Нӕ республикӕйы уӕззау атлетикӕйы скъолайы рӕзтмӕ ӕппӕты стырдӕр ӕвӕрӕн чи бахаста, уыдонӕй иу уыд нӕ номдзыд, таурӕгъон тренер АКЪОТЫ Петры фырт Владимир. «Петрович», афтӕ хуыдтой сӕ уарзон тренеры йӕ бирӕ хъомылгӕнинӕгтӕ, ӕвӕджиауы лӕггӕдтӕ бакодта нӕ республикӕйы спортивон кад, куыд гӕнӕн ис, афтӕ бӕрзонддӕр сисынӕн. Кӕд абон Ирыстоны уӕззау атлетикӕйы минӕвӕртты сгуыхтдзинӕдтӕ, нӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕцджыты фӕстӕ дыккаг бынаты сты Олимпаг спорты хуызтӕй, уӕд уым ахъаззаг бынат ахсы Акъоты Владимиры стыр бавӕрӕн.
Хъӕууон, куыстуарзаг, уӕнгӕй фидар лӕппу уӕззау атлетикӕйӕ йӕ хъару фыццаг хатт бавзӕрста 17- 18-аздзыдӕй. ӕрыгон лӕппу Дигорайӕ Дзӕуджыхъӕумӕ ерыстӕм ссыд 1948 азы ӕмӕ уадидӕгӕн бацахста фыццаг бынат. Уый фӕстӕ Сталинграды Уӕрӕсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты 2-аг бынатмӕ куы рацыд, уӕд ыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ССР Цӕдисы сгуыхт тренер Семен Розенфельд ӕмӕ йӕ ахуыдта Ростовмӕ. Уым уыцы рӕстӕг уыд Уӕрӕсейы тыхджындӕр уӕззау атлетикӕйы скъола ӕмӕ Акъойы-фырт Семен Розенфельды разамындӕй цыбыр рӕстӕгмӕ ссис Советон Цӕдисы фӕсивӕды ‘хсӕн чемпион. Уымӕй уӕлдай бӕрзонд бынӕттӕ бацахста Советон ӕфсады фыццаг бынат бацахсыныл ерысты. 1957 азы Акъойыфырт ссис ССР Цӕдисы спорты мастер. Хъыгагӕн, йӕ къах куы фӕцӕф, уӕд ӕй ӕгӕр раджы бахъуыд ныууадзын ерысты архайын.
Владимир йӕ тренер Семен Розенфельдӕй цы зонындзинӕдтӕ райста, уыдонӕй фӕстӕдӕр ӕнтыстджынӕй спайда кодта тренеры куыстмӕ рацӕугӕйӕ. Ирыстонмӕ куы сыздӕхт, уӕд бавнӕлдта дысфӕлдӕхтӕй фӕсивӕдимӕ кусынмӕ. Спортивон ӕхсӕнад «Динамо»-йы сарӕзтой уӕззау атлетикӕйы зал ӕмӕ уый, нырыккон уавӕртимӕ абаргӕйӕ, кӕд бирӕ цыдӕртӕ хъуаг уыди, уӕддӕр дзы ахуыртӕ цыдысты ӕнӕкъуылымпыйӕ. Цыбыр рӕстӕгмӕ Ирыстоны штангистты нӕмттӕ арӕхӕй-арӕхдӕр хъуысыдысты алыхуызон ерысты фесгуыхджытимӕ. 1970-йӕм азты райдайӕнӕй фӕстӕмӕ Ирыстоны минӕвӕрттӕ бӕрзонд бынӕттӕ ахстой Уӕрӕсе ӕмӕ Советон Цӕдисы чемпионатты. Уымӕй уӕлдай ма Наниты Феликс ӕмӕ Виктор цалдӕр хатты систы дунеон рекордсментӕ. Нӕ лӕппутӕ ӕнтыстджынӕй архайдтой дунеон ерысты дӕр. Рӕмонты Виктор фӕуӕлахиз дунеон турнир «Кубок Балтики»-йы, ӕлдаттаты Артур та 1986 азы ссис ССР Цӕдисы чемпион, ССР Цӕдисы ӕмӕ Европӕйы чемпионы ном хаста дзӕнӕты бадинаг Еналдыты Аслӕнбег дӕр. ӕнӕмӕнг, тынг сырӕзтысты Ирыстоны спортсментӕ уӕззӕуттӕ исыны спорты, фӕлӕ уӕддӕр хъуыди ноджы стырдӕр бӕрзондмӕ схизын. ӕмӕ уыцы стыр бӕллиц бафтыд Акъоты Владимир ӕмӕ йӕ фырт Артуры къухы. 1991 азы Акъоты Артур ссис фыццаг ирон дунейы чемпион уӕззау атлетикӕйӕ. Уыцы аз гермайнаг горӕт Донауэшингены Артур 110 кг онг уӕзы систа 427,5 кг (195+232,5) ӕмӕ бацахста фыццаг бынат. Афӕдзы фӕстӕ 1992 азы Артур тынг хӕстӕг уыд Олимпаг хъӕзтыты фыццаг ирон чемпион суӕвынмӕ уӕззау атлетикӕйӕ, фӕлӕ ацы хатт йӕ разӕй фӕци гермайнаг штангист Ронни Веллер. Акъоты Артур ӕмӕ Таймӕзты Тимур уыцы аз Барселонӕйы Олимпаг хъӕзтыты бацахстой 2-аг бынӕттӕ. Цыппар азы фӕстӕ 1996 азы Монреалы Таймӕзты Тимур ссис фыццаг ирон Олимпаг уӕлахиздзау спорты ацы хуызы.
Уӕдӕй нырмӕ Ирыстоны фӕсивӕд Олимпаг хъӕзтыты рамбылдтой цыппар ӕвзист ӕмӕ дыууӕ бронзӕ хӕрзиуӕджы, дунеон чемпионатты та аст хатты бацахстой 1-аг бынӕттӕ, авд хатты рацыдысты 2-аг бынӕттӕм, дыууӕ хатты та систы бронзӕ майдантӕй хорзӕхджынгонд. Уымӕй уӕлдай ма нӕ лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ бирӕ хӕттыты фесгуыхтысты Уӕрӕсейы, Европӕйы ӕмӕ ӕндӕр дунеон бӕрнон ерысты.
ӕппӕт уыцы ӕнтыстдзинӕдтӕн сӕ бындур ис Акъоты Владимир ӕмӕ йӕ фарсмӕ лӕууӕг ӕххуысгӕнджытӕ, кӕддӕр цы уӕззау атлетикӕйы скъолайы бындур бавӕрдтой, уым. Уыдоны нӕ рох кӕнынц сӕ абоны фӕдонтӕ ӕмӕ сын сӕ рухс нӕмттӕ ссарынц ерысты хуызы.
ССР Цӕдисы сгуыхт тренер Акъоты Владимир цардӕй ахицӕн 1997 азы. Дыууӕ азы фӕстӕ уӕды Ирыстоны уӕззау атлетикӕйы федерацийы президент, дзӕнӕты бадинаг Борӕдзаты Аланы ӕххуысӕй Акъоты Владимиры номарынӕн арӕзт ӕрцыдысты ерыстӕ. Хъыгагӕн, Борӕдзаты Алан цардӕй ӕгӕр раджы куы ахицӕн, уӕд Акъоты Владимиры номарӕн турнир цалдӕр азы саразын къухы нал ӕфтыд. Фондз азы размӕ ССР Цӕдисы спорты сгуыхт мастер Акъоты Артуры фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты ӕгъуызарты Руслан, Акъоты Хъазыбег, Ботъоты Руслан ӕмӕ та ӕмдыхӕй ацы тынг хъӕугӕ турнир арӕзт ӕрцыд. Уӕдӕй нырмӕ Акъоты Владимиры номарӕн турнир ссис ӕрвылазон. Ацы аз нӕ номдзыд, таурӕгъон тренеры номарӕн турнир цӕудзӕн 14-15 декабры Хъуылаты Бадзийы номыл спортивон галуан «Манеж»-ы.
Ерыстӕ райдайдзысты 12 сахатыл. Спортуарзджытӕ, ӕнӕмӕнг, ӕвдисӕн уыдзысты цымыдисаг ерыстӕн. ӕфсӕйнаг штангӕимӕ сӕ хъару ӕвдисдзысты куыд нӕ зындгонд нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ чызджытӕ, афтӕ нӕ курдиатджын суинаг фӕсивӕд дӕр.
БАСКАТЫ Уырызмӕг














