Сабат æмæ хуыцаубоны Хъуылаты Бадзийы номыл Спортивон галуан “Манеж”-ы къахбавæрæн нал уыд спортуарзджытæй. Цыппар мин адæймагæй фылдæр дыууæ боны дæргъы æвдисæн уыдысты уæгъдибар хъæбысхæсты стыр бæрæгбонæн. Дунеон турнир «Алантæ» фарон Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславы фæндонмæ гæсгæ, арæзт æрцыдис фыццаг хатт.
Уæд ерысты архайджытæ, нæ алы рæттæй æрбацæуæг уазджытæ æмæ спортуарзджытæ тынг разыйæ баззадысты, турнир куыд цымыдисаг æмæ зæрдæмæдзæугæ рауад, уымæй. Адæм æмхъæлæсæй дзырдтой, цæмæй та иннæ аз дæр арæзт æрцæуа. Уый тыххæй та бацархайын хъуыди канд фæрæзтæ ссарыныл нæ, фæлæ хъæбысхæсты дунеон иугонды сæргълæуджытимæ баныхас кæныныл. Ацы вазыгджын фарстатæ лыггонд æрцыдысты нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, нæ таурæгъон богæлттæ, Олимпаг хъæзтыты æмæ дунеон чемпионатты цалдæр хатты уæлахиздзаутæ Фадзайты Арсен æмæ Таймазты Артуры æмархайды фæрцы.
Турнир «Алантæ» хаст æрцыд Дунеон хъæбысхæсты иугонды къæлиндармæ. Уый та уый амонæг у, æмæ ныр Дзæуджыхъæуы æрвылаз цæудзæн стыр дунеон турнир. Ахæм турнир у стыр лæвар Ирыстоны спортуарзджытæн æмæ кæй фæрцы у, уыдонæн зæгъæм стыр бузныг.
Дзæуджыхъæумæ ерысты архайынмæ Уæрæсейы алы рæттæй уæлдай æрбацыдысты: АИШ-ы, Манголы, Ираны, Казахстаны, Абхазы, Беларусы, Азербайджаны, Сомихы, Гуырдзыстоны, Молдовайы, Грецийы, Узбекистаны, Хуссар Ирыстоны богæлттæ. Æдæппæт гауызыл сæ хъару æмæ арæхстдзинад æвдыстой 220 спортсмены.
Турнир бæрæгбонхуызы гом кæныны мадзалы ерысты архайджытæ æмæ спортуарзджытæн арфæ кæнынмæ рацыдысты: РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Уæрæсейы Федералон Æмбырды Сæрдары хæдивæг Ильяс Умаханов, Республикæ Тывайы Сæргълæууæг Шолбан Кара-Оол, Уæрæсейы физикон культурæ æмæ спорты министры хæдивæг Павел Новиков, Олимпаг хъæзтыты 2 хатты уæлахиздзау, Уæрæсейы Федералон Æмбырды уæнг Фадзайты Арсен, Олимпаг хъæзтыты 3 хатты уæлахиздзау Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур, нæ республикæйы физикон культурæ æмæ спорты министр Гæбулты Владимир.
Битарты Вячеслав йæ арфæйы ныхасы загъта: «Стыр бузныг зæгъын, ерыстæ саразыныл чидæриддæр бакуыста, уыдонæн, богæлттæн, тæрхонгæнджытæн, тренертæн, спортуарзджытæн. Нæ арфæтæ, алы бæстæтæй, æмæ нæм нæ бæстæйы алы рæттæй чи сæмбæлд, уыцы уазджытæн. Нæ республикæ цинимæ æмбæлы сымахыл æмæ нæ уырны, разыйæ кæй баззайдзыстут ерыстæй æмæ уæ фысымтæй!»
Уæрæсейы спорты министры хæдивæг Павел Новиков йæ раныхасы загъта: «Ирыстоны зынаргъ цæрджытæ! Стыр бузныг уын зæгъын уæ уазджыты номæй. Куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр уæхи равдыстат уазæгуарзонæй. Уæ спортивон республикæ нæ бæстæйæн балæвар кодта бирæ уæлахиздзау спортсментæ. Ирыстон уый аккаг у, цæмæй ам дунеон чемпионаттæ арæзт æрцæуой. Уый тыххæй та Дзæуджыхъæуы хъуамæ арæзт æрцæуа ног стыр спортивон галуан, абоны домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм. Уыцы фарстайыл мах иумæ бакусдзыстæм æмæ нæ ныфс ис, тагъд нæ хорз фæнд нæ къухы кæй бафтдзæн саразын, уымæй».
Павел Новиковы ацы ныхæстæн залы бадджытæ сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указмæ гæсгæ нæ республикæйы Кады грамотæтæй хорзæхджынгонд систы Манголы республикæйы хъæбысхæсты Федерацийы вице-президент Буяндэлгэр Болд, Уæрæсейы Паддзахадон думæйы депутат Мурат Гаджиев, Олимпаг хъæзтыты чемпионтæ Давид Гобеджишвили, Хæбæлаты Лери, Хаджимурат Магомедов.
Ерыстæ гом кæнгæйæ, залы цы стыр экрантæ æвæрд уыди, уым спортуарзджытæн æвдыст æрцыдысты кинонывтæ нæ дзæнæты бадинаг Ирыстоны уарзон фырттæ: таурæгъон богæлттæ Андиаты Сослан, Къудухты Бесик æмæ нæ æмбисонды тренер Дзгойты Аслæнбегыл. Залы уæвджытæ сын сæ ном ссардтой иу минут æдзæмæй алæугæйæ.
Ерыстæ гом кæныны мадзал сæ аивадæй срæсугъд кодтой Цæгат Ирыстоны Бæхты театр “Нарт”- ы артисттæ, кафджыты ансамбль «Хæхты хъæбултæ», адæмон зарджыты хор, РЦИ-Аланийы адæмон артист Тайсауты Олег æмæ иннæтæ…
Ерыстæ рауадысты, куыд æнхъæл уыдыстæм, афтæ цымыдисаг, уымæн æмæ дзы алы уæзы дæр хæцыди цалдæргай хъуыстгонд богалы.
Дыууæ боны дæргъы спорты Галуаны спортуарзджытæ федтой бирæ амæй-ай хъазуатондæр тохтæ.
Ерыстæ цы дæс уæзы богæлтты ‘хсæн цыдысты, уыдонæй иуæй дæр афтæ зæгъæн нæй, æмæ дзы рагацау уæлахиздзау бæрæг дары, зæгъгæ.
57 кг онг уæзы нæ богæлтты иузæрдион фарсхæцджытæ сæ зæрдæ дардтой Тускъаты Азæмæтыл, фæлæ, хъыгагæн, ацы хатт йæ хъуыддаг нæ фæрæстмæ, æмæ æнæ хæрзиуæгæй баззад. Йæ уæзы 1-аг бынатыл кæронбæттæны ерыс кодтой Республикæ Тывайы минæвар Дондук-Оол æмæ Абасгаджи Магомедов (Дагестан). Ацы фембæлд ахицæн Магомедовы пайдайæн 6:1 хыгъдæй.
61 онг уæзы ирыстойнæгтæй ничи хæцыд. Ам 1-аг бынатмæ рацыд Уæрæсейы минæвар Рамазан Ферзалиев. Уый кæронбæттæны 4:3 хыгъдæй фæуæлахиз Бека Ламтадзейыл (Гуырдзыстон).
Нæ богæлттæй фыццаг фесгуыхт дунеон къласы мастер Гогаты Алан. Нæ фæлтæрдджын богал 65 кг онг уæзы хæцгæйæ рамбылдта цыппар ныхмæлæууæгæй, фæлæ иу хатт чысыл кæй фæкъуыхцы, уый йын фадат нал радта 3-аг бынатæй уæлдæр схизынмæ. Алан кæмæн фæхæрд, уыцы дагестайнаг богал Муслим Сайдулаев ссис турниры уæлахиздзау. Йæ фæстæ 2-аг бынат бацахста Курбан Шираев.
Йæхи тынг сæрæнæй равдыста Байаты Давид. Нæ курдиатджын лæппу гауызмæ рацыд цыппар хатты æмæ дзы алы хатт дæр рахызт уæлахизимæ. Уæлдай хъазуатондæр рауад йæ фембæлд кæронбæттæны. Йæ ныхмæлæууæг уыди спорты сгуыхт мастер Магомед Курбаналиев. Сæ фембæлд кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд разæй цыди Курбаналиев 4:3 хыгъдæй. Фембæлды кæронмæ ма 7 секунды куы баззад, уæд Давиды æвиппайды ныббырст бауромын нал бафæрæзта йæ ныхмæлæууæг æмæ Байыфыртæн бантыст сæ тох 5:4 хыгъдæй рамбулын. Давид ссис «Алантæ — 2018»-ы уæлахиздзау.
74 кг онг уæзы 1-аг æмæ 2-аг бынæттæ бацахстой Тимур Бижоев (Уæрæсе) æмæ Автандил Кенчадзе (Гуырдзыстон). Ацы уæзы 3-аг бынатмæ рацыд Хуыбежты Кахабер.
79 кг онг уæзы ирыстойнаг богæлттæ Санахъоты Ацæмæз æмæ Зассеты Алан бацахстой 2-аг æмæ 3-аг бынæттæ, уæлахиздзау та ссис Гаджи Набиев (Дагестан).
Ирыстойнаг богæлттæ уæлдай хуыздæр рахæцыдысты 86 кг онг уæзы. Кæронбæттæны 1-аг бынатыл ерыс кодтой Магомедшариф Биакаев æмæ Уалыты Владислав. Сæ тох Уалыйы-фырты пайдайæн ахицæн 2:0 хыгъдæй. Ацы уæзы 3-аг бынæттæ бацахстой Кцойты Сослан æмæ Наниты Славик. Ирыстойнæгтæ æнæ хæрзиуæгæй баззадысты 92 кг онг уæзы. Ам 1-аг æмæ 2-аг бынæттæ бацахстой Анзор Уришев æмæ Магомед Курбанов.
Нæ богæлттæй ма иу сыгъзæрин майдан рамбулын бантыст Байцаты Владиславæн. 97 кг онг уæзы Владислав кæронбæттæны 10:4 хыгъдæй фæуæлахиз Шамиль Музаевыл æмæ бацахста 1-аг бынат. Нæ богæлттæй ма иу бронзæ майдан рамбылдта Голоты Витали, 125 кг онг уæзы хæцгæйæ. Ацы уæзы иттæг хорз рахæцыд дунейы чемпион Гено Петриашвили (Гуырдзыстон), æмæ ссис турнир «Алантæ-2018»-ы уæлахиздзау. Гено Петриашвили кæронбæттæны фæуæлахиз ирайнаг богал Садехзаден Таджийыл 10:2 хыгъдæй.
Уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ хæрзиуджытæ, Кубоктæ æмæ æхцайы лæвæрттæ радтой нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзаутæ Фадзайты Арсен, Хæбæлаты Лери, Бæройты Хасан, Асланбек Хуштов, Хаджимурат Магомедов, Гуæцæлты Хадзымурат, Дзæуджыхъæуы мэр Æлбегаты Барис, РЦИ-Аланийы æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Президенты раз Дзанайты Барис.




















