Арфæ Басаты-Дзусты Манжуры чызг Светланæйæн

0
562

 

Абон йæ 80 азы юбилей бæрæг кæны нæ уарзон, нæ зондамонæг, бинонты буц хистæр æмæ алцымбарæг Басаты-Дзусты Светланæ (Розæ).

Царды фæндæгтæ алыхуызон сты. Уыдонæй Светланæ равзæрста фæллойы фæндаг. Куыста йе Стыр Фыдыбæстæйы хæрзæбонæн. Æнæрынцойæ архайы абон дæр. Схъомыл кодта хорз кæстæртæ, адæмы рæнхъы цæуынц æдæрсгæ æмæ æгъдауджынæй.

Сæйрагдæр царды мидæг у бинонты æнгомдзинад æмæ кæстæртæй амонд. Хайджын сæ фæцис Стыр Хуыцауы фæрцы Светланæ дæр. Уазæгуарзон, хиуæттæн адджын æмæ йæ куысты бынæтты кадджын, цæрæнбонты лæггадгæнæг дыууæ мыггагæн.

Нæ зынаргъ, нæ уарзон Светланæ! Арфæ дын кæнæм дæ 80 азы юбилейы фæдыл. Зæххон царды бирæ хæрзтæй хайджын у, кæстæрты рæвдыд æмæ хорздзинæдтæй дæ зæрдæ куыд райа кæддæриддæр, ахæм арфæтæ дын ракæнæнт Ирыстоны рухс дзуæрттæ!

Ацы арфæтæ дын кæнынц дæ уарзон бинонтæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here