Интернет иуæй хорз у, цы нæ зоныс, уымæй искæй фæрсын нæ хъæуы, хъæугæ кънопкæйыл ныххæц æмæ йæ бакæс. Иннæмæй дзы уыйбæрц чъизи цæуы, æмæ Терчы доны дæр нæ бацæудзæн. Æрæджы мæм мæ зонгæ æрбадзырдта, Интернеты, зæгъы, «Иры Стыр Ныхас»-ы Сылгоймæгты комитеты дурадзагъд бакодтой. Цы, дам, кусынц «Иры Стыр Ныхас»-ы, цы сæ хъуыддаг ис уынаффæтæ кæнынимæ, сæ хæдзæртты бадæнт æмæ афтæ дарддæр.
Куыд æхсæнадон кусæг, мæнæн тынг хъыг уыдысты уыцы ныхæстæ. Уымæн æмæ зонын, цы кусæг у Сылгоймæгты комитет, уый. Уый фæдыл мæ фæнды мæ хъуыдытæ зæгъын.
Политикæйæ дард дæн, бирæ азты фæкуыстон дохтырæй, стæй æхсæнадон куыст ныры онг кæнын. Дæн РЦИ-Аланийы Сылгоймæгты советы президиумы уæнг. Хаттæй-хатт мæ «Иры Стыр Ныхас»-ы Сылгоймæгты комитет дæр фæхоны сæ фембæлдтытæм фæсивæдимæ астæуккаг æмæ уæлдæр ахуырады скъолатæм.
Комитеты æхсæнадон куыст (æнæ мыздæй!) фыццаджыдæр у рæзгæ фæлтæримæ бастдзинад дарын. Ирондзинад, æгъдау, æфсарм, хистæрæн аргъ кæнын, уæлæдарæс, уынджы хи куыд дарын хъæуы, суанг дзыккутæ куыд фаст хъуамæ уой, ирон æвзаг абон цы уавæры ис æмæ бирæ æндæр фарстатыл ныхас вæййы уыцы фембæлдтыты.
Уæлдай æргом здæхт цæуы, фæсивæды æхсæн наркотикты азары чи ис, карз нозтмæ æмхиц чи у, тамако чи дымы, ахæмтимæ, цæмæй, хорз зондахаст кæмæ ис сæ карæнтæй, уыдон семæ кусой æрвылбон æмæ афтæ дарддæр.
Комитеты сæрдар Махъоты Иринæ йæ алыварс æрбамбырд кодта, цардмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæм сылгоймæгты. Уыдон æмхуызонæй сæ уды хъарм дæттынц рæзгæ фæлтæрæн, цæмæй сæ, абон иумæйаг хæдзæртты райсомæй арахъ нуазын чи райдайы, ахæмтæ ма рауайа, фæлæ аккаг уой æхсæнадæн, æрмæст ныййарджытæн нæ, фæлæ.
Фæрсæрдыгæй хахуыртæ фыссын æмæ уынаффæтæ кæнын тынг æнцон у… Фæлæ, мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Комитеты сылгоймæгты фарсмæ нылгоймæгтæ куы æрбалæууиккой ацы ахсджиаг хъуыддæгты, уæд бирæ хуыздæр уаид. Цæмæн?
Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты куы уыдыстæм, уæд, куыд æдзухдæр, ныхасы бар лæвæрд уыд студенттæн. Ахæм, æппæлыны аккаг, фæсивæд дзы ахуыр кæны æмæ диссаг… Æргом фæрстытæ лæвæрдтой, хистæртæ, фынгыл цал сидты хъæуы, ууыл бирæ цæмæн дзурынц, æндæр фæрстытæ нæй Ирыстоны? Мысайнæгтæ цæмæн сдзырддаг сты? Бон-изæрмæ сараты нуазгæ цы хистæртæ кæнынц, уыдон цы зонд бацамондзысты кæстæртæн? Æмæ бирæ ахæм фæрстытæ, кæцытæн сылгоймæгты бон дзуапп раттын нæ уыд.
Алы ахæм фембæлдæй дæр рацæуæм зæрдæрухсæй. Уымæн æмæ нæм тынг хорз фæсивæд ис. Сывæллон хæдзарæй цы хъомылад рахæсса, уый ницæимæ ис сбарæн, фæлæ ма йæ фарсмæ ахæм аудæг хистæртæ куы æнкъара, уæд уый йæ хъомыладыл бæрæг уыдзæн. Мæн уырны, æз цы рæзгæ фæлтæры федтон, уыдон нæ райсомы Ирыстонæн аккаг хъæбултæ кæй уыдзысты æмæ сæ фæстæ фæлтæрты дæр кæй ахуыр кæндзысты æгъдауыл, æфсармыл, ирондзинад æмæ ирон æвзагыл. Уымæн æмæ, æвзаг чи нæ зона, уымæ æмбарынад нæ уыдзæн нæдæр æфсармæн, нæдæр æгъдауæн.
Иу ныхасæй, «Иры Стыр Ныхас»-ы Сылгоймæгты комитеты куыст абон афтæ æвæрд у, æмæ иннæ æхсæнадон кусæндæттæн дæр бафæзминаг у. Мæ зæрдæ сын зæгъы сæ удуæлдай куысты æнтыстдзинæдтæ.
ДЖЕРАПТЫБЕЛЕККАТЫ Иринæ, РЦИ-Аланийы Сылгоймæгты советы президиумы уæнг, фæллойы ветеран














