Тедеты Елхъаны ном ссардтой 18-æм хатт

0
525

 

Октябрыхъæуы 18-æм хатт цыдысты нæ таурæгъон богал Тедеты Елхъаны номарæн турниры ерыстæ æрыгæтты ‘хсæн. Турнир азæй-азмæ зындгонддæр кæй кæны, уымæн æвдисæн сты, ацы аз дæр та дзы Уæрæсейы алы рæттæй, Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Фæскавказæй цы фæсивæд ерыс кодтой, уыдон. Октябрыхъæуы, Елхъанæн йæхи ном чи хæссы, уыцы спортивон комплексы ерысы бацыдысты 320 æрыгон богалы. Уыдонæй уыдысты 75 чызг-богалы.

Ерыстæ аразджытæ сты Горæтгæрон районы бынæттон хиуынаффæйады администраци, РЦИ-Аланийы Физикон культурæ æмæ спорты министрад. Уымæй уæлдай турнир аразджытæн се ‘ххуысы хай бакодтой къорд хицæн адæймаджы.

Ерысты цы фæсивæд архайдта, уыдоны ‘хсæн уыдысты, ныридæгæн æппæтуæрæсеон, Европæ æмæ дунеон ерысты сæ карæнты ‘хсæн чи фесгуыхт, ахæм лæппутæ æмæ чызджытæ дæр цалдæрæй. Сæйраг тæрхонгæнæг Лалыты Георги куыд зæгъы, афтæмæй ацы турнир у, Уæрæсейы æрыгæтты ‘хсæн цы турниртæ арæзт цæуынц, уыдонæн сæ хуыздæртæй: «Акæсут-ма, кæцæйты æмæ нæм цавæр фæсивæд æрцыд. Се ‘хсæн ис ныридæгæн сæ карæнты ‘хсæн ерысты фесгуыхæг богæлттæ».

Ерыстæй тынг разыйæ баззадысты нæ уазджытæ дæр. Стъараполы хъæбысхæсты сæрмагонд скъолайы директор Георгий Петров зæгъы: «Ацы турнирмæ мах æрцыдыстæм фыццаг хатт æмæ нæ балцæй стæм тынг разы. Нæ хъомылгæнинæгтæн ахæм турниры архайын у стыр æххуыс. Ам ис бирæ курдиатджын æрыгон богæлттæ æмæ уыдонимæ ерысы нæ хъомылгæнинæгтæ, æнæмæнг, фæлтæрдджындæр кæнынц. Уæдæ нæ фысымты уазæгуарзондзинад та уæлдай арфæйаг у. Æнæмæнг иннæ аз дæр бацархайдзыстæм ардæм æрбацæуыныл».

Ерыстæ, куыд лæппуты, афтæ чызджыты ‘хсæн дæр рауадысты тынг цымыдисаг. Зæгъæм, чызджыты ерысты 70 кг онг уæзы кæронбæттæны фембæлдысты дагестайнаг чызг Марьям Гусейнова æмæ Хъесаты Орнеллæ. Сæ фембæлды уайтагъддæр размæ рацыд Марьям Гусейнова. Уый æмбулын райдыдта Орнеллæйы æмæ хыгъд схæццæ 8:0-мæ йæ пайдайæн. Чысыл ма, æмæ хъуамæ уæлахиздзау суыдаид дагестайнаг чызг-богал. Раст уыцы рæстæг Орнеллæ йæхи йæ ныхмæлæууæгыл ныццавта æмæ йæ йе уæнтыл авæрдта. Ахæм æнæнхъæлæджы фæзылдтытæй цымыдисаг кæнынц богæлтты ерыстæ.

Чызджыты ерысты уæлахиздзаутæ систы: 30 кг — Аринæ Шахбанова (Дагестан), 35 кг — Айдарты Елизаветæ (Дигора), 40 кг — Гасынты Дианæ (Дигора), 45 кг — Мæрзойты Мæдинæ (Дигора), 50 кг — Асият Муллаева (Дагестан), 55 кг Танделаты Аминæ (Горæтгæрон р-н), 60 кг — Бузарты Миланæ (Алагир), 65 кг Белеккаты Агуындæ (Андиаты Сосланы номыл скъола), 70 кг — Хъесаты Орнеллæ (Андиаты Сосланы номыл скъола), 75 кг — Æгъуызарты Мæдинæ (Дигора), +75 кг — Олисаты Аланæ (Андиаты Сосланы номыл скъола).

Лæппуты ерысты фыццаг бынæттæ бацахстой: 45 кг — Дани Эдаев (Цæцæны республикæ), 48 кг — Багаты Руслан (Андиаты Сосланы номыл скъола), 51 кг — Адам Магомедханов (Дагестан), 55 кг — Ахмед Хамидов (Дагестан), 60 кг — Арип Абдулаев (Дагестан), 65 кг — Ахмед Асадулаев (Дагестан), 71 кг — Турпал-Али Хатуев (Цæцæны республикæ), 80 кг — Багаты Арслан (Беслæн), 92 кг — Зассеты Арсæмæг (Хуссар Ирыстон), 110 кг — Бестауты Андрей (Хуссар Ирыстон).

Уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ райстой майдантæ, дипломтæ, кубоктæ (1-аг бынат бацахсджытæ) æмæ æхцайы лæвæрттæ. Уымæй уæлдай ма сæрмагонд призтæ лæвæрд æрцыд цалдæр фесгуыхæг богалæн. Тедеты Елхъаны номыл сæрмагонд лæвар Елхъаны фырт Хъазыбег радта 65 кг онг уæзы фæуæлахизуæвæг Ахмед Асадулаевæн.

«Хуыздæр техникон цæттæдзинад» равдисæджы приз лæвæрд æрцыд Марьям Гусейновайæн (Дагестан). Нæ республикæйы фæсивæдон парламенты минæвæрттæ Салхъазанты Светланæ æмæ Тедеты Аслæнбег сæрмагонд призтæй схорзæхджын кодтой Танделаты Аминæ (55 кг) æмæ Зассеты Арсæмæджы (92 кг).

Тедеты Хъазыбег зæрдиаг арфæ ракодта турнир саразджытæн: «Æз нæ бинонты номæй стыр бузныг зæгъын, мæ фыды номарæн турнир азæйазмæ кæй фæрцы сырæзы, уыдонæн. Бузныг нæ районы сæргълæууæг Гаглойты Аланæн, нæ республикæйы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джусойты Русланæн, Джиоты Юрийæн, РЦИ-Аланийы Физкультурæ æмæ спорты министрадæн, нæ районы фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты разамонæг Гецаты Аланæн. Уыдон æмæ ма хицæн æххуысгæнджыты фæрцы нæ турнир азæй-азмæ фидардæр æмæ мидисджындæр кæны. Бузныг зæгъæм, ардæм нæм чидæриддæр сæмбæлд æмæ ерысты архайдта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Хуыцау зæгъæд, æмæ нæ турнир дунеон турниры æмвæз куыд сырæза».


БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here