Зæрдæ балхæнынæн бирæ нæ хъæуы

0
475

 

“Дæ бæркад бирæ!” — ацы ныхас фæстаг азты хъусæм, æрмæстдæр дзаджджын фынгты уæлхъус куы фæбадæм, уæд. Фæлæ йын йæ нысаниуæгмæ арфдæр куы нывналæм, уæд айдагъ хæрд æмæ нозтмæ бар нæ дары. Уымæн æмæ уды хъæздыгдзинад у бæркæдтæн сæ сæйрагдæр. Ахæм миниуæг та вæййы æрмæстдæр иуæй-иу адæймæгтæм. Уыдон сæхицæй дарддæр хъуыды кæнынц иннæтыл дæр. Æмбарынц æй: иу амондæй амонд нæй.

 

Хъыгагæн нæм ис ахæмтæ, кæцытæ цыбыркъух бинонтæн ссады кæнæ къурупайы голлаг балхæнынц æмæ сæхæдæг сæхи Интернеты фæрцы арвмæ фæхæссынц. Афтæ фенхъæлынц, æмæ уыдонæй лæгдæр ничиуал ис дунейыл, уыдон йеддæмæ адæмæн ничи æххуыс кæны. Фæлæ уый афтæ нæу. Нæ республикæйы тынг бирæ хорз фæсивæд ис. Сæ бон куыд у, афтæ кæрæдзийы фарсмæ балæууынц. Сæ хъару æмæ фæрæзтæ куыд фæамонынц, афтæ æххуыс кæнынц иннæтæн дæр. Уый хыгъд сæ хъуыдымæ дæр никуы æрцыд, цæмæй сæхицæй раппæлой, кæнæ Интернеты тыгъдады равæрой исты хиппæлæн къамтæ. Уый та, æвæццæгæн, уымæн, æмæ сæ зæрдыл дарынц фыдæлтыккон æмбисонд: “Дæхицæй макуы раппæл, исчи дæ раппæлæд”.

Ацы фыдæлтыккон æмбисонд йæ зæрдæйы арф æвæрд кæмæн у, ахæм лæппутæ сты Алагиры районы Минæвæртты æмбырды депутат, æхсæнадон архайæг Елойты Азæмæт æмæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадон архайæг Реуазты Сослан.

Адон ивгъуыд сабаты, нæ республикæмæ цы быдзæуты цирк ссыд, уыдон фенынмæ сæхи хардзæй æрбахуыдтой нæ республикæйы 350 сывæллоны. Сывæллæттæ уыдысты, хæххон хъæу Мызурæй Мæздæджы онг цы фæкæсынхъуаг, бирæсывæллонджын æмæ сидзæр сывæллæттæ ис, уыдон.

Афтæ зæгъæн нæй, æмæ ацы сывæллæттæ ныронг цирк никуы федтой. Нæ паддзахад æмæ республикæйы разамынд сæм сæ хъус дарынц, æххуыс сын кæнынц. Фæлæ хорз ракæнынæн бирæ нæ хъæуы. Сывæллоны зæрдæ гыццылæй куы балхæнай, уæд æй зæры бонтæм дæр нæ ферох уыдзæн.

Азæмæт æмæ Сосланимæ ныхас кæнгæйæ сæ куы бафарстон, зæгъгæ, уæ ацы куыстæй фидæны цавæр нысантæм цæуинаг стут, уæд мæм цыма гыццыл фæхæрам сты, фæлæ мын уæддæр сæ дыууæ дæр, ныхас бакæнæгау, уыцы иу хъæлæсæй загътой: “Ды нæ, æвæццæгæн, кæимæдæртимæ хæццæ кæныс”.

“Мах абон цы скодтам, уый нæ хъуыддагыл, нæ куыстыл банымайæн дæр нæй. Бафæндыд нæ хорздзинад ракæнын æмæ йыл бацархайдтам. Бæргæ, куы уаид фадат ацы хуры тынау цæхæрдзаст сывæллæттæн фылдæр истытæ скæнынæн… Фæлæ, Хуыцау цы дæтты, уымæй бузныг. Уæвгæ та нæ цард цы у, кæрæдзийæн ныфс куы нæ уæм, уæд?!..» — загъта Елойты Азæмæт.

КАСАТЫ Аслæнбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here