæрстытæ фылдæр чиныгкæсæджы раз æвæры, уый сын хъуамæ йæхæдæг агура дзуаппытæ — фæнды йæ, романы тексты, кæнæ та — нæ нырыккон царды. Ома, аивадон уацмысæй хъуамæ рахиза нæ абоны цардмæ, нæ æхсæнадмæ, хицæн адæймæгты ахастытæм. Уымæн мæ бафæндыдис, Гæстæны ацы ног роман йæ къухтæм кæсынмæ чи райса, уыдонæн мæ хъуыдытæ зæгъын.

Фæлæ уал цалдæр ныхасы фыссæджы тыххæй. Æппæлгæ дзы нæ кæндзынæн, фæлæ зæгъдзынæн: æз рагæй кæсын йæ диссаджы уацмыстæ, уарзын сæ аивадон æвзаг. Гæстæны прозæ мæ удæн æрхæссы æхцондзинад, уымæй хъары мæ зæрдæмæ ирон дзырды ад.

Уæлдай æхсызгондæр та мæ зæрдæйæн у, Гæстæн куыд хорз зоны æмæ уарзы цард, уый, куыд зоны цин кæнын æрдз æмæ адæймагыл, йæ уæлахизтыл. Æнтысгæ дæр ын бирæ бакодта, уымæн æмæ æнæрынцойæ фæлвары йе сфæлдыстадон тыхтæ ирон дзырдаивады быдыры. Æнтыстытæ та йæ къухы æнцонæй нæ бафтыдысты. Се ‘ппæты кой чи фæкæндзынæн, фæлæ дзы дыууæйы кой æнæ скæнгæ нæй.

Амæй размæ йын цы роман рацыдис — «Темыры кæстæр чызг» — уый дæр фыццаг «Мах дуджы» фæрстыл бакасти чиныгкæсæг. Ацы уацмысы Гæстæн иртасы ирон царды вазыгджындæр фарстатæ: цы ‘рцыдис нæ абоны царды ирон бинонтыл æмæ ирон æхсæнадыл, цæуылнæуал æмбарынц кæрæдзи хистæр æмæ кæстæр фæлтæр, кæдæм цæуæм мах, ирæттæ, æмæ цы у нæ фидæн æнæ æфсарм æмæ æгъдауæй?

Иннæ ахæм, сывæллæттæн цы тæмæссаг уацау ныффыста, уый. Мæ зæрдæ баззад уыцы диссаджы уацмыс «Бæх куыдта…»-йы. Бынтондæр та йæ æвзаг, цыма суадоны цæрынгæнæг донæй банызтон, афтæ мæхи ‘нкъардтон. Рæзгæ лæппу æмæ бæхы ахастытæ æмæ психологи мидмонологон прозæйы фæрцы Гæстæнæн куыд бантысти равдисын, бирæ фæлтæрдджын фыссæгæн йæ къухы афтæ нæ бафтдзæн. Чиныгкæсæджы зæрдæты уацау «Бæх куыдта…» сæвзарын кæндзæн уарзондзинад зайæгойтæм æмæ цæрæгойтæм, агурын кæндзæн дзуаппытæ царды бирæ вазыгджын фарстатæн; ахъуыды кæнын æмæ æрдзурын кæндзæн, ирон лæджы размæ цы хæстæ æвæры цард æмæ æхсæнад, уыдоныл. Хъæддыхæй мæ бон у зæгъын, ацы уацау йæ философи æмæ арф хъуыдытæм гæсгæ, йæ аивадон æмæ хъомыладон ахадындзинадæй бахæссинаг у ирон скъолайы ахуыргæнæн чингуытæм.

Роман «Æмфæндаггонтæ» — Гæстæны ног прозаикон уацмыс. Ам фыссæг æргомæй ныхас кæны ирон чиныгкæсджытимæ нæ царды, рæстæджы æмæ æхсæнады ахсджиаг æмæ вазыгджын проблемæтæ æмæ фарстаты фæдыл. Гæстæны ныхас у æргом, зæрдæйæ-зæрдæмæ, сусæг ницы кæны, цы федта æмæ абон цы царды фæзилæнтæ уыны, уыдонæй. Гæстæнæн нæ литературæйы аивады æмбал нæ разындзæн. Фыццаг фарсæй, фыццаг хъуыдыйадæй роман йæхимæ æрбалвасы чиныгкæсæджы, райсы йæ уацары æмæ йæ йæхицæй нал фæуадзы. Чиныгкæсæг фыссæгимæ æмæ йæ хъайтартимæ аныгъуылы романы цауты. Æрмæст ма иу фарста вæййы сæйрагдæр чиныгкæсæгæн: цы уыдзæн дарддæр? Цы фæуыдзысты романы хъайтартæ? Цы хъысмæт сæм æнхъæлмæ кæсы?

Гæстæны роман арæзт у фондз хайæ. Алкæцы хайы сæргондæн дæр фыссæг бæлвырдæй нысан кæны, цаутæ кæд æмæ кæм æрцæудзысты, ахæм рæстæг æмæ бынат. Романы рæстæг — æрмæст фондз боны — 1994 азы 4 сентябрæй 8 сентябрьмæ. Йæ архайды бынæттæ — «Уæрæсе æмæ фæсарæйнаг паддзахад Польшæйы æхсæн арæн. Варшавæмæ фæндаг. Базар. Варшавæйы базар. Уæрæсейы арæн».

Романы æлхынцъ райдайы æнæнхъæлæджы хабарæй: «Викæ ацы дунейæ ахицæн. Æмæ уымæн йæ фыццаг минуттæ, йæ фыццаг сахæттæ, фæлæ уый уыдонæй ницыуал базондзæн… Фæстаг минуттæ ма цæры, уый нæ зыдта, стæй никæд базондзæн”… Ничима йæ зоны, Уæрæсе æмæ Польшæйы æхсæн арæнмæ чи æрбацыд, уыдонæй, сæ æмфæндаггон Викæ, семæ Варшавæйы стадионы базармæ чи цыдис, уый йæ цардæй кæй ахицæн, уыцы хабар. Æрмæстдæр Польшæйы арæнæй куы ахызтысты, автобус таможняйы куы æрурæдтой æмæ фæндаггонты рауын-бауын куы байдыдтой, уæд рабæрæг: иуæндæс æмфæндаггонæй иу автобусæй кæй нал рахызти æмæ йæ паспорт чысыл уаты рудзынгæй кæй нал балæвæрдта… Уый уыди Викæ, йæ бынаты бадгæйæ чи баззад, фыццаг хатт чи абалц кодта Дзæуджыхъæуæй Варшавæмæ æхца бакусынмæ, цæмæй, æхсæз мæйы размæ цы цардæмбал Хетæджы бавæрдта, уымæн йæ уæлмæрды цырт сæвæра… Æмæ ам, кæйдæр бæстæйы, йæ мæлæт ссардта, сидзæрæй ныууагъта йæ дыууæ сывæллоны — Дзерæ æмæ Акимы…

Бадджери — автобусы шофыр — Дзæуджыхъæуæй сласта Польшæйы арæнмæ дæс бæлццоны: Викæ, Афинæ, Геор, Кларæ, Зарæ, Олег, Лидæ, Райкæ, Æхсар æмæ Асиаты. Æмæ Бадджери йæхæдæг. Цыппар нæлгоймаджы æмæ авд сылгоймаджы.

Йæ хъалæй ахæм дард фæндагыл хивæндæй ничи ацæудзæн, царды зын уавæртæ æмæ хъуагдзинæдтæ æрвитынц ацы адæймæгты фæсарæйнаг Польшæмæ. Кæд исты пайда фæуиккой сæ хæдзæрттæн, сæ бинонтæн, сæ сывæллæттæн.

Агънаты Гæстæны мидмонологон прозæ (роман уымæй фыст у) раргом кодта уацмысы хъайтарты хъуыдытæ æмæ уды сагъæстæ сæйраг архайджытæй иу Викæйы адзалмæ. Уыдон се ‘ппæт дæр фесты Викæйы мардимæ фондз боны фæндагыл. Уыцы «фыдбоны фæндагыл» (Асиат), «удхайраг, мæрдтæм фæндагыл» (Райкæ). Æмæ фондз боны æмæ фондз æхсæвы фыссæг дæр уыдис йæ иуæндæс хъайтаримæ. Æрмæст дзы иу — Викæ — уыдис мард, иннæты зæрдæйæ та уый хицæн нæ кодта. Викæйы адзал фыссæгæн фæцис аивадон мадзал чиныгкæсджытæн иннæ персонажты хъысмæтты тыххæй радзурынæн. Хъайтартæ сæхæдæг райдайынц сæ зæрдæргомгæнæн ныхас.

Иуæндæс сурæты романы сфæлдисын æнцон хъуыддаг нæу. Уымæй дæр мидмонологон прозæйы фæрцы. Гæстæны фыссæджы дæсныдзинад уым рабæрæг вæййы, роман куы фæвæййæм каст, уæд. Алкæцы персонажмæ дæр романы æрхауди 4 сæргонды, æрмæст Викæ, Бадджери æмæ Афинæмæ — фондз. Роман фыссæгæн бирæ фадæттæ нæ радта бæстонæй алкæцы персонажы царды хабæрттæ æмæ характер равдисынæн. Цы аивадон мадзæлттæй фæпайда кодта Гæстæн, уыдоны фæрцы йæ алы персонаж дæр рауади æнæферохгæнгæ, йæхи цæсгомимæ, йæхи хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтимæ, йæхи миддунеимæ.

Иу хатт ма йæ зæгъын, Гæстæны роман «Æмфæндаггонтæ» чи бакæса, уый бирæ цæуылдæрты ахъуыды кæндзæн. Сагъæстыл æй бафтаудзысты канд ирон бинонты царды хабæрттæ æмæ бинонты ахастытæ нæ, фæлæ ахъуыды кæндзæн ирон адæмы æмæ æгас Уæрæсейы хъысмæтыл, Ирыстоны абон æмæ райсомы фидæныл. Ирон адæмы царды, бынтондæр та ирон бинонты царды, нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы ахастыты — цы ивддзинæдтæ æрцыдис, уыцы ахастытæм капиталистон, базарадон къух куыд фæхæццæ æмæ сыл куыд сахадыдта, уарзондзинад æмæ кæрæдзи æмбарын, æмæ кæрæдзийыл аудындзинадæн дзы бынат куыд нал баззади, уыдон иууылдæр Гæстæн куыд равдыста йæ уацмысы — ирдæй æмæ бæстонæй — уый у, мæнмæ гæсгæ, ног фæзынд нæ литературæйы.

Фыссæг йæ романы фæрстыл æргомæй иунæг ран дæр нæ равдыста йæхи цæстæнгас, цы цауты æмæ хъайтарты кой кæны, уыдонмæ. Комкоммæ нæ зæгъы, чи йын у йæ хъайтартæй хæстæгдæр æмæ хиондæр. Уыцы хæс Гæстæн æвæры йæ чиныгкæсæгыл. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, йæ ахæм фæнд раст у. Цæмæн? Æрмæстдæр, аивадон текст лæмбынæг чи бакæса æмæ йыл арф чи асагъæс кæна, уый йæхæдæг æрцæудзæн раст æмæ æнæфæцудгæ хатдзæгтæм æмæ йæхæдæг рабæрæг кæндзæн фыссæджы цæстæнгæс, цы рæстæг æмæ цаутæ сныв кодта йæ романы, уыдонмæ.

Цыбырæй уацмысы æвзаджы тыххæй. Роман «Æмфæндаггонтæ» æнцон кæсæн у, йæ аивадон текст йæхимæ ‘лвасы чиныгкæсæджы æмæ йæ йæхицæй атонын нæ уадзы. Уымæн æмæ Гæстæны ныхас у фæлгонцджын, нывджын. Уæдæ адæмон æмбисæндтæй, цыргъ ныхæстæй æмæ идиомæтæй — фразеологион дзырдбæстытæй куыд дæсны пайда кæны, уымæ дæр ис бахæлæг кæнæн.

Гæстæн фыдæбонуарзаг кæй у, уый ирон чиныгкæсджытæн æнæзонгæ нæу. Бирæ бантыст нæ адæмон фыссæгæн ирон дзырдаивады. Æнæдызæрдыгæй мæ бон зæгъын у, абон Гæстæны сфæлдыстадон курдиат ис йæ тæмæны, мæн уырны, йæ къухы ма кæй бафтдзæн ног аивадон æнтыстытæ.

МЗОКТЫ Аслæнбег, литературæиртасæг, педагогон наукæты

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here