3 декабрь — Юристы бон

0
428

 

Зынаргъ юристтæ!

Уæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл уын зæрдиаг арфæ кæнын!

Барадон нормæты ахадындзинадæн фадæттæ чи аразы, стæй паддзахады æмæ алы адæймаджы бартæ чи хъахъхъæны, уыцы юридикон дæсныйад æхсæнадæн у иттæг ахсджиаг. Барадиртасæджы хæс у закъонæвæрынад бæстон зонын, дæсны уагæй дзы пайда кæнын, стæй кæддæриддæр æнæхин æмæ рæстуд уæвын.

Сæ куысты хæстæ фæзминагæй æххæст кæнгæйæ, республикæйы фæллой кæнынц, экономикæйы æнæкъуыхцы рæзтæн фадæттæ чи аразы, куыстыл æнувыд ахæм дæсны адæм.

Бирæ азты дæргъы закъонæн лæггад чи фæкодта æмæ абон кадджын уагæй сæ фæллад чи уадзы, æхцон фадатæй пайда кæнгæйæ, уыцы адæмæн арфæ кæнын! Раздæры юристты хуыздæр æгъдæуттæ хъахъхъæнгæйæ æмæ сыл æфтаугæйæ, æрыгон юристтæ сæ куысты хæстæ æрвылбон бæрнонæй кæй æххæст кæнынц, уый мæ уырны.

Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, ног профессионалон æнтыстдзинæдтæ, амонд æмæ фæрныгад!

Алексей МАЧНЕВ, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here